‏ Isaiah 26

Фидар сахар

1Уыцы бон Иудейы зӕххыл ахӕм зарӕг сисдзысты: «Нӕ сахар хъомысджын у, фидар!
Хуыцау нӕ фервӕзын кодта,
сахары алыварс сис ӕмӕ сыджытбыру самайӕгау.
2Байгом кӕнут кулдуар,
уадз ӕмӕ мидӕмӕ бацӕуой рӕстаг адӕм,
Хуыцауы иузӕрдион адӕм.
3Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у,
уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй,
уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.
4Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут мыггагмӕ,
уымӕн ӕмӕ Уый не’нусон Къӕдзӕх у!
5Уый раппӕрста, уӕлиау чи царди, уыдоны,
бӕрзонд лӕууӕг сахар ныппырх кодта
ӕмӕ йӕ рыджы хай бакодта.
6Ныр къӕхты бын ныцци —
цӕуынц ыл къахӕй мӕгуыртӕ, гӕвзыччытӕ».

7Рӕстаг лӕгӕн йӕ фӕндаг раст у —
Дӕхӕдӕг ӕй кӕныс рӕствӕндаг.
8Дунедарӕг! Дӕ азар нӕ куы баййафы,
уӕд дӕр ныфсджын вӕййӕм Дӕуӕй.
Дӕумӕ кувӕм, Дӕу мысы алкӕддӕр нӕ уд.
9Мӕ зӕрдӕ Дӕм ӕхсӕв дӕр тырны,
Дӕу агуры сӕумӕрайсом мӕ уд.
Ды зӕххӕн раст тӕрхон куы фӕкӕныс,
уӕд дунейы цӕрджытӕ базонынц
рӕстдзинад цы у, уый.
10Фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнд барст куы’рцӕуа,
уӕд, рӕстдзинад цы у, уый нӕ базондзӕн.
Уый нӕ, фӕлӕ та дарддӕр кӕндзӕни фыдмитӕ,
раст адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххыл,
Де стырад дын ницӕмӕ’рдардзӕн.
11О Дунедарӕг!
Ды Дӕ къух бӕрзонд систай,
фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц.
Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс,
уый куы феной,
уӕд фӕхудинаг уыдзысты;
цы арттӕрхон сӕм кӕсы,
уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.
12О Дунедарӕг!
Ды нын фарн балӕвар кӕндзынӕ.
Нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — Дӕуӕй аразгӕ.

13О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Ӕндӕр хицӕуттӕ дӕр ныл ӕлдариуӕг кодтой,
фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ номӕн кӕнӕм кад!
14Дӕ фыдгултӕн сӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты,
сӕ хӕрвӕгтӕ нӕ рацӕудзысты ингӕнтӕй,
уымӕн ӕмӕ сӕ Ды быныскъуыд фӕкодтай,
сӕ кой дӕр куыд никуыуал уа, афтӕ.
15О Дунедарӕг!
Ды сбирӕ кодтай Дӕ адӕмы,
суӕрӕх сын кодтай сӕ арӕнтӕ,
ӕмӕ уымӕй Дӕхи скадджын кодтай.

16О Дунедарӕг!
Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм,
цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай.
Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм
мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.
17Ӕвгъӕддон сылгоймаг аргӕ-арын
куыд фӕтухӕн кӕны,
фыр рыстӕй куыд фердиаг кӕны,
афтӕ уыдыстӕм мах Дӕ цуры, Дунедарӕг.
18Мах дӕр сылгоймагау уыдыстӕм ӕвгъӕддон,
фӕлӕ дымгӕ йеддӕмӕ ницы ныййардтам.
Нӕ бон нӕу ацы зӕхх фыдӕвзарӕнӕй бахизын,
ног цӕрджытӕ йыл рантысын кӕнын.

19О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ,
мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ!
Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут,
дӕлдзӕххы цӕрджытӕ!
О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау,
ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.

20Уӕ мӕ адӕм! Уӕ хӕдзӕрттӕм бахизут,
уӕ дуӕрттӕ сӕхгӕнут ӕмӕ афтӕмӕй,
цалынмӕ Хуыцауы азар аивгъуыйа,
уӕдмӕ уӕхи бафӕсвӕд кӕнут.
21Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй,
цӕмӕй зӕххы цӕрджыты
сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра.
Зӕхх равдисдзӕн,
цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый,
нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.
Copyright information for OssIBT2022