Isaiah 15
Моав дӕрӕнгонд ӕрцыд
1Рагуац Моавы тыххӕй.Куыд сафтид ис Ар-Моав —
дӕрӕнгонд ӕрцыди иу ӕхсӕвмӕ!
Куыд сафтид ис Кир-Моав,
бацарӕфтыд иу ӕхсӕвмӕ!
2Моавы цӕрджытӕ ссыдысты
Дивоны кувӕн къуыбыртӕм
ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц
Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл;
иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ,
адастой сӕ боцъотӕ.
3Уынгты хилынц сӕхъис пӕлӕзты,
уӕлхӕдзӕрттӕ ӕмӕ фӕзтӕй
се’рдиаг хъуысы,
цыхцырӕй кӕлы сӕ цӕссыг.
4Богъ-богъ кӕнынц
Хешбон ӕмӕ Елалейы цӕрджытӕ,
сӕ хъӕрахст суанг
Йахацы сахары онг хъуысы.
Моавы хӕстонтӕн дӕр
сӕ ныфс асаст ӕмӕ ӕрдиаг кӕнынц.
5Мӕ зӕрдӕ дзыназы Моавы хъысмӕтыл;
йӕ адӕм лидзынц Цоары сахармӕ —
Еглат-Шелишимӕ.
Кӕугӕйӕ ссӕуынц Лухиты хъӕуы хӕрдыл;
Хоронаимы сахармӕ фӕндагыл
зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ кӕнынц.
6Байсыстысты Нимримы суадӕттӕ;
хурмӕ баруади кӕрдӕг,
цъӕх зайӕгхалӕн йӕ кой дӕр нал ис.
7Моавы адӕм сӕ фӕллой
Хӕристы дӕлвӕзы фалӕмӕ фӕхӕссынц.
8Адӕмы ӕрдиаг суанг бӕстӕйы арӕнты онг айзӕлы,
Еглаим ӕмӕ Беер-Елимы сахартӕм хъуысы.
9Димоны сахар цы доны был ис,
уый туг фестади, фӕлӕ сыл Ӕз
ноджы фыддӕр фыдбылыз бафтаудзынӕн:
моавӕгтӕй ма чи аирвӕзт,
уыцы бӕстӕйы ма чидӕриддӕр баззади,
уыдоныл Ӕз се’ппӕтыл дӕр
сардаудзынӕн домбайы.
Copyright information for
OssIBT2022