‏ Isaiah 27

Дунедарӕг ӕрцӕвдзӕни залымы

1Уыцы бон Дунедарӕг
Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн
йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл
Левиафан — денджызон мамм рагон семитаг мифологийы, ацы ран у Тиры символ.
,
ратас-батасгӕнӕг залымыл —
амардзӕни Левиафаны.

2«Уыцы уӕлахизы бон-иу
алӕмӕты сӕндоныл зарут:
3Ӕз, Дунедарӕг, дӕн йӕ хъахъхъӕнӕг;
алы уысм ӕй ӕфсадын донӕй,
хъахъхъӕнын ӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй —
фыдбылыз ыл ма ӕрцӕуа.
4Мӕ маст ӕм ссыди,
фӕлӕ дзы каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ куы фенон,
уӕд сӕ срӕдувдзынӕн,
бынсыгъд сӕ бакӕндзынӕн.
5Фӕлтау фыдгултӕ Ме’вджид бакӕнӕнт сӕхи,
Мемӕ бафидауыны зонд сӕм ӕрцӕуӕд,
ӕмӕ бафидауӕнт».

6Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ
ног уидӕгтӕ ауадздзысты.
Израил ног талатӕ суадздзӕн
ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн,
ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.
7Дунедарӕг кӕд дӕрӕн кодта Израилы адӕмы,
сӕ дӕрӕнгӕнджытӕ сӕ куыд дӕрӕн кодтой, афтӕ?
Кӕд сӕ мардта,
сӕ марджытӕ сӕ куыд мардтой, афтӕ?
8Ӕгӕр сӕ никуы бафхӕрдта,
Йӕхи-иу сыл куы атигъ кодта, уӕд дӕр.
Скӕсӕйнаг дымгӕйау сӕ
иуварс фехста Йӕ карз раулӕфтӕй.
9Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст
Йаковы байзӕддаджы азым,
йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы’рцӕуа,
уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн:
сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ
чъырдуртау ныммур кӕндзысты,
нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ,
нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.
10Бырухгӕд сахар баззайдзӕни дзӕгъӕлӕй,
адӕм ныууадздзысты сӕ хӕдзӕрттӕ,
сафтид уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырау.
Ривӕд дзы кӕндзысты родтӕ,
зӕххыл хуысдзысты, къалиутӕ’хсындзысты.

11Къалиутӕ куы бахус уой,
уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ,
сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты.
Ацы муртаттаг адӕмтӕн
сӕ сӕры зонд нӕма бацыд,
ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг
нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни,
нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.

12Израилӕгтӕ, ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕг ӕфсиртӕ иууылдӕр банай кӕндзӕн, Евфраты донӕй Мысыры арӕныл цы цӕугӕдон ис, уый онг ӕмӕ уӕ иугай ӕрӕмбырд кӕндзӕн.

13Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.
Copyright information for OssIBT2022