‏ Isaiah 24

Дунедарӕджы тӕрхон зӕххы цъарӕн

1Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх,
ныззаууат ӕй кӕндзӕн —
зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз,
йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.
2Иу у сӕ хъысмӕт се’ппӕтӕн дӕр:
сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн,
барджынтӕ ӕмӕ дӕлдӕртӕн,
ӕхсинтӕ ӕмӕ унӕуттӕн,
уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ ӕлхӕнджытӕн,
цъынды чи дӕтты ӕмӕ хӕс чи дары, уыдонӕн,
пайдайы охыл ӕфстау дӕтджытӕ
ӕмӕ ӕфстау исджытӕн.
3Бынтондӕр ныггӕныстон
ӕмӕ ныххӕлӕттаг уыдзӕн зӕхх,
уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Дунедарӕг.

4Хъынцъым кӕны, баруади зӕхх,
ӕгас дуне ныттар ис ӕмӕ сӕфы;
зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн
сӕ барджын хицӕуттӕ сӕфынц.
5Зӕхх фегад кодтой йӕ цӕрджытӕ,
сӕ къух систой Хуыцауы ӕгъдауыл,
сзыгъуыммӕ Йын кодтой Йӕ уагӕвӕрдтӕ,
фехӕлдтой мыггагмӕйы фидыд.
6Уымӕ гӕсгӕ ӕлгъыст ӕрцӕудзӕни зӕхх —
ӕфхӕрд баййафдзысты йӕ цӕрджытӕ;
скуынӕг уыдзысты адӕм,
бирӕ сӕ нал баззайдзӕн.

7Сӕн байсысти, сӕнӕфсиры зӕнг баруади;
цинӕй чи ради, уыдон ныр хъӕрзынц.
8Далаты цины хъӕр нал хъуысы,
цингӕнӕг адӕмы хъӕлӕс бамыр ис,
бамынӕг дыууадӕстӕнонты цагъд;
9цины зарджытимӕ сӕн нал нуазынц адӕм,
мастад кӕны хъӕбӕр нозт дзыхы.
10Федзӕрӕг сахар, ныппырх,
йӕ хӕдзӕрттӕ — ӕхгӕд,
бацӕуӕн сӕм нӕй.
11Уынджы цӕуджытӕ ӕрдиаг кӕнынц —
сӕн нал ис!
Хъӕлдзӕгдзинадӕн нал ис йӕ кой дӕр,
циндзинад фӕлыгъди а бӕстӕй.
12Сахар ныззаууат,
йӕ кулдуар рафӕлдӕхт.

13Зӕххы цъары адӕмтӕн сӕ уавӕр уыдзӕни, оливӕ бӕлӕстӕ куы’рцӕгъдынц кӕнӕ ма тыллӕгисӕны фӕстӕ сӕнӕфсирыл цы цупӕлттӕ аззайы, уыдон куы’ртонынц, уый хуызӕн.

14Адӕмтӕй ма чи баззайа, уыдон хъӕлӕсыдзагӕй стаудзысты Дунедарӕджы кад, ныгуылӕнӕрдыгӕй сӕ цины хъӕр хъуысдзӕн.

15О скӕсӕны дзыллӕтӕ, кад кӕнут Дунедарӕгӕн! Денджызгӕрӕтты цӕрджытӕ, кад кӕнут Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн! 16Арвы кӕронӕй нӕм кады зарӕг хъуысы: «Кад уӕд Рӕстӕвзарӕн!»

Фӕлӕ ӕз загътон: «Ме сӕфт ӕрцыди, додойаг фӕдӕн! Гадзрахатӕй цӕуынц уӕйгӕнджытӕ, сӕ гадзрахат фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны!»

17А зӕххы цӕрджытӕм гӕппӕввонгӕй лӕууынц ӕвирхъау тас, хъоргъ ӕмӕ ахсӕн хыз. 18Ӕвирхъау тасы хъӕр фехъусгӕйӕ, лидзынмӕ чи фӕуа, уый ныххаудзӕни хъоргъы, хъоргъӕй чи сбыра, уый та бахаудзӕн ахсӕн хызы.

Арвы дуӕрттӕ фегом уыдзысты, зӕххы бындуртӕ нынкъуысдзысты.
19Зӕхх скъуыдтӕ кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕн ӕмӕ ӕмризӕджы риздзӕн. 20Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.

21Уыцы заман Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕн уӕларвӕфсад дӕр ӕмӕ зӕххон паддзӕхты дӕр. 22Ахӕстытау хъоргъы ӕппӕрст ӕрцӕудзысты иумӕ. Бирӕ бонты сӕ гуыдырӕхгӕдӕй фӕдардзысты, стӕй сӕ бафхӕрдзысты. 23Мӕй ныссырх уыдзӕн ӕмӕ хур къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл, Йерусалимы, ӕмӕ Йӕ кад адӕмы хистӕртӕн раргом кӕндзӕн.
Copyright information for OssIBT2022