‏ Isaiah 18

Эфиопийы сӕфт Хуыцауы азарӕй

1Додой йӕ къона,
йӕ базырты дыв-дыв кӕмӕн цӕуы,
Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале
цы бӕстӕ ӕрбынат кодта, уымӕн!
2Уыцы бӕстӕй нӕм денджызы уылӕнтыл
хъӕзын бӕлӕгъты рарвыстӕуыд минӕвӕртты.

Цӕугӕут фӕстӕмӕ уӕ бӕстӕм,
рӕувад минӕвӕрттӕ!
Аздӕхут уӕ дӕргъӕлвӕс, уӕ коса адӕммӕ,
хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы,
тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у,
цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты
йӕ зӕхх кӕмӕн айгӕрстой, уыцы адӕммӕ.

3О, дунейы цӕрджытӕ, зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ!
Хохы цъуппыл тохы тырыса куы’рсагъдӕуа,
уӕд-иу ӕм скӕсут!
Сыкъауадындз куы ныууаса,
уӕд-иу ӕй фехъусут!
4Дунедарӕг мын загъта:
«Ӕз ӕнцад кӕсдзынӕн Мӕ цӕрӕнӕй
къӕвдайы фӕстӕ хъарм уӕлдӕфау,
тыллӕгӕфснайӕнты тӕвд афон
ӕртӕхӕй ӕфсӕст ӕврагъау.
5Сӕнӕфсир тонын афонӕй раздӕр,
сӕнӕфсиртӕ дидинӕг куы ракалой
ӕмӕ сӕ гагатӕ рӕгъӕд кӕнын куы байдайой,
уӕд сын ӕхсӕдӕн кардӕй
ӕркӕрддзысты сӕ къабузтӕ,
асӕтдзысты сын сӕ зӕнгтӕ
ӕмӕ сӕ аппардзысты.
6Ныууадздзысты сӕ тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн,
ӕмӕ сӕ мӕргътӕ хӕрдзысты сӕрддӕргъы,
сырдтӕ та — зымӕджы».

7Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн,
цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты кӕй айгӕрстой,
уыцы зӕххӕй схӕсдзысты хуынтӕ
дӕргъӕлвӕс ӕмӕ коса адӕм,
хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы,
тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у.
Схӕсдзысты сӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном
цы бынат хӕссы, уырдӕм, Сионы хохмӕ.
Copyright information for OssIBT2022