Isaiah 2
1Амоцы фырт Исайайӕн цӕстылуайӕны Иудей ӕмӕ Йерусалимы фидӕн раргом ис.Йерусалимы сомбоны кад ӕмӕ дунейы сабыр фидӕн
2Дунедарӕджы Кувӕндон цы хохыл ис,уый фӕстагмӕ суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр,
къуылдымты сӕрты акӕсдзӕн;
адӕмтӕ йӕм сараздзысты се’ргом.
3Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты:
«Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ,
Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ.
Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ,
цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм».
Афтӕ уымӕн дзырдтой,
ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй,
рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.
4Дунедарӕг тӕрхон кӕндзӕнис адӕмтӕн,
бирӕ знӕмтӕн бауайдзӕф кӕндзӕн.
Уыдон сӕ кӕрдтӕй сараздзысты гутонтӕ,
се’рцытӕй — ӕхсырфытӕ,
ногӕй сӕ рацӕгъддзысты, афтӕмӕй.
Адӕмтӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ нал сисдзысты
ӕмӕ хӕстмӕ сӕхи нал цӕттӕ кӕндзысты.
5Йаковы хӕдзарвӕндаг!
Ӕрбацӕут, ӕмӕ Дунедарӕджы рухсы цӕрӕм!
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы бон
6Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг,ныууагътай Дӕ адӕмы,
Йаковы хӕдзарвӕндаджы,
уымӕн ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй байдыдтой
Скӕсӕны адӕмты фӕзмын.
Филистимӕгтау сӕм фӕзынди дӕсныфӕрсджытӕ,
ӕндӕрбӕстӕгтимӕ сӕмдзӕхдон сты.
7Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины бын
фӕци сӕ зӕхх,
сӕ хӕзнатӕн ныккӕнӕн дӕр нал ис.
Сӕ зӕхх нал зыны бӕхтӕй,
сӕ тохуӕрдӕттӕ сты ӕнӕнымӕц.
8Сӕ зӕхх байдзаг ис гуымирытӕй;
табу кӕнынц, сӕхи къухӕй кӕй фӕцарӕзтой, уыдонӕн.
9Ӕрзоныг кодтой, фегад сты —
Ды сын нӕ ныббардзынӕ.
10Цӕут ӕмӕ бамбӕхсут
къӕдзӕхты скъуыдты,
зӕххы рыджы нынныгъуылут
Дунедарӕджы тасӕй,
Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ.
11Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон,
ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг
зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ,
сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн.
Уыцы бон ӕрмӕстдӕр
Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.
12Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг
стӕрхон кӕндзӕни
ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн —
ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.
13Сӕ бындзарӕй стондзӕни
Ливан ӕмӕ Башаны бӕрзонд бӕлӕстӕ,
14зӕххӕмвӕз скӕндзӕни
бӕрзонд хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ;
15фехалдзӕни алы бӕрзонд мӕсыг, алы фидар сис,
16ныппырх кӕндзӕни Таршишӕй цӕуӕг денджызон наутӕ
сӕ мулк ӕмӕ сӕ диссӕгтимӕ.
17Адӕймаджы ӕнӕввӕрсондзинадӕн
йӕ кой дӕр нал уыдзӕн,
сӕрыстыртӕ ӕркъул кӕндзысты сӕ сӕртӕ.
Уыцы бон ӕрмӕстдӕр
Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд,
18гуымирытӕн та сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн.
19Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы
бамбӕхсдзысты сӕхи,
Дунедарӕджы тасӕй,
Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ,
Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.
20Уыцы бон алчидӕр,
йӕхицӕн кӕй скодта, табу кӕмӕн кодта,
уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ
аппардзани куырм мыстытӕ ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн,
21ӕмӕ Хуыцауы тасӕй,
Йе стыр хъомысы кадӕй
йӕхи ӕмбӕхсдзӕни къӕдзӕхты скъуыдты,
хӕхты цъассыты,
Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.
22Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл,
йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл.
Ау, уымӕн исты у йӕ бон?
Copyright information for
OssIBT2022