Hosea 9
1Израил, иннӕ адӕмтау цин ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ды ферох кодтай дӕ Хуыцауы, хъахбай митыл бафтыдтӕ ӕмӕ хӕтаг сылау алы мусы хъахбайты мызд ӕмбырд кӕныс. 2Фӕлӕ мус ӕмӕ сӕндуцӕн фыдӕнхъӕл фӕкӕндзысты адӕмы, ног сӕн сӕ фӕсайдзӕни. 3Уыдон Дунедарӕджы зӕххыл нал цӕрдзысты. Ефрем раздӕхдзӕни Мысырмӕ, ӕмӕ Ассирийы чъизи хойраг хӕрдзысты. 4Дунедарӕджы номыл нал ӕркалдзысты сӕн, сӕ нывӕндтӕ Йын нал уыдзысты ӕхцон, хӕрнӕджы хойрагау суыдзысты — чи дзы фӕхъӕстӕ уа, уый фӕчъизи уыдзӕн. Сӕ хойраг ӕрмӕст — сӕхи бафсадынӕн, Дунедарӕджы размӕ йын хӕссӕн нӕй. 5Цы ми кӕндзыстут уӕ бӕрӕгбӕтты, Дунедарӕджы бӕрӕгбон куы’рхӕццӕ уа, уӕд? 6Фыдбылызӕй куы аирвӕзат, уӕд уӕ Мысыр суазӕг кӕндзӕн, Мемфис та уӕ ингӕны хай бакӕндзӕн. Уе’взист дзауматӕ пысырайы бын фӕуыдзысты, уӕ цӕрӕнтӕ какон сындзӕй нал зындзысты. 7Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй. 8Мӕ Хуыцауы пехуымпар Ефремӕн у йӕ хъахъхъӕнӕг, фӕлӕ йӕ алы фӕндагыл дӕр — ахсӕн хызтӕ, йӕ Хуыцауы хӕдзары — ӕнӕуынондзинад. 9Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн. 10«Ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсирау Ӕз ссардтон Израилы, сӕ фыдӕлтӕ Мын уыдысты легъуи бӕласы фыццаг дыргъау. Фӕлӕ Баал-Пеормӕ куы ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы ӕлгъаг гуымирыйӕн куы снывонд кодтой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сӕлгъаг сты уыйау. 11Ефремӕн йӕ цотамонд атӕхдзӕни маргъау: сылгоймаг нал аргӕ ныккӕндзӕн, нал сывӕрджын бауыдзӕн ӕмӕ йӕм нал гуырдз фӕзындзӕн. 12Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд! 13Фыццаг ӕй куы федтон, уӕд Ефрем уыди тыгъд быдыры сагъд бӕласау, фӕлӕ ныр йӕ зӕнӕджы марынмӕ ратдзӕни». 14О, ратт сын, Дунедарӕг, — цы Дӕ ракурон ӕз уыдонӕн? — ӕнӕзӕнӕг сӕ скӕн, мады ӕхсыр ма фенӕд сӕ хъӕстӕ! 15«Гилгалы райдыдтой сӕ фыдмитӕ. Уым Мын фенӕуынон сты. Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ Ӕз Мӕ Хӕдзарӕй фӕсурдзынӕн, нал сӕ уарздзынӕн — сӕ фӕтӕгтӕ мыл атигъ кодтой сӕхи. 16Афӕлдӕхтой Ефремы! Йӕ уидаг бахус, ӕмӕ дыргъ нал ратдзӕн. Цот ма куы рауадзой, уӕд дӕр сын Ӕз сӕ уарзон хъӕбулты мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн». 17Мӕ Хуыцау Йе’ргом аздахдзӕни уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ Йӕм нӕ хъуыстой. Адӕмты’хсӕн ныххӕлиу уыдзысты.
Copyright information for
OssIBT2022