‏ Isaiah 1

1Дунедарӕг Хуыцау иудейаг паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты Иудей ӕмӕ Йерусалимы сомбоны фӕдыл Амоцы фырт Исайайӕн рагагъоммӕ кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕнтӕ.

Адӕмы тӕригъӕд

2Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх!
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг:
«Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ,
уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!
3Гал зоны йӕ хицауы,
хӕрӕг — йӕ кӕвдӕс,
израилӕгтӕ та нӕ зонынц,
Мӕ адӕм та не’мбарынц».

4Додойаг фестут, тӕригъӕдджын адӕм,
ӕгӕр стыр у уӕ азым!
Фыдгӕнджыты мыггаг,
фыдбоны гуырдтӕ!
Ныууагътат Дунедарӕджы,
Израилы Стыр Хуыцауы нал хъуыды кӕнут,
уӕ чъылдым Ӕм раздӕхтат.

5Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ?
Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны,
зӕрдӕ куы баруади.
6Къахы дӕлфадӕй сӕры тенкамӕ
иу ӕнӕниз бынат нал ис:
цӕфтӕ, хъӕдгӕмттӕ ӕмӕ хӕфдзӕстытӕ —
не сты сыгъдӕггонд, сойӕ сӕрст, баст.

7Уӕ зӕхх ныггӕныстон,
уӕ сахартӕ арты хай баисты,
уӕ хуымты бӕркад уын уӕ цӕстыты раз
ӕцӕгӕлӕттӕ ссивынц.
Зӕрӕстон фӕци уӕ бӕстӕ,
цыма йӕ ӕцӕгӕлӕттӕ
дымгӕмӕ ныддардтой, уыйау.
8Сионы чызг аззад сӕндоны халагъудау,
цӕхӕрадоны мусонгау,
знӕгтӕ кӕуыл ӕртыхстысты, уыцы сахарау.
9Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ цалдӕры
удӕгасӕй куы нӕ ныууагътаид,
уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид,
Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид!

Тӕригъӕдджынтӕн дзӕгъӕлы сты сӕ нывӕндтӕ, хуынтӕ ӕмӕ лӕгъстӕтӕ

10Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ,
Содомы ӕлдӕрттӕ!
Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ,
Гоморрӕйы адӕм!
11Дунедарӕг уӕ фӕрсы:
«Уӕ бирӕ кусӕрттӕй Ӕз цы кӕнын?
Фелгъӕд дӕн уӕ иууылсудзинаг фырытӕй
ӕмӕ уӕ нард фосы фиуӕй.
Нӕ Мӕ хъӕуы уӕ уӕнгуытӕ, уӕ уӕрыччытӕ
ӕмӕ уӕ цӕуты туг.
12Чи уӕ домы Мӕ Кувӕндонмӕ цӕуын?
Мӕ кӕртытӕ Мын уӕ къӕхтӕй цы ссӕндут?
13Дзӕгъӕлы Мын хӕссут хуынтӕ,
Мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис уӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй.
Уӕ мӕйног ӕмӕ уӕ сабат —
уӕнгӕл сты фыдгӕнджыты бӕрӕгбӕттӕ.
14Мӕ зӕрдӕ уын нал исы уӕ мӕйногтӕ
ӕмӕ уӕ иннӕ бӕрӕгбӕттӕ:
уӕз Мыл кӕнынц,
бафӕлладтӕн уыдӕттӕн быхсын.
15Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут —
Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын,
уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут —
Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын,
уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.
16Уӕхи ӕрӕхсут, ссыгъдӕг кӕнут уӕхи!
Уӕ фыдракӕндтӕ Мын мауал уынын кӕнут,
уе’взӕр митӕ ныууадзут!
17Сахуыр ут хорз хъуыддӕгтӕ кӕныныл,
раст тӕрхон хӕссут,
ӕфхӕрд адӕймагӕн ӕххуыс кӕнут,
сидзӕры сӕрыл хӕцут,
ма ӕфхӕрут идӕдзы.

18Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, —
зӕгъы Дунедарӕг, —
ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм.
Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой —
митау уын сурс уыдзысты,
сӕнт сырх куы уой —
сурс уыдзысты урс къуымбилау.
19Тӕхуды ӕмӕ мӕм куы байхъусиккат!
Уӕд зӕххы фарнӕй бафсӕдиккат.
20Мӕ коммӕ куы нӕ бакӕсат
ӕмӕ хивӕнд митыл куы схӕцат —
карды амӕттаг бауыдзыстут.
Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг».

Йерусалимы фидӕны тыххӕй

21Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад
Мӕ иузӕрдион сахар,
ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый.
Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад,
ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.
22Де’взист згъӕры сыгъдонау сси,
дӕ сӕн дын схӕццӕ кодтой донимӕ.
23Де’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ,
къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон.
Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ,
сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц,
идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.

24Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хъомысджын Хуыцау: «Ныр Мӕ маст ныккалдзынӕн Мӕ фыдгултыл,
Мӕ маст райсдзынӕн Ме знӕгтӕй.
25Ӕз дӕм Ме’ргом раздахдзынӕн
ӕмӕ дӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн
дӕ сыгъдоны чъизийӕ,
дӕ къала дын иууылдӕр стайын кӕндзынӕн.
26Раздӕрау та дын дӕ сӕргъы
ӕвӕрдзынӕн тӕрхонгӕнджыты
ӕмӕ уынаффӕйы лӕгты.
Схондзысты дӕ „рӕстгӕнджыты сахар“
ӕмӕ „иузӕрдион сахар“».
27Сионы сахар раст тӕрхоны руаджы фервӕздзӕн,
йӕ цӕрджытӕй йӕ цӕрджытӕй фӕсмонмӕ чи ӕрцыд, уыдон та — сӕ рӕстады фӕрцы.
28Фыдгӕнджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ
саст ӕрцӕудзысты,
Дунедарӕджы чи ныууагъта,
уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты.

29Уӕ цӕсгом ссудздзӕн,
уӕ зӕрдӕ кӕмӕн радтат,
уыцы тулдзты тыххӕй,
фегад уыдзыстут
уӕ равзӕрст къохты аххосӕй.
30Сымах уыдзыстут, йӕ сыфтӕр кӕмӕн азгъӕлы, уыцы тулдзау,
донӕфсӕст чи нӕу, уыцы къохау.

31Йӕхи хъомысджын чи хоны,
уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн,
йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау.
Ссудздзысты иумӕ,
ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.
Copyright information for OssIBT2022