Isaiah 12
Арфӕйы зарӕг
1Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ:«Стауын дӕ, Дунедарӕг!
Мӕсты мӕм уыдтӕ,
фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст,
басабыр мӕ кодтай.
2Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг,
мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас.
Мӕ хъомыс — Уый,
мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг!
Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»
3Ирвӕзындзинады суадӕттӕй
цингӕнгӕ исдзыстут дон.
4Уыцы бон зӕгъдзыстут сымах:
«Кад кӕнут Дунедарӕгӕн,
арут Ын Йӕ ном!
Йӕ хъуыддӕгтӕ Йын хъусын кӕнут адӕмтӕн,
Йе стыр ном Ын стаут.
5Хуыцауы кадӕн зарут —
Уый стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта,
уадз айхъуса ӕгас зӕххыл сӕ кой.
6Сионы цӕрджытӕ,
цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут,
уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе’хсӕн
Израилы Уаз Хуыцау!»
Copyright information for
OssIBT2022