Isaiah 14
Израил ӕрбаздӕхдзӕн йӕ бӕстӕм
1Йӕ кӕрон ӕрӕввахс,бирӕ рӕстӕг ын нал ис.
Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн
Йаковы байзӕддагӕн,
ногӕй та равзардзӕн Израилы адӕмы,
сӕ зӕхмӕ сӕ ӕрбаздахдзӕн.
Ӕндӕрбӕстӕгтӕ сӕм ӕнгом балӕудзысты
ӕмӕ баиу уыдзысты семӕ.
2Адӕмтӕ сӕ ӕркӕндзысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ
ӕмӕ сын уым, Дунедарӕджы зӕххыл,
нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, цагъартӕ суыдзысты.
Израилӕгтӕ уацары райсдзысты,
кӕддӕр сын сӕхи уацары чи акодта, уыцы адӕмты
ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзысты
сӕ кӕддӕры ӕфхӕрджытӕн.
Вавилоны паддзахы мӕлӕт
3Дунедарӕг кӕрон куы скӕна уӕ цагъардзинадӕн, куы уӕ фервӕзын кӕна уӕ тас ӕмӕ уӕ хъыгӕй, уе’фхӕрджытӕн цы уӕззау куыстытӕ кодтат, уыдонӕй, 4уӕд сымах уӕлахизы зарӕг ныззардзыстут, Вавилоны паддзахӕн фидис кӕнгӕйӕ:Не’фхӕрӕг нал ис,не стигъӕг бабын ис!
5Дунедарӕг басаста ӕнӕхуыцӕутты хъомыс,
барджын хицӕутты паддзахлӕдзӕг ныссаста;
6уый хъӕхъхъагӕй алы адӕмты цавта,
иу цӕф сын иннӕйы фӕдыл кодта,
ӕлдариуӕг сын кодта карзӕй,
ӕфхӕрдта сӕ ӕгъатырӕй.
7Ныр зӕхх сулӕфыди иууылдӕр,
цинӕй райы, йӕ цины хъӕр хъуысы!
8Кипаристӕ ӕмӕ ливайнаг кедртӕ
цин кӕнынц ӕмӕ дзурынц дӕу тыххӕй:
«Ды мӕрдвынӕй куы бадӕ,
уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕм
ничиуал цӕуы цӕгъдынмӕ».
9Мӕрдтыбӕстӕ базмӕлыд,
ӕнхъӕлмӕ кӕсы де’рбацыдмӕ —
уый райхъал кодта мӕрдты,
зӕххон фӕтӕгты се’ппӕты дӕр.
Муртаттаг паддзӕхты растын кодта
сӕ паддзахы бадӕнтӕй.
10Иууылдӕр дын дзурдзысты ныр,
ды дӕр махау сӕнӕбон дӕ,
мах хал ахордтай, зӕгъгӕ.
11Мӕрдтыбӕстӕм ӕппӕрст ӕрцыди
де схъӕлдзинад дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ.
Уаллӕттӕй дын — гобан,
уаллӕттӕ — дӕ хъӕццул дӕр.
12Уӕ сӕууон стъалы,
мӕнӕ куыд расхъиудтай арвӕй!
Дӕ къӕхты бын адӕмы ссӕстай,
ныр дӕхӕдӕг ныцъцъӕл ӕмӕ ныммур дӕ зӕххыл!
13Кӕддӕр дӕхимидӕг афтӕ куы дзырдтай:
«Уӕларвмӕ ссӕудзынӕн,
Хуыцауы рафӕлдыст стъалытӕй
бӕрзонддӕр сисдзынӕн мӕ паддзахы бадӕн
ӕмӕ уым, цӕгаты тигъыл,
хуыцӕутты’хсӕн ӕрбаддзынӕн хохыл;
14ӕврӕгъты онг ссӕудзынӕн
ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцауы ӕмсӕр суыдзынӕн».
15Фӕлӕ ды ӕппӕрст ӕрцыдтӕ мӕрдтыбӕстӕм,
зындоны арфмӕ.
16Чи дӕ уыны, уыдон дӕм ӕдзынӕг кӕсынц
ӕмӕ дыл дисӕй мӕлынц:
«Ай, зӕхх кӕй азарӕй рызти, уый у,
паддзахӕдтӕ-иу чи ныууыгъта,
17дуне-иу ӕдзӕрӕг быдыр
чи фестын кодта,
сахартӕ та — хӕлддзӕгтӕ,
йӕ уацайрӕгтӕн сӕрибар
чи нӕ лӕвӕрдта?»
