‏ Isaiah 16

1Селайӕ Сионы хохмӕ
ӕдзӕрӕг быдырыл арвитут уӕрыччытӕ —
бӕстыхицауӕн лӕварӕн.
2Уымӕн ӕмӕ Арноны донуайӕнты цур
моаваг чызджытӕ рауай-бауай кӕнынц,
сӕ ахстонӕй кӕй раппӕрстой,
ахӕм удаист лӕппын цъиутау.
3Бауынаффӕ, зӕгъ, нын кӕн,
исты нын, зӕгъ, ӕрхъуыды кӕн.
Ӕмбисбоны ӕнтӕфы нӕ дӕ базыры бын бакӕн,
ӕхсӕвы тар алцы куыд бааууон кӕны, афтӕ.
4Моавы лигъдӕттӕ уал, зӕгъ,
ацӕрӕнт дӕумӕ;
сӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны къухӕй сӕ бахиз.
Ӕфхӕрӕг куынӕуал уа,
гӕныстонгӕнджытӕ куы фесӕфой,
5уӕд ӕрфидар уыдзӕн паддзахдзинад,
ӕмӕ паддзахы бадӕныл, Давиды цатыры,
ӕрбаддзӕни рӕстаг тӕрхонгӕнӕг,
рӕстдзинадыл хӕцӕг.
6Мах фехъуыстам, Моав куыд ӕнӕввӕрсон у,
йе схъӕл митӕн кӕрон куыд нӕй,
куыд къӕйных ӕмӕ куыд налат у,
куыд тутт сты йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ.
7Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъысмӕтыл дзыназы Моав,
ӕгас бӕстӕ кӕуы!
Додой кӕнут ныр,
кир-харесетаг чисмисджын гуылтӕ мысгӕйӕ!
8Бахус сты Хешбоны сӕндӕттӕ,
Сивмайы сӕнӕфсир дӕр афтӕ.
Адӕмты барджынтӕ йын
йӕ хуыздӕр талатӕ бассӕстой,
афтӕмӕй та уыдон кӕддӕр
суанг Йазеры онг аххӕссыдысты,
дарддӕр та апырх сты ӕдзӕрӕг быдырыл.
Уым фӕйнӕрдӕм райрӕзтысты
ӕмӕ суанг Мард денджызы фаллаг фарсмӕ
бахӕццӕ сты.
9Уӕдӕ ӕз дӕр Йазеры цӕрджытимӕ
Сивмайы сӕнӕфсирыл кӕудзынӕн.
Хешбон ӕмӕ Елале,
мӕ цӕссыг уыл фӕкалдзынӕн,
уымӕн ӕмӕ тыллӕгӕфснайӕнты
цины хъӕр нал хъуысы сымахӕй.
10Сойджын зӕххыл цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕн
фесӕфти сӕ кой дӕр,
сӕндӕттӕй цины зарӕг нал хъуысы.
Сӕндондартӕ сӕн нал дуцынц сӕ сӕндуцӕнты,
кӕрон ӕрцыди цины хъӕртӕн.
11Хъисфӕндырау дзыназы мӕ зӕрдӕ Моавыл,
мӕ уд кӕуы Кир-Хересы хъысмӕтыл.

12Моавӕгтӕ сӕхи цасфӕнды хъарӕнт
сӕ бӕрзӕндтыл нывӕндтӕ хӕссыныл,
сӕ кувӕндонмӕ цӕуӕнт ӕмӕ кувӕнт —
уыдӕттӕ сын ницыуал баххуыс уыдзысты.

13Моавӕн ацы тӕрхон Дунедарӕг рахаста раджы. 14Ныр та зӕгъы: «Ӕртӕ азы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — кадджын Моавыл худинаджы гакк сбаддзӕн. Йӕ бирӕ дзыллӕйӕ ма армыдзаг баззайдзӕн ӕрмӕст».
Copyright information for OssIBT2022