Isaiah 29
Йерусалимы диссаджы фервӕзт
1«Додой дӕ къона, Ариел,Давид кӕм цардис, уыцы сахар!
Рӕстӕг рацӕудзӕн, афӕдзы фӕдыл афӕдз,
бӕрӕгбӕттӕ кӕрӕдзийы ивдзысты.
2Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы;
уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни,
нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!
3Алырдыгӕй дыл ӕрхъула кӕндзынӕн,
дӕ алыварс хӕцӕн мӕсгуытӕ сараздзынӕн,
сыджытбырутӕ самайдзынӕн дӕ ныхмӕ.
4Афӕлдӕхдзынӕ зӕххыл,
рыджы бынӕй дӕ хъӕлӕс рӕстмӕ
хъуысгӕ дӕр нал кӕндзӕн,
мӕрдтӕмсидӕг дӕлдзӕхӕй кӕй рахоны,
раст уыцы ӕндӕрджы дыгъал-дыгъулау уыдзӕни.
5Фӕлӕ дӕ бирӕ фыдгултӕ
суыдзысты зӕххы рыгау,
ӕгъатыр ӕрдонгтӕ —
дымгӕмӕ цы зыгуым ныддардтой, уыйау.
Уыцы хабар ӕрцӕудзӕнис ӕваст, цӕстыфӕныкъуылдмӕ.
6Уӕларвӕфсады Бардарӕг дыл
Йӕ азар ныххуырсдзӕни ӕрвнӕрдау,
зӕххӕнкъуыстау, ӕвирхъау тыхджын уынӕрау,
уадтымыгъау, тыгъдызӕйау,
алцы ныхъуырӕг артау.
7Ӕнӕнымӕц адӕмты’фсӕдтӕ
тох кӕнынц Ариелы ныхмӕ,
ӕрхъула йыл кодтой,
йӕ фидӕрттӕм ын бырсынц —
фынау, ӕхсӕвы фыдфынау
ӕрбайсӕфдзысты уыдон.
8Фӕлӕ ӕххормаг адӕймаг йӕ фыны
йӕхи хӕргӕйӕ куыд фӕуыны,
куы райхъал вӕййы, уӕд та
сыдӕй куыд фӕмӕлы,
дойныйӕ чи бастайы, уый йӕ фыны
дон куыд фӕнуазы,
куы райхъал вӕййы, уӕд та
дойныйӕ куыд фӕцӕймӕлы,
уыйау уыдзӕни сӕ хъысмӕт,
Сионы хохы ныхмӕ чи схӕца,
уыцы адӕмтӕн дӕр».
9Дистӕ кӕнут, фыр дисӕй бандзыг ут,
уӕхи бакуырм кӕнут ӕмӕ куырмӕджы бадут!
Ныррасыг стут, ӕрмӕст сӕнӕй нӕ;
цудтытӕ кӕнут, ӕрмӕст карз нозтӕй нӕ.
10Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта,
уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ,
уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.
11Сымахӕн цавӕрфӕнды рагуац дӕр мыхуырӕй ӕхгӕд чиныджы хуызӕн у. Ахӕм чиныг, кӕсын чи зоны, уымӕ куы раттынц, бакӕс-ма йӕ, зӕгъгӕ, уӕд уый фӕзӕгъы: «Нӕй йын кӕсӕн, мыхуырӕй ӕхгӕд у». 12Кӕсын чи нӕ зоны, ахӕммӕ йӕ куы раттынц, ды-ма йӕ бакӕс, зӕгъгӕ, уӕд уый та фӕзӕгъы: «Ӕз кӕсын нӕ зонын». 13Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй,
ӕрмӕстдӕр се’взагӕй,
сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.
Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау
афтӕ кӕй домы, уымӕн.
14Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн
ӕнӕфенгӕ митӕ, —
сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд,
се’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».
Дунедарӕгӕй басусӕг кӕнӕн ницы ис
15Додой сӕ къона,Дунедарӕгӕй арф чи ӕмбӕхсы,
йӕ сусӕгвӕндтӕ аууон кӕныныл чи архайы,
сӕ хъуыддӕгтӕ талынджы чи кӕны
ӕмӕ афтӕ чи дзуры:
«Чи нӕ фендзӕн?
Чи нӕ базондзӕн?»
16Куыд ӕнӕзонд стут!
Дурынгӕнӕгӕн куыд ис ӕлыг схонӕн?
Кӕнӕ исты дзаума
йе скӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа,
уый мӕ не скодта, зӕгъгӕ?
Дурын дурынгӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа,
уый мурдӕр ницы’мбары, зӕгъгӕ?
Израил фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕудзӕн
17Хӕрз чысыл рӕстӕг ма,ӕмӕ Ливаны хъӕд фестдзӕни дыргъдон,
дыргъдон та фестдзӕни хъӕд.
18Уыцы бон къуырматӕ фехъусдзысты
тухгӕ чиныджы ныхӕстӕ,
куырмыты цӕстытыл нал баддзӕн фӕлм,
ӕмӕ суындзысты.
19Сӕрныллӕджытӕн Дунедарӕг
ног циндзинад ӕрхӕсдзӕн,
мӕгуыртӕн сӕ зӕрдӕ барайдзӕн
Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы.
20Уӕд сӕ кой дӕр нал уыдзӕн ӕфхӕрджытӕн,
се сӕфт ӕрцӕудзӕни фидисгӕнджытӕн,
бабын уыдзысты, фыдбылызтӕ аразынмӕ
чи бӕллы, уыдон,
21стӕй, йӕ ныхӕстӕй раст лӕджы
чи базылын кӕны,
тӕрхоны мидӕг тӕрхонгӕнӕджы
раст дзурын чи нӕ фӕуадзы
ӕмӕ ӕназымы мӕнг ӕвдисӕйнӕгты руаджы
азымджыны бынаты чи сӕвӕры, уыдон.
22Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Авраамы Ирвӕзынгӕнӕг,
Йаковы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй зӕгъы:
«Уӕд Израил къӕмдзӕстыг нал уыдзӕн,
йӕ цӕсгомы хуыз нал фӕлидздзӕн.
23Сӕ цоты се’хсӕн куы феной —
Ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хъуыддаг —
уӕд Мӕ уаз номӕн скад кӕндзысты,
нымайдзысты Йаковы уаз Хуыцауы,
аргъуыц кӕндзысты Израилы Хуыцауы раз.
24Уӕд, галиу фӕндӕгтыл чи адзӕгъӕл,
уыдонмӕ ӕмбаргӕ зонд ӕрцӕудзӕн,
ӕнӕсӕттонтӕ коммӕ кӕсын базондзысты».
Copyright information for
OssIBT2022