Isaiah 3
Тӕрхон Йерусалим ӕмӕ Иудейӕн
1Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,Йерусалим ӕмӕ Иудейӕн байсдзӕни
сӕ алы ӕххуыс ӕмӕ ӕнцойгӕнӕн быцӕу,
сӕ дон ӕмӕ сӕ къӕбӕры хай,
