‏ Isaiah 23

Тир ӕмӕ Сидоны сӕфт

1Рагуац Тиры тыххӕй. Кӕут, дзыназут, Таршишы наутӕ!
Наулӕууӕн сахар ныппырх ис —
иу бӕстыхай дӕр дзы нал баззад!
Наутӕрджытӕ уыцы хабар фехъуыстой,
Киттимӕй сӕхимӕ куы’рбаздӕхтысты, уӕд.
2Ныхъхъус ут, денджызгӕрон цӕрджытӕ,
наудзогты фӕрцы йӕ исбоныл чи ӕфтыдта,
уыцы сидойнаг сӕудӕджертӕ!
3Денджызы стыр доны сӕрты
ардӕм цыдис алцы, —
Шихоры хор, Йеоры тыллӕг!
4Ныр дӕ худинаджы хъӕр
айхъуысти, Сидон!
Мӕнӕ цы зӕгъы денджыз, денджызгӕрон фидар:
«Мӕ цотӕй ӕнӕхай фӕдӕн,
раст цыма арыны тухӕнтӕ не’взӕрстон
ӕмӕ цот нӕ ныййардтон;
раст цыма не схастон лӕппутӕ
ӕмӕ не схъомыл кодтон чызджытӕ».
5Мысырӕгтӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты
Тиры сӕфты коймӕ.
6Дзыназут, денджызгӕрон цӕрджытӕ,
лидзгӕут Таршишмӕ!
7Цы’рцыди уӕ рагон сахар Тирыл,
йӕ цины хъӕр-иу кӕмӕн хъуысти, ууыл?
Ныр сымах рахау-бахау кӕндзыстут,
ӕцӕгӕлон зӕххыл, дард бӕстӕты цӕрдзыстут.
8Чи рахаста ахӕм уынаффӕ Тиры тыххӕй,
паддзахы кады худтӕ-иу чи байуӕрста,
йӕ базаргӕнджытӕ-иу
барджын хицӕуттӕ кӕмӕн систы,
йӕ сӕудӕджертӕ — номджын ӕлдӕрттӕ,
уыцы сахары тыххӕй?
9Ахӕм уынаффӕ рахаста
Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд
ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны,
ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.
10Таршишы чызг, уӕрӕх цӕугӕдонау
ныр дӕ ных фӕстӕмӕ дӕ хӕдзармӕ сараз,
уымӕн ӕмӕ наулӕууӕн нал ис.
11Дунедарӕг Стыр денджызмӕ
Йӕ къух систа,
денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта,
Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.
12Уый загъта:
«Ныр дӕ цины хъӕр нал райхъуысдзӕн,
чи фегад ис, уыцы чызг, Сидоны чызг!
Киттимы’рдӕм адар дӕ фӕндаг!
Ӕцӕг, уым дӕр не ссардзынӕ ӕнцой».

13Гъе уый дын халдейӕгты бӕстӕ! Йӕ кой дӕр нал ис. Ассириӕгтӕ йӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъӕддаг сырдтӕ цӕрынц, уыдоны бар бакодтой. Сӕхицӕн мӕсгуытӕ самадтой ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ фидӕрттӕ, хӕлддзӕгтӕ йӕ фестын кодтой.

14Дзыназут, Таршишы наутӕ!
Уӕ ныфсы мӕсыг ныппырх ис.
15Ӕрцӕудзӕнис ахӕм рӕстӕг:
ӕвдай азы дӕргъы (иу паддзахы царды ӕмгъуыд)
Тирӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн.
Фӕлӕ ӕвдай азы фӕстӕ Тиры хъысмӕт уыдзӕн,
хӕтаг сылыл цы зарӕг ис, уыйау:
16«Райс дыууадӕстӕнон,
сахарыл ӕрзил, рохуаты баззайӕг хъахбай!
Дӕсны ӕрцӕгъд,
зарӕг зарӕджы фӕдыл зар —
чи зоны дӕ ӕрымысой!»

17Ӕвдай азы фӕстӕ Дунедарӕг Тиры сахармӕ ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ та сахар йӕ раздӕры ӕфтиаг исдзӕн, уымӕн ӕмӕ та дунейы ӕппӕт паддзахӕдтимӕ ногӕй ӕнӕуаг митыл бафтдзӕн. 18Фӕлӕ ныр йӕ сӕудӕджеры бакуыст, йе’фтиаг нывонд кӕндзӕни Дунедарӕгӕн. Къӕбицтӕ ӕмӕ йӕ ӕфтауцуӕттӕм не’мбырд кӕндзысты, фӕлӕ йӕ дӕтдзысты, Дунедарӕджы раз аргъуыцгӕнгӕ чи цӕры, уыдонӕн, цӕмӕй сӕхи ӕфсадой ӕмӕ цӕуой зынаргъ дарӕсы.
Copyright information for OssIBT2022