‏ Isaiah 10

1Додой сӕ къона, галиу ӕгъдӕуттӕ чи сфидар кӕны,
фыдбылызы уынаффӕтӕ чи хӕссы,
2цӕмӕй Мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнӕбонтӕн
раст тӕрхон ма кӕной,
сӕ бартӕ сын ссӕндой,
идӕдз устыты, сидзӕр сабиты стигъой.
3Тӕрхоны бон куы ралӕууа,
дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына,
уӕд чердӕм цы кӕндзыстут,
ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут?
Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?
4Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут,
йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут.

Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн,
Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.

Дунедарӕджы азар баййӕфта Ассирийы

5Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн —
Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!
6Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы,
Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ —
уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной,
уынгты рыгау сӕ бассӕндой.
7Фӕлӕ Ассирийы паддзахӕн
ууыл нӕу йӕ мӕт, йӕ сагъӕс.
Йӕ зӕрды ис бирӕ адӕмты бабын кӕнын.
8Уый зӕгъы: «Паддзӕхтӕ иууылдӕр
мӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты, мыййаг?
9Кално дӕр ӕмӕ Каркемиш дӕр,
Хамат дӕр ӕмӕ Арпад дӕр,
Самари дӕр ӕмӕ Дамаск дӕр.
10Мӕ бархъомыс ӕрӕвӕрдтон
мӕнгхуыцӕуттӕм кувӕг паддзахӕдтыл.
Уыдонмӕ цас гуымирытӕ уыд,
уый бӕрц Йерусалим ӕмӕ Самарийы дӕр нӕ уыди.
11Самари ӕмӕ йӕ гуымирыты
куыд ныппырх кодтон,
афтӕ бакӕндзынӕн Йерусалим
ӕмӕ йӕ мӕнгхуыцӕуттӕн дӕр».

12Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ цы сфӕнд кодта, уый куы сӕххӕст кӕна, уӕд Ассирийы паддзахы бафхӕрдзӕн, сӕрбӕрзонд кӕй сси ӕмӕ иннӕтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй. 13Уымӕн ӕмӕ уый зӕгъы:
«Мӕ хъомыс ӕмӕ мӕ зонды фӕрцы
ӕз сарӕзтон ацы хъуыддӕгтӕ —
ахӕм куырыхон дӕн, гъе!
Бӕстӕтӕн фехалын сӕ арӕнтӕ,
сӕ хӕзнадӕттӕ сын ныггаффутт кӕнын,
сӕ паддзӕхты сын галау ныццӕвын
ӕмӕ сӕ паддзахы бадӕнтӕй расхойын.
14Адӕмтӕн ратӕлӕт кодтон сӕ исбон,
мӕргъты ахстӕттӕ сафтидгӕнӕгау;
уагъд ӕйчытау ӕз ӕппӕт зӕххытӕ байстон,
ӕмӕ мыл ничи йӕ базыр сцагъта,
ничи йӕ дзых фӕхӕлиу кодта,
ничи мыл цъиу-цъиу скодта».

15Фӕрӕт куыд хъуамӕ раппӕла йӕхицӕй,
архайгӕ дзы чи кӕны, уый раз?
Науӕд хырх сӕрбӕрзондӕй куыд хъуамӕ кӕса,
хырхгӕ дзы чи кӕны, уымӕ?
Лӕдзӕг, йӕ къухмӕ йӕ чи райсы,
уыцы адӕймаджы ныттилдзӕни, мыййаг?
Къобола лӕдзӕг, хъӕдӕй конд чи нӕу,
уыцы цардуды хӕрдмӕ сисдзӕн?

Дунедарӕджы азар

16Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
Ассирийы гуыппырсартӕн
фесафдзӕни сӕ хъару,
йӕ кад ын басудздзӕни артау.
17Стыр Хуыцау — Израилы Рухс —
арт фестдзӕн ӕмӕ йын ӕмбойны
бавзалы кӕндзӕн йӕ каконтӕ ӕмӕ йӕ сындзытӕ.
18Ныффӕйлаудзӕн ын йӕ диссаджы хъӕдтӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ
бӕласӕй, къутӕрӕй.
Афтӕмӕй Ассирийы бӕстӕ
мӕлӕтдзаг рынчыны хал ахӕрдзӕн.
19Йӕ хъӕдты ма бӕлӕстӕ
афтӕ чысыл баззайдзӕн,
ӕмӕ сӕ суанг саби дӕр анымайдзӕн.

