Isaiah 11
Йессейы уидаджы тау
1Йессейы калд бӕласы бындзӕфхадсуадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.
2Ууыл ӕртыхсдзӕни Дунедарӕджы Уд —
уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарынады Уд,
уынаффӕ ӕмӕ хъомысы Уд,
зонынады ӕмӕ Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕныны Уд.
3Уый йе’ппӕт хъарутӕй тырндзӕн
Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнынмӕ!
Ӕдде бакӕсгӕйӕ цы зыны,
уымӕ гӕсгӕ нӕ тӕрхон кӕндзӕни;
дам-думтӕм хъусгӕйӕ,
уынаффӕ нӕ рахӕсдзӕни.
4Мӕгуыр адӕмӕн раст тӕрхон кӕндзӕн,
зӕххыл цӕрӕг ӕфхӕрд адӕмӕн
сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕни рӕстӕй.
Йӕ дзырды цӕфӕй стӕрхон кӕндзӕн зӕххӕн,
фыдгӕнӕджы Йӕ раулӕфтӕй фесафдзӕн!
5Рӕстдзинад суыдзӕни Йӕ рон,
иузӕрдиондзинад ӕрбабӕтдзӕни Йӕ синтыл.
6Уӕд бирӕгъ хӕларӕй цӕрдзӕн уӕрыккимӕ,
фыранк хуысдзӕни сӕныччы фарсмӕ,
род ӕмӕ лӕппын домбай уыдзысты иумӕ,
ӕнахъом саби сӕ хиздзӕни.
7Стур хиздзӕн арсимӕ,
сӕ цот та хуысдзысты фӕрсӕй-фӕрстӕм,
домбай стурау ӕууилдзӕни зыгуым.
8Дзидзидай саби хъаздзӕни
маргджын калмы хуынчъы раз,
йӕ къух-иу дзы атъысдзӕни.
9Мӕ уаз хохыл сӕ кой дӕр нал уыдзӕн
фыдми ӕмӕ знаггадӕн,
уымӕн ӕмӕ, денджыз донӕй йемыдзаг куыд вӕййы,
афтӕ ӕгас зӕххыл сбирӕ уыдзысты
Дунедарӕджы тыххӕй зонындзинӕдтӕ.
Хаст адӕм ӕрбаздӕхдзысты фӕстӕмӕ
10Уыцы заман куы ралӕууа,уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза,
уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан,
адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты.
Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой
айхъуысдзӕни дӕрдтыл.
11Уыцы заман куы ралӕууа,
уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн
ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн,
Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны.
Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн,
Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос,
Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты,
стӕй денджызгӕрон сахарты
удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.
12Йӕ тырыса сисдзӕни адӕмты раз
ӕмӕ тард израилӕгты,
стӕй, чи ныххӕлиу ис, уыцы иудейӕгты —
нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй —
ӕрбаздахдзӕни зӕххы цыппар кӕронӕй.
13Уӕд ефремонты фыдӕхӕн
кӕрон ӕрцӕудзӕни,
уӕд иудейӕгты фыдӕхӕн
йӕ кой дӕр нал уыдзӕн.
Ефремонтӕ иудейӕгтӕм
нал хӕлӕг кӕндзысты,
иудейӕгтӕ знаджы цӕстӕй
нал кӕсдзысты ефремонтӕм.
14Иумӕ абырсдзысты ныгуылӕнӕрдӕм,
филистимӕгты бӕстӕм,
бастигъдзысты скӕсӕны адӕмты.
Едом ӕмӕ Моавы бӕстӕтыл
ӕрӕвӕрдзысты сӕ бархъомыс.
Аммонӕгтӕ сын дӕлбариуӕг кӕндзысты.
15Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕни
Мысыры скӕнсӕнварс денджызы донбакӕлӕн,
Йӕ къух сисдзӕн Евфраты донмӕ дӕр,
ахӕм тыхджын дымгӕ йыл рауадздзӕн,
ӕмӕ йӕ авд суадоны фестын кӕндзӕн,
цӕхгӕрмӕ сыл тӕнӕг дзабырты хиздзысты.
16Уӕд, Дунедарӕгӕн Ассирийы цы адӕм баззайа,
уыдон уырдыгӕй здӕхдзысты уӕрӕх фӕндагыл,
кӕддӕр Израилы адӕм
Мысыры зӕххӕй куыд здӕхтысты, афтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022