Hosea 8
1Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты. 2Дзыназдзысты Мӕм: «О нӕ Хуыцау! Мах израилӕгтӕ стӕм. Мах базыдтам Дӕу». 3Израилӕн хорздзинад бӕсты нӕ цӕуы, ӕмӕ знаг зилдзӕни йӕ фӕдыл. 4Ме’вастӕй сӕхицӕн паддзӕхтӕ сӕвӕрдтой, ӕнӕ Мӕн бафӕрсгӕйӕ равзӕрстой фӕтӕгтӕ. Се’взист ӕмӕ сӕ сыгъзӕринӕй сарӕзтой гуымирытӕ — се сӕфт уырдыгӕй рацыди. 5Самари, Ӕз дын дӕ гуымирыйы нӕ айстон! Мӕ маст уӕм судзы: кӕд ссыгъдӕг уыдзыстут? 6Уый дӕр та Израилы хъуыддаг у: хуыцау нӕу — ӕрмдӕсныйы конд; базгъӕлӕн уыдзӕн Самарийы гуымиры. 7Дымгӕ кӕм байтыдтой, уым уад ӕркӕрддзысты. Сӕ хуымы ӕфсиртыл иу нӕмыг дӕр куынӕ уа, уӕд ӕнӕ хорӕй баззайдзысты. Куы уа, уӕд та — ӕцӕгӕлӕттӕн хӕринаг. 8Аныхъуырдтой Израилы, ӕмӕ ныр ӕндӕр адӕмты’хсӕн израилӕгтӕ ӕнӕпайда мигӕнӕнау суыдзысты. 9Иунӕгӕй чи хъеллау кӕны, уыцы хъӕддаг хӕрӕгау ацыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ Ефрем зӕрдӕлхӕнӕн лӕвӕрттӕ кодта. 10Фӕлӕ адӕмтӕн цыфӕнды лӕвӕрттӕ куы уарой, уӕддӕр сӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн тӕрхонмӕ, ӕмӕ хъомысджын паддзахы ӕфсондзы бын хъизӕмарӕй мӕлдзысты. 11Уымӕн ӕмӕ бирӕ нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта Ефрем, фӕлӕ йын уыдон фӕахъаз сты ӕрмӕст тӕригъӕды бацӕуынӕн. 12Ӕз ын ныффыстон Мӕ ахсджиаг ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ сӕ уый ӕнӕхъӕугӕйыл банымадта. 13Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты. 14Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.
Copyright information for
OssIBT2022