Isaiah 19
1Рагуац Мысыры тыххӕй.Дунедарӕг рог ӕврагъылӕртӕхдзӕни Мысырмӕ.
Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры
Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ,
ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.
2Дунедарӕг зӕгъы:
«Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн,
ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ,
сыхаг сыхагимӕ,
сахар сахаримӕ,
паддзахад паддзахадимӕ.
3Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ,
сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн.
Уынаффӕгур фӕрсдзысты
гуымирыты, мӕрдты монты,
мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.
4Ӕз мысырӕгты ратдзынӕн
ӕгъатыр хицауы къухмӕ,
тызмӕг паддзах сын ӕлдариуӕг кӕндзӕни», —
зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
5Денджызы дон стӕнӕг уыдзӕни,
цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, бахуыскъ уыдзысты.
6Дӕтты дон смаг кӕндзӕн,
Мысыры цӕугӕдӕттӕ стӕнӕг уыдзысты, байсысдзысты;
цъӕнут ӕмӕ хъӕз сау адардзысты.
7Пыхсбынтӕ ӕмӕ ӕфсиры хуымтӕ бахус уыдзысты
Нилы былгӕрӕтты,
дымгӕ сӕ ныххӕлиу кӕндзӕни,
фӕхӕсдзӕни сӕ дард.
8Ныхъхъынцъым кӕндзысты кӕфахсджытӕ,
сдзыназдзысты, йе’нгуыр-иу
Нилы чи баппӕрста, уыдон,
нырхӕндӕг уыдзысты,
йӕ кӕфахсӕн хыз-иу доны чи ауагъта, уыдон.
9Гӕнкуыстгӕнджытӕ ницыуал зондзысты сӕ сӕрӕн,
хъуымацуафджытӕн асӕтдзӕни сӕ ныфс.
10Ӕлвисджытӕ нырхӕндӕг уыдзысты,
сӕ ныфс асӕтдзӕн кусӕг адӕмӕн.
11Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн!
Фараоны куырыхонтӕ,
йӕ уынаффӕйы лӕгтӕ,
ӕдылы уынаффӕтӕ кӕнынц.
Чи ма уӕ бауӕнддзӕн фараонӕн
йӕхи рагон куырыхон паддзӕхты
байзӕддаг схонын?
12Цы фесты, фараон, дӕ куырыхонтӕ?
Зӕгъӕнт-ма дын уӕдӕ ӕмӕ базонӕнт,
Уӕларвӕфсады Бардарӕг Мысырӕн
цы тӕрхон рахаста, уый!
13Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн!
Сӕхи сайынц Нофы ▼
▼Ноф — Мемфис.
барджынтӕ дӕр.Сӕ хистӕрты зондӕй Мысыры адӕм
рӕдыд фӕндагыл адзӕгъӕл сты.
14Дунедарӕг сын сӕ сӕрызонд фӕцӕуын кодта,
ӕмӕ мысырӕгты галиу фӕндӕгтӕм аздӕхтой.
Адӕм ӕнӕхъола цоппай кӕнынц,
расыг лӕг йӕ омдзӕджы
куыд фӕрабыр-бабыр кӕны, уыйау.
15Нал баххуыс кӕндзӕни Мысырӕн
нӕдӕр сӕр, нӕдӕр къӕдзил,
нӕдӕр уӕздан, нӕдӕр сау лӕг.
Мысыры скаст — Хуыцаумӕ
16Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд. 17Иудейӕгты зӕххӕн-иу ӕрмӕст йӕ койӕ дӕр мысырӕгтӕн сӕ зӕрдӕ бауазал уыдзӕн. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сын цы тӕрхон рахаста, уый сӕ кӕмӕнфӕнды йӕ хъуыдыйы куы’рӕфта — фыр тӕссӕй-иу нырриздзӕн. 18Уыцы заман Мысыры сахартӕй фондз райдайдзысты дзурын ханаанӕгты ӕвзагыл. Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн расомы кӕндзысты, иузӕрдион Ыл кӕй уыдзысты, уый тыххӕй; сахартӕй иу схондзысты Хуры сахар. 19Уыцы бон Дунедарӕгӕн Мысыры бӕстастӕу ӕвӕрд ӕрцӕудзӕни нывондхӕссӕн, йӕ арӕныл та — Дунедарӕджы уаз дур: 20Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕн ӕмӕ Йӕ нысан Мысыры зӕххыл. Мысыры ӕфхӕрд адӕм Дунедарӕгмӕ куы сдзыназой, уӕд сын Уый рарвитдзӕнис ирвӕзынгӕнӕджы, сӕрылхӕцӕджы, ӕмӕ сӕ уый фервӕзын кӕндзӕн. 21Афтӕмӕй Дунедарӕг Йӕхи раргом кӕндзӕни мысырӕгтӕн, ӕмӕ Йӕ уыдон базондзысты ӕмӕ Йын нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, сомы Йын ракӕндзысты ӕмӕ сӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзысты. 22Афтӕмӕй Дунедарӕг Мысыры адӕмыл бафтаудзӕни Йӕ фыдӕх, цӕмӕй сын уый фӕрцы сӕ цард банывыл кӕна. Уыдон Дунедарӕгмӕ се’ргом сараздзысты, ӕмӕ сын Уый фехъусдзӕни сӕ куывдтытӕ ӕмӕ сын ахъаз бакӕндзӕн. 23Уыцы заман Мысырӕй Ассирийы’хсӕн уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг, стыр бастдзинӕдтӕ. Ассириӕгтӕ цӕудзысты Мысырмӕ, мысырӕгтӕ та — Ассиримӕ, ӕмӕ мысырӕгтӕ ассириӕгтимӕ иумӕ кувдзысты Дунедарӕгмӕ. 24Уыцы заман Израил Мысыр ӕмӕ Ассирийӕн суыдзӕни се’ртыккаг ӕмбал — се’мдӕндаг. Ӕмӕ Израилы фӕрцы ӕгас зӕхх дӕр арфӕгонд фӕуыдзӕн. 25Уӕларвӕфсады Бардарӕг сын ахӕм арфӕ ракӕндзӕн: «Арфӕгонд уӕнт Мӕ адӕм — мысырӕгтӕ, Ме сконд адӕм — ассириӕгтӕ ӕмӕ Мӕ исбон — Израил!»
Copyright information for
OssIBT2022