‏ Isaiah 20

Ассири Мысырыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый нысан

1Ассирийы ӕфсады хицау йӕ паддзах Саргоны бардзырдмӕ гӕсгӕ Ашдоды сахармӕ цы аз бабырста ӕмӕ йӕ бацахста, 2раст уыцы заман Дунедарӕг Амоцы фырт Исайайӕн бафӕдзӕхста:

«Дӕ сӕхъис пӕлӕз ӕмӕ дӕ дзабыртӕ ралас». Исайа раласта йӕ пӕлӕз ӕмӕ йӕ дзабыртӕ ӕмӕ бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй цыди.
3Дунедарӕг загъта: «Мӕ цагъар Исайа ӕртӕ азы бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй кӕй цӕуы, уый Мысыр ӕмӕ Эфиопийӕн у ӕвдисӕйнаг: 4бӕгънӕг ӕмӕ бӕгъӕввадӕй, суанг се’рбадӕнтӕ дӕр — Мысыры худинагӕн — гом уыдзысты, афтӕмӕй Ассирийы паддзах, Мысыры уацары кӕй райста ӕмӕ Эфиопийы бӕстӕй цы адӕмы ракодта, уыдоны ӕрыгонӕй, зӕрондӕй аскъӕрдзӕни йӕ разӕй. 5Уӕд зӕрдӕсаст фӕуыдзысты, Эфиопийыл йӕ зӕрдӕ чи дардта ӕмӕ Мысыры хъомыс бӕрзонд ӕвӕрд кӕмӕ уыд, уыцы адӕмтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы хъӕр айхъуысдзӕн».

6Денджызгӕрон бӕстӕты адӕмтӕ дзурдзысты: «Мӕнӕ цы’рцыди, нӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтам, уыдоныл, ӕххуысагур кӕмӕ цыдыстӕм, Ассирийы паддзахӕй нӕ фервӕзын кӕнут, зӕгъгӕ! Куыд ма фервӕздзыстӕм ныр?»
Copyright information for OssIBT2022