18Алы адӕмты паддзӕхтӕ
кад ӕмӕ цытимӕ хуыссынц,
алчи — йӕхи зӕппадзы.
19Дӕу та ингӕны нӕ бавӕрдтой,
аппӕрстой дӕ хус къалиуау.
Мӕрдты’хсӕн, карды амӕттаг чи баци,
уыдоны астӕу хуыссыс;
дурастӕрд ингӕны дӕ ныппӕрстой,
сӕ къӕхтӕй дын дӕ мард ссӕндынц адӕм.
20Тохы чи фӕмард, уыдонӕй хъауджыдӕр
дӕу ингӕны нӕ бавӕрдзысты,
уымӕн ӕмӕ бабын кодтай дӕ бӕстӕ
ӕмӕ фӕцагътай дӕ адӕмы.
Фыдгӕнӕджы байзӕддӕгтӕ
макуы скӕнӕнт ном,
рохуаты баззайӕнт мыггагмӕ.
21Ацы паддзахӕн хъуамӕ
йӕ фырттӕ дӕр амӕлой
сӕ фыды азымы тыххӕй,
науӕд та уын иуахӕмы
бацахсдзысты уӕ зӕхх
сӕ сахартӕй байдзаг кӕндзысты ӕгас дуне.
Вавилон бацарӕфтыд
22Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: «Ӕз сӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн ӕмӕ Вавилоны адӕмы бындзагъд ныккӕндзынӕн — цъиуызмӕлӕг дӕр сӕ нал баззайдзӕн, фырт-бындар ӕмӕ сӕм хӕрӕфырт-бындарӕй чи ис, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты. 23Вавилон фестын кӕндзынӕн уызынты бӕстӕ ӕмӕ цъымара, рамӕрздзынӕн ӕй куынӕггӕнӕг уисойӕ», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.Ассирийы басаст
24Уӕларвӕфсады Бардарӕг басомы кодта:«Ӕз сараздзынӕн, цы сфӕнд кодтон, уый.
Цы тӕрхон рахастон, уымӕн ӕнӕ’рцӕугӕ нӕй.
25Ассириӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕн Мӕ зӕххыл,
бассӕнддзынӕн сӕ Мӕ хӕхтыл,
ӕмӕ уӕд Мӕ адӕм сӕ бӕрзӕйӕ
раппардзысты се’фсондз,
се уӕхсчытӕ фервӕздзысты сӕ уаргъӕй».
26Хуыцау тӕрхон кӕндзӕни зӕххы цъарӕн,
ӕппӕт адӕмтӕм сисдзӕни Йӕ къух.
27Уӕларвӕфсады Бардарӕг рахаста тӕрхон —
чи йӕ аивдзӕн?
Уый систа Йӕ къух —
чи Йын ӕй бауромдзӕн?
Хуыцауы азар ӕмӕ филистимӕгтӕ
28Паддзах Ахазы амарды азуыдис ахӕм рагуац:
29«Филистимӕгтӕ, ма цин кӕнут,
цы лӕдзӕгӕй уӕ надтой,
уый кӕй ныппырх ис, ууыл,
уымӕн ӕмӕ маргджын калмы уидагӕй
райгуырдзӕнис калм,
уымӕй та — фат-калм.
30Уӕд Мӕ адӕмы мӕгуырдӕртӕ
хӕринагӕй бафсӕддзысты,
гӕвзыччытӕ ӕдас ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрдзысты.
Сымах та Хуыцау сыдӕй амардзӕн,
чи ма уӕ баззайа,
уыдоны та ныццӕгъддзӕн.
31Сахары кулдуар, дзыназ!
Нырдиаг кӕн ды дӕр, сахар!
Фыр тӕссӕй ризут, филистимӕгтӕ,
уымӕн ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй ӕрбаввахс сты
фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ —
уый ӕрбацӕуы ӕфсад,
бырсынц ӕмдых-ӕмзондӕй.
32Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы
ацы адӕмы минӕвӕрттӕн?
Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы,
Сион сфидар кодта Дунедарӕг,
ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ
сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».
Copyright information for
OssIBT2022