20Ӕрцӕудзӕн ахӕм заман,
ӕмӕ ма Йаковы хӕдзарвӕндагӕй,
Израилы байзӕддӕгтӕй чи фервӕза,
уыдон сӕ зӕрдӕ нал дардзысты,
чи сӕ цагъта, уыцы ассириӕгтыл,
фӕлӕ сӕ каст уыдзӕни Дунедарӕгмӕ,
Израилы Уаз Хуыцаумӕ,
иузӕрдион Ыл уыдзысты.
21Чи ма дзы фервӕза, уыдон раздӕхдзысты,
Йаковы байзӕддӕгтӕ раздӕхдзысты
хъомысджын Хуыцаумӕ.

22Кӕд дӕ адӕм денджызы змисау
ӕнӕнымӕц уыдысты, Израил,
уӕддӕр сӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн
ӕрмӕст чысыл къорд;
се сӕфт рагацау нысангонд у,
раст тӕрхон сӕ баййафдзӕн.
23Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
куыд снысан кодта, афтӕ
ӕгас зӕххы дӕр баййафдзӕни Йӕ азар.

Хуыцауы адӕм, ма фӕтӕрсут Ассирийӕ!

24Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы:
«Мӕ адӕм, Сионы хохыл цӕрджытӕ!
Ма тӕрсут ассириӕгтӕй,
суанг уӕм лӕдзӕгӕй куы февзидой
ӕмӕ уын кӕддӕр мысырӕгтӕ куыд бакодтой,
афтӕ уӕм къобола лӕдзӕг куы сисой, уӕд дӕр.
25Чысыл ма, хӕрз чысыл ма,
ӕмӕ уӕм Мӕ маст ссӕудзӕн,
ӕмӕ уӕд ассириӕгты
Мӕ азары амӕттаг бакӕндзынӕн».
26Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм
галтӕрӕн ехсӕй февзиддзӕн
ӕмӕ, кӕддӕр Сынты Къӕдзӕхы цур
мидианӕгты куыд ныддӕрӕн кодта,
афтӕ адоныл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн.
Денджызмӕ февзиддзӕни Йӕ лӕдзӕгӕй,
кӕддӕр Мысырмӕ куыд февзыста, афтӕ.
27Уӕд фыдгулы ӕфсондз де уӕхсчытӕй,
дӕ бӕрзӕйӕ ист ӕрцӕудзӕни,
ныппырх уыдзӕни де’фсондз.

Ассириаг ӕфсады фӕндаг

28Ассириӕгтӕ бабырстой Гаййатмӕ,
Мигроны уылты ацыдысты,
Михмасы ныууагътой сӕ чырӕ,
29афсӕрстой комы нарӕджы ӕмӕ зӕгъынц,
Гевӕйы бахсӕвиуат кӕнӕм, зӕгъгӕ.
Рамайы сахайрӕгтӕ ӕмризӕджы ризынц,
Саулы сахар Гевӕйы адӕм та лидзӕг фесты.
30Хъӕрахст кӕн, Галлимы сахар!
Хъус ӕм, Лаеша!
Бафӕзм ӕй, Анатот!
31Мадменайы адӕм лидзӕг фесты,
Гевимы цӕрджытӕ дӕр сӕ сӕртӕ ӕфснайынц.
32Фыдгул ма Новы сахары
фӕуыдзӕнис иу бон.
Уырдыгӕй ӕртхъирӕн кӕндзӕни
Сионы хохмӕ, Йерусалимы бӕрзӕндмӕ.

33Мӕнӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
Йӕ тасӕфтауӕг хъомысӕй
бӕлӕсты къалиутӕ ныссӕтдзӕн!
Бӕрзонд бӕлӕстӕ акӕлдзысты,
бӕрзӕндтӕ ӕрфӕлдӕхдзысты.
34Тархъӕды бӕлӕстӕ
Уый цӕгъддзӕни ӕфсӕн фӕрӕтӕй,
Ливаны ӕгӕндӕг хъӕд
зӕххы ӕмвӕз суыдзӕни
Хъомысджыны къухӕй.
Copyright information for OssIBT2022