Isaiah 13
Рагуац Вавилоны тыххӕй
1Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый. 2«Уӕ тырыса сисут гӕмӕх хохы сӕрмӕ,хъӕр сӕм кӕнут,
уӕ къухӕй сын ацамонут,
уадз ӕмӕ паддзӕхты кулдуарыл бахизой.
3Ӕз бардзырд радтон Ме’взӕрстытӕн,
фӕсидтӕн Ме’хсарджынтӕм,
Мӕ кад стыр цины хос кӕмӕн у, уыдонмӕ,
цӕмӕй Мын сӕххӕст кӕной Мӕ тӕрхон».
4Хӕхты тыхджын уынӕр хъуысы,
цыма ӕнӕнымӕц дзыллӕйы
хъӕлӕба у, уыйау.
Абухынц паддзахӕдтӕ,
ӕмбырдтӕ кӕнынц адӕмтӕ.
Уый Уӕларвӕфсады Бардарӕг фӕсидти
хӕстифтонг ӕфсадмӕ.
5Дард бӕстӕй, арвы кӕронӕй,
ӕрбацӕуынц Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ азар,
цӕмӕй ӕгас зӕхх бабын кӕной.
6Ӕрдиаг кӕнут —
Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс,
Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн.
7Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн
ӕрлӕмӕгъ уыдзысты сӕ цӕнгтӕ,
алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс.
8Стыр тас сыл бахӕцдзӕн,
се уӕнгтӕ срисдзысты,
сӕ буар ӕлхынцъытӕ кӕндзӕни,
сау тухӕн ӕвзардзысты
ӕвгъӕддон сылгоймагау.
Стыр дисы бафтгӕйӕ, кӕрӕдзимӕ кӕсдзысты,
арт уадздзысты сӕ цӕсгӕмттӕ.
9Дунедарӕджы азары бон ӕрӕввахс —
судзгӕ мастӕй йедзаг!
Уыцы бон бабын уыдзӕни зӕхх,
тӕригъӕдджынтӕ фесӕфдзысты зӕххы цъарӕй.
10Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ
нал ратдзысты сӕ рухс.
Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара,
афтӕ ахуысдзӕн,
мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн.
11«Ӕз бафхӕрдзынӕн дуне
йӕ тӕригъӕдты аххосӕй,
ӕнаккӕгты — сӕ фыдракӕндты тыххӕй.
Кӕрон скӕндзынӕн хъалты сӕрхызтӕн,
ӕрныллӕг кӕндзынӕн
сӕрбӕрзонд ӕфхӕрджыты.
12Адӕмы нымӕц
афтӕ фӕкъаддӕр кӕндзынӕн,
ӕмӕ ма дзы чи баззайа,
уыдон уыдзысты сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр,
уыимӕ — офираг сыгъзӕринӕй».
13Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон,
ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
Йӕ маст ӕххуырсгӕйӕ,
пиллӕттӕ калгӕйӕ,
ныууигъдзӕни арв,
зӕхх фенкъуысын кӕндзӕн йӕ бынатӕй.
14Уӕд ӕцӕгӕлӕттӕй алчидӕр
тарст сычъийау, дзӕгъӕл фысау
лидзӕг фӕуыдзӕни йӕхи адӕм, йӕхи бӕстӕм.
15Фӕлӕ уыдонӕй кӕй ӕрцахсой,
уый ныррӕхойдзысты,
кӕуылдӕриддӕр фӕхӕст уой —
кардӕй йӕ амардзысты.
16Сӕ сабиты сын сӕ цӕсты раз амардзысты,
сӕ хӕдзӕрттӕ хӕлӕттаг фӕуыдзысты,
сӕ устытӕй сын фӕхынджылӕг кӕндзысты.
17Дунедарӕг зӕгъы:
«Ӕз сын сӕ ныхмӕ сардаудзынӕн,
ӕвзистӕн аргъ чи нӕ кӕны
ӕмӕ сыгъзӕринмӕ уазал ӕнгас чи дары,
уыцы мидиӕгты.
18Сӕ лӕппуты сын фатӕй ныццӕгъддзысты,
сабитӕн нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзысты».
19Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйау
ныппырх кӕндзӕни Вавилон —
паддзахӕдты фидыц,
халдейӕгтӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уый.
20Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн,
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзы нал уыдзӕн цӕрӕг.
Араббаг дзы нӕ айтындздзӕни йӕ цатыр,
фыййӕуттӕ дзы сӕ фосимӕ
асадӕн не скӕндзысты ривӕдафон.
21Уырдӕм ӕрцӕудзысты хъӕддаг сырдтӕ,
йӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг уыдзысты уыгтӕй;
ӕрцӕрдзысты дзы страустӕ,
чъыллиппӕй дзы кафдзысты
цӕуӕнгӕс дӕлимонтӕ.
22Сӕ галуанты рӕйдзысты гиенӕтӕ,
сӕ хиирхӕфсӕн бынӕтты
ниудзысты хъӕддаг куыйтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022