‏ Isaiah 17

Дамаскы сӕфт ӕмӕ Израилы худинаг

1Рагуац Дамаскы тыххӕй. Дамаскӕн йе сӕфт ӕрцӕуы —
хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн.
2Ароеры алыварс сахартӕ
федзӕрӕг уыдзысты.
Ӕрмӕст ма дзы фосы дзугтӕ
ривӕд кӕндзысты ӕмӕ сын тас никӕмӕй уыдзӕн.
3Ефремы зӕххыл фидаргонд сахар нал баззайдзӕн,
Дамаскы та — паддзӕхтӕ.
Арамы цӕрджытӕй ма чи аирвӕза,
уыдонӕн израилӕгтау фесӕфдзӕни сӕ кад, —
зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

4Уыцы бон Йаковы кад ӕрныллӕг уыдзӕн,
смӕллӕг уыдзӕн йӕ нард буар.
5Уыцы заман уыдзӕни тыллӕгӕфснайӕнтау:
хуымгӕрдӕг бафснайы йӕ хортӕ,
ӕмӕ уый фӕстӕ Рефаимы дӕлвӕзы мӕгуыртӕ ӕруидзынц,
цы иугай ӕфсиртӕ ма дзы аззайы, уыдон.
6Израилы адӕм скуынӕг уыдзысты,
оливӕ бӕлас куы’рцӕгъдынц,
уӕд ма йӕ цъуппыл дыууӕ-ӕртӕ,
йӕ бинаг къалиутыл иугай гагатӕ
куыд аззайы, уыйау, —
зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.

7Уыцы бон алы адӕймаг дӕр йе’ргом раздахдзӕни йе Скӕнӕгмӕ, бацагурдзӕн Израилы Уаз Хуыцауы. 8Нал бакӕсдзӕн, йӕхӕдӕг кӕй сарӕзта, уыцы нывондхӕссӕнтӕм, йӕхи къухӕй кӕй скодта, уыцы Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ будсудзӕнтӕм.

9Уыцы бон сӕ фидаргонд сахарты цӕрӕг уд нал баззайдзӕн, израилӕгтӕ кӕй ныппырх ӕмӕ федзӕрӕг кодтой, уыцы хиввӕгтӕ ӕмӕ аморӕгты сахартау. 10Ды ферох кодтай
дӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы,
дӕ Къӕдзӕх ӕмӕ дӕ Фидар
дӕ хъуыдыйы дӕр нал уыди.
Ды скодтай диссаджы дыргъдӕттӕ,
ныссагътай ӕцӕгӕлон сӕнӕфсиры талатӕ.
11Цы бон сӕ ныссагътай,
уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сӕм зылдтӕ,
цӕмӕй сырӕзой ӕмӕ дидинӕг ракалой.
Фӕлӕ дыл тыллӕгӕфснайӕн заман
сау низ йеддӕмӕ ницы бафтдзӕни.

12О, додой! Дзыллӕты уынӕр хъуысы!
Денджызы абухынау — сӕ хъӕр.
Ӕмбу кӕнынц знӕт фурды уылӕнтау.
13Ӕмбухынц дзыллӕтӕ,
знӕт фурды уылӕнтау.
Фӕлӕ сӕм Хуыцау бартхъирӕн кодта,
ӕмӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фесты дардмӕ,
дымгӕ зыгуымы муртӕ хӕхтыл куыд ахӕссы,
зилгӕ уад рыг куыд сыздухы, уыйау.
14Изӕрӕй сыл фыд азар бафтдзӕн,
ӕмӕ сӕ райсоммӕ иу дӕр нал баззайдзӕн.
Ахӕм хъысмӕт кӕсы не стигъджытӕм,
ахӕм амонд — царӕфтыд нӕ чи кодта, уыдонмӕ.
Copyright information for OssIBT2022