‏ Isaiah 25

Арфӕйы зарӕг ӕфхӕрдӕй фервӕзыны тыххӕй

1Дунедарӕг, Ды — мӕ Хуыцау!
Стауын Дӕ — кад Дын кӕнын Дӕ номӕн!
Ды сарӕзтай ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ —
цы фӕнд дӕм ӕрцыди рагзаманы,
уый ныр сӕххӕст кодтай, иузӕрдион Хуыцау!

2Дӕ фӕндӕй сахар дурты цӕнд фестад,
бырухгӕд сахар — хӕлддзӕгтӕ;
ӕнӕхуыцӕуттӕ нал ис сахары,
хӕлддзӕгты бынӕй нал сыстдзӕн мыггагмӕ.
3Уымӕ гӕсгӕ Дын
кад кӕндзысты хъомысджын адӕмтӕ,
ӕгъатыр адӕмты сахартӕ
аргъуыц кӕндзысты Дӕ разы.
4Мӕгуыргуртӕн, ӕдзухъомтӕн
сӕ тыхсты заман Ды — се’мбӕхсӕн:
тыгъдызӕйӕ сӕ хъахъхъӕдтай,
ӕнтӕфы-иу сын аууон фестадтӕ.
Тыхгӕнджыты улӕфт —
ӕнгом быруйыл хи ныххуырсӕг уадау;
5ӕцӕгӕлӕтты рыхын —
ӕнӕдон быдыры ӕнтӕфау.
Фӕлӕ Ды ӕнтӕф атыхтай мигъаууоны,
ӕмӕ нал фехъуысти ӕфхӕрджытӕн сӕ зарын.

Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕни Йӕ фӕнд

6Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕппӕт адӕмтӕн
Сионы хохыл куывд скӕндзӕн.
Фынгтӕ зӕхмӕ тасдзысты алы минасӕй,
дзидзайы нард, стӕджы магъз ӕмӕ сӕны дзӕбӕхӕй.
7Дунедарӕг уыцы хохыл,
ӕппӕт адӕмты цы’мбӕрзӕн ӕрбатыхта,
цы фӕлм сӕ ӕхгӕны, уый фесафдзӕн;
8мӕлӕтӕн мыггагмӕ скӕндзӕни кӕрон,
алкӕмӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн,
зӕххы цъарыл Йӕ адӕмы
худинагӕй бахиздзӕн.
Афтӕ загъта Дунедарӕг.

9Уыцы бон дзурдзысты:
«Уый нӕ Хуыцау у!
Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам,
ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта!
Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ!
Уӕдӕ цин кӕнӕм,
цины зарӕг сисӕм,
уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»
10Дунедарӕг Йӕ арм дардзӕни Сионыл.
Моав ссӕст ӕрцӕудзӕн,
хъӕмп фаджысы куыд ныссӕндынц, уыйау.
11Йӕ къухтӕ ма ленкгӕнӕгау цасфӕнды тилӕд —
Хуыцау ӕй уӕддӕр ӕрныллӕг кӕндзӕн —
цыфӕнды тылд кӕнӕд йӕ къухтӕ.
12Дӕ бӕрзонд ӕмӕ фидар систӕ дын рафӕлдахдзӕн,
рыг сӕ фестын кӕндзӕн.
Copyright information for OssIBT2022