‏ Isaiah 21

«Байсӕфти Вавилон!»

1Рагуац денджызгӕрон ӕдзӕрӕг бӕстӕйы тыххӕй. Негевы сӕрты знӕт зилгӕ уад куыд фӕцӕйтӕхы,
уыйау ссӕуы бӕллӕхы уац ӕдзӕрӕг бӕстӕй,
тасӕфтауӕг зӕххӕй.
2Хуыцау мын фенын кодта
тасуадзӕг цӕстылуайӕн:
«Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы,
гӕныстонгӕнӕг стигъы.
Бабырсут, еламӕгтӕ!
Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут!
Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».

3Мӕ хуылф ӕгасӕй дӕр риссы,
саутухӕны бафтыдтӕн арӕг сылгоймагау.
Цы хъусын, уымӕй арвы цӕфау фӕдӕн,
цы уынын, уымӕй стыр катайы бацыдтӕн.
4Тас бацыди мӕ зӕрдӕйы,
ӕмризӕджы ризын.
Изӕрмилтӕм-иу зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн,
ныр мыл уыдон дӕр стыр тас ӕфтауынц.

5Фынг ӕрӕвӕрдтой,
гауызтӕ ӕрытыдтой
ӕмӕ минас кӕнынц.
Ӕвиппайды ныхъхъӕр чындӕуыд:
«Сыстут, барджынтӕ,
байсӕрдут уӕ уартытӕ!»
6Дунедарӕг мын бафӕдзӕхста:
«Цӕугӕ ӕмӕ хъалагъур сӕвӕр —
цы уына, уый-иу хъусын кӕнӕд.
7Дыгӕйттӕй цӕуӕг барджытӕ куы фена,
ноджы ма — хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл цӕуджытӕ,
уӕд сӕм лӕмбынӕг кӕсӕд,
байхъусӕд-иу лӕмбынӕг».
8Ӕмӕ хъалагъур домбайы рыхт ныккодта:
«О Дунедарӕг! Ӕгас бон фӕдардтон мӕ хъус,
ӕрвылӕхсӕв хъалагъур лӕууыдтӕн,
9ӕмӕ мӕнӕ рацӕуынц адӕм,
дыгай барджытӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм».
Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодта:
«Бабын ис, бабын ис Вавилон!
Йӕ гуымирытӕ базгъӕлӕн сты
ӕмӕ лӕзӕрынц зӕххыл».

10Уӕ мӕ адӕм, найгонд чи ӕрцыд мусы! Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, цы фехъуыстон, уый уын ныр хъусын кӕнын.

Рагуац Дума ӕмӕ Сеиры тыххӕй

11Рагуац Думайы тыххӕй. Сеирӕй мӕм хъӕр кӕнынц:
«Хъалагъур! Ӕхсӕвӕй ма цас ис?
Ӕхсӕвӕй ма цас ис?»
12Хъалагъур сын дзуапп дӕтты:
«Сӕумӕрайсом у, фӕлӕ ӕхсӕв нӕма фӕци.
Кӕд ма уӕ ноджы бафӕрсын фӕнды,
уӕд-иу ӕрбацӕут ногӕй ӕмӕ фӕрсгӕ кӕнут».

13Рагуац Аравийы тыххӕй. Аравийы хъӕдты бахсӕвиуат кӕнут,
деданӕгты чырӕтӕ!
14Дойныйӕ мӕлӕг адӕмӕн раттут дон,
Темайы цӕрджытӕ!
Лигъдӕттӕн рахӕссут къӕбӕр!
15Уымӕн ӕмӕ уыдон лидзынц кардӕй,
ӕлвӕст кард ӕмӕ фатӕй —
хӕсты тымыгъӕй.

16Дунедарӕг мын загъта: «Афӕдзы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — Кедары кадӕй ницыуал баззайдзӕн. 17Йе’хсарджын фатӕхсджытӕй дӕр бирӕтӕ нӕ аирвӕздзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.
Copyright information for OssIBT2022