Isaiah 28
Додой сӕ къона расыггӕнаг ефремонтӕн!
1Додой йӕ къонарасыггӕнаг ефремонты рӕсугъд бӕстӕн,
йӕ аив фӕлысты чи баруади, уыцы дидинӕгӕн,
дзаджджын уӕлвӕзӕн —
фыднозты рын сыстади йӕ цӕрджытыл!
2Мӕнӕ сын Дунедарӕг
сӕ ныхмӕ рарвитдзӕни тыхджын ӕфсад
ӕмӕ сӕ уыдон бабын кӕндзысты
тыгъдызӕй, ихуард ӕмӕ сӕфты тымыгъау,
доны хъаймӕтау;
3расыггӕнаг ефремонты алӕмӕты бӕстӕ
сӕ къӕхты бын банай кӕндзысты.
4Йӕ аив фӕлысты баруайгӕ дидинӕгӕн,
дзаджджын уӕлвӕзӕн йӕ хъысмӕт уыдзӕни,
афонӕй раздӕр цы легъуи сцӕттӕ вӕййы,
уый йе’ртонӕг куыд аныхъуыры, уый хуызӕн.
5Уыцы бон, Йӕ адӕмӕй ма удӕгасӕй чи баззайа,
уыдонӕн Уӕларвӕфсады Бардарӕг
суыдзӕни сӕ аив дидинхуд,
сӕ алӕмӕты рӕсугъд фӕлыст.
6Тӕрхоны лӕгтӕн Уый суыдзӕни
раст тӕрхоны Уд,
адӕмы раздзӕуджытӕн — ныфс,
цӕмӕй сӕ фыдгулты сӕ сахарты кулдуӕрттӕй
сӕ уӕлныхты айсой.
Додой сӕ къона расыггӕнаг сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн!
7Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕныррасыг сты сӕнӕй
ӕмӕ цудтытӕ кӕнынц;
карз нозт бануазынц
ӕмӕ сӕ развӕндаг дӕр нал фӕуынынц;
сӕ зонд фӕцыди карз нозтӕй,
сӕ цӕстылуайӕнтӕ раст не сты,
уынаффӕ хӕсгӕйӕ, рӕдийынц.
8Сӕ фынгтӕ ӕлгъаг омдзӕджы бын фесты —
сыгъдӕг бынат нал баззад.
9Афтӕмӕй та дзурынц мӕнӕй:
«Кӕй ахуыр кӕны уый?
Йӕ пехуымпар ныхӕстӕй нын
зонд амоныныл цы схӕцыд,
цыма дзидзидай сабиты,
хӕрз ӕрӕджы риуӕй кӕй фӕиртӕстой,
уыдоны ахуыр кӕны, уыйау?
10Йӕ иугӕндзон дыгъал-дыгъул,
йӕ ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр
куы иу ранӕй райхъуысы,
куы иннӕ ранӕй».
11Уый тыххӕй Дунедарӕг ацы адӕмимӕ
ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕцӕгӕлӕтты ӕвзӕгтыл дзурдзӕни.
12Уый сын раздӕр дзырдта:
«Ацы ран уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнцой,
уадз ӕмӕ фӕллад адӕм баулӕфой.
Ацы ран у ӕнцойы бынат».
Фӕлӕ Йӕм уыдон нӕ байхъуыстой.
13Дунедарӕджы ныхас сын сси
дзӕгъӕл дзӕнгӕда,
иугӕндзон дыгъал-дыгъул,
ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр.
Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндагыл цӕудзысты
ӕмӕ уӕлгоммӕ ахаудзысты;
уӕнгсаст фӕуыдзысты ӕмӕ къӕппӕджы бахаудзысты,
ахст ӕрцӕудзысты.
Мӕнг уӕлахизы ныхмӕ
14Дунедарӕджы ныхасмӕ ӕрбайхъусут,Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕввӕрсон барджынтӕ!
15Сымах уӕхицӕй дзурут,
мӕлӕтимӕ ӕмдзӕхдон систӕм,
мӕрдтыбӕстимӕ бафидыдтам, зӕгъгӕ.
Афтӕ ӕнхъӕл стут,
ӕмӕ бӕллӕх уӕ иувӕрсты ацӕудзӕн,
мӕнгдзинад ӕмӕ фӕлывды дӕлбазыр
кӕй балӕууыдыстут, уый фӕрцы.
16Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн
фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн,
ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у,
уый нӕ фӕтасдзӕн.
17Уым Мӕ раст тӕрхон ӕрӕвӕрдзынӕн барӕн синагау,
Мӕ рӕстдзинад та — ауыгъд здыйау».
Уе’мбӕхсӕн — мӕнгдзинад,
фӕлӕ йӕ ихуард ныххафдзӕн,
доны бын фӕуыдзӕн.
18Уӕд, мӕлӕтимӕ цы цӕдис скодтат,
уый хӕлд ӕрцӕудзӕн,
мӕрдтыбӕстимӕ цы бадзырд сарӕзтат,
уый нӕ фӕлӕудзӕн.
Сау бӕллӕх уыл йӕхи ныццӕвдзӕни фурды уылӕнтау
ӕмӕ уӕ бабын кӕндзӕн.
19Куыддӕр уыл уыцы бӕллӕх сӕмбӕла,
афтӕ йӕ амӕттаг бауыдзыстут;
цӕудзӕни уӕм ӕрвылрайсом,
ӕхсӕв дӕр ӕнцой нӕ зондзыстут,
фыр тӕссӕй риздзыстут йӕ койӕ дӕр.
20Уӕ хуыссӕн ӕгӕр цыбыр уыдзӕн,
цӕмӕй уӕ къӕхтӕ адаргъ кӕнат,
уӕ хъӕццул та — ӕгӕр нарӕг,
цӕмӕй уӕхи ӕрбануӕрдат.
21Дунедарӕг уыл Йӕ бӕллӕх ӕруадздзӕн,
кӕддӕр Перацимы хохыл
кӕнӕ Гивоны уӕлвӕзыл
Йӕ адӕмы знӕгтӕн куыд бакодта, афтӕ,
цӕмӕй ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ сараза.
22Уӕдӕ дзӕгъӕлдзырд мауал кӕнут,
науӕд уӕ рӕхыстӕ ноджы уӕззаудӕр суыдзысты.
Дунедарӕгӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, фехъуыстон,
ӕгас зӕххӕн йе сӕфт
нысангонд кӕй у, уый.
Хуымгӕнӕджы ӕмбисонд
23Лӕмбынӕг ӕрбайхъусут,цы уын зӕгъдзынӕн, уымӕ!
24Зӕхкусӕг йӕ хуым байтауинаг куы вӕййы,
уӕд ӕй, мыййаг, ӕрвылбон ногӕй бахуым кӕны,
ӕрвылбон ыл ауӕдзтӕ скӕны
ӕмӕ йӕ похци бакӕны?
25Нӕ! Йӕ хуым похци куы бакӕны,
уӕд дзы иу хайы байтауы хъонтхора,
иннӕ хайы байзӕры тмин,
ӕртыккаг хайы рӕнхъытӕй ныссадзы мӕнӕу,
цыппӕрӕмы — хъӕбӕрхор.
Уыдонӕн сӕ алыварс — хуымы кӕрӕтты —
байтауы нӕлмӕнӕу.
26Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн
Хуыцауӕй лӕвӕрд у,
Уый йын амоны хуым кӕныны фӕтк.
27Хъонтхора дӕндагджын тулӕнӕй нӕ най кӕнынц,
тминыл нӕ ауадзынц чъеурийы цӕлхытӕ —
дзӕккортӕй сӕ ныххойынц.
28Хортӕ та, куыннӕ ныцъцъӕл,
куыннӕ ныммур уой,
афтӕ сӕ банай кӕнынц,
чъеурийы цӕлхытыл
бӕхтӕ баифтындзынц, афтӕмӕй.
29Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн
Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй лӕвӕрд у.
Уымӕн та Йӕ фӕндтӕ,
Йӕ уынаффӕтӕ ӕмбисонды диссаг сты,
Йӕ уӕлзондӕн ӕмбал нӕй.
Copyright information for
OssIBT2022