‏ Isaiah 22

Рагуац хиваст Йерусалимы тыххӕй

1Рагуац Цӕстылуайӕнты дӕлвӕзы тыххӕй. Дӕ цӕрджытӕ уӕлхӕдзӕрттӕм цы схызтысты?
2Цы схъомпал дӕ, сахар,
дӕ хъӕлӕба, дӕ цины уынӕр куы хъуысы!
Дӕ адӕмӕй чи фӕмард ис,
уыдон кардылӕфтыд нӕ фесты,
тохы быдыры нӕ байсӕфтой сӕ сӕртӕ.
3Тохы быдырӕй ӕмхуызонӕй
ралыгъдысты дӕ фӕтӕгтӕ,
фӕлӕ уацары бахаудтой,
сӕ иуыл дӕр дзы фат суадзыны сӕр
фыдгулы нӕ бахъуыди, афтӕмӕй.
Дӕ хӕстонтӕй дард чи алыгъд,
уыдон дӕр уацарӕй нӕ фервӕзтысты.
4Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕгъын,
ныууадзут мӕ мӕхи бар.
Ӕз зӕрдӕхалӕн хъарӕг кӕндзынӕн.
Ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ мын ма кӕнут,
уымӕн ӕмӕ бабын сты мӕ адӕм.
5Уый у Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, бон
Цӕстылуайӕнты Дӕлвӕзы.
Уый у сахары систӕ дӕрӕнгӕнӕн бон
ӕмӕ хӕхтӕм ӕххуысмӕ дзыназыны бон.
6Еламаг хӕстонтӕ ӕрбабырсынц ӕд сагъадахътӕ,
ӕд тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхӕфсад.
Киры хӕстонтӕ дӕр
сӕ уартытӕ исынц сӕ агъудтӕй.
7Дӕ хуыздӕр дӕлвӕзтӕ
байдзаг сты тохуӕрдӕттӕй,
фыдгулы бӕхӕфсад
сахары кулдуары раз ӕрлӕууыд.
8Иудей ӕнӕхай фӕци йӕ фидӕрттӕй.

Уыцы бон ма сымах уӕ ныфс дардтат, Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны
Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуан 3 Паддзахӕдты чиныгмӕ гӕсгӕ йӕ заманы саразын кодта паддзах Соломон (3 Пад 7:2; 10:16—17), ӕвӕрд дзы уыди фондзсӕдӕ сыгъзӕрин уарты.
уын цы хотыхтӕ ӕфснайд уыди, уыдоныл.
9Сымах федтат, Давиды сахары быру бирӕ рӕтты къахыртӕ ӕмӕ пырхытӕ кӕй уыд, уый. Дон ӕфтауц кодтат Дӕллаг Цады. 10Йерусалимы хӕдзӕрттӕй-иу, фехалӕн дзы кӕй уыд, ахӕмтӕ равзӕрстат ӕмӕ-иу сӕ фехӕлдтат, цӕмӕй сын сӕ хӕлддзӕгтӕй сахары быру бампъузат. 11Быруйы къулрӕбын ног донуат скъахтат ӕмӕ йӕм зӕронд цадӕй дон рауагътат.

Фӕлӕ сымах, ӕппӕт адӕтты тыххӕй рагацау уынаффӕ Чи рахаста, Уымӕ нӕ кастыстут, ӕмӕ уыдӕттӕ раджы заманы Чи сфӕнд кодта, Уымӕ уе’ргом нӕ раздӕхтат.

12Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
сымахӕн фӕдзӕхста,
цӕмӕй уыцы бон сау дарат ӕмӕ дзыназат,
уӕ сӕрыхил алвынат
ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнат.
13Фӕлӕ сымах уый бӕсты
хъӕлдзӕгдзинад сарӕзтат;
цин кӕнут, галтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут,
дзидза хӕрут, сӕн нуазут ӕмӕ дзурут:
«Цӕй уӕдӕ хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм —
уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»
14Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта:
«Ацы тӕригъӕд уын хатыргонд нӕ уыдзӕн
уӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр».
Афтӕ загъта Дунедарӕг,
Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

Паддзахы фӕткдартӕ Шевна ӕмӕ Елиакимы тыххӕй

15Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, загъта: «Бацу-ма уыцы Шевнамӕ, паддзахы галуаны фӕткдармӕ, ӕмӕ йын зӕгъ, 16ам, зӕгъ, цы агурыс,
чи дын, зӕгъ, радта уыцы бар,
ӕмӕ ам, уӕлвӕзы, къӕдзӕхыл,
дӕхицӕн скӕнай зӕппадз,
айнӕджы хуылфы — хӕдзар?
17Дунедарӕг дӕ ардыгӕй фехсдзӕн, богал,
алырдыгӕй дӕ ӕрбалвасдзӕн,
18къуыбылойау дӕ стухдзӕн
ӕмӕ дӕ пуртийау
ӕгӕрон тыгъд быдырмӕ ныззыввытт ласдзӕн.
Уым ссардзынӕ дӕ мӕлӕт,
ӕмӕ уым баззайдзысты
дӕ диссаджы тохуӕрдӕттӕ дӕр.
Дӕ паддзахы сӕр фӕфидиссаг кодтай!
19Ӕз дӕ уый тыххӕй
раппардзынӕн дӕ бынатӕй,
дӕ кадджын бадӕнӕй дӕ расхойдзынӕн».

20Дунедарӕг загъта: «Уыцы бон Ӕз фӕсиддзынӕн Мӕ цагъар Елиакиммӕ, Хилкиайы фыртмӕ, 21скӕндзынӕн ыл дӕ кадджын дарӕс, бабӕтдзынӕн ыл дӕ рон ӕмӕ йӕ дӕ бӕсты паддзахы барджынӕй сӕвӕрдзынӕн. Уый Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕн суыдзӕни сӕ фыд. 22Давиды галуаны дӕгъӕлтӕ йын бакӕндзынӕн йӕ къухы, ӕмӕ галуаны дуарӕн йӕ бакӕнын дӕр, стӕй йӕ рахгӕнын дӕр ӕрмӕст Елиакимы бар уыдзӕн.

23Ӕз ӕй зӕгӕлау бӕстон ныффидар кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ мыггаджы кад бӕрзонд сисдзӕни.

24Фидар зӕгӕлау уромдзӕни ӕмӕ нӕ фӕцудын кӕндзӕн йӕ фыды хӕдзары кад, цудын нӕ бауадздзӕн йӕ байзӕддаджы кад дӕр — цотӕй, цоты цотӕй. Йӕ бар уыдзысты суанг йӕ хӕдзары мигӕнӕтӕ дӕр, чысыл къусӕй дурыны онг».

25«Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — фидар ран цы зӕгӕл ныкъкъуырдӕуыд, уый сызмӕлдзӕн ӕмӕ рахаудзӕн, цыдӕриддӕр ыл ауыгъд уыди, уыдон ныппырх-нызгъӕлӕн уыдзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for OssIBT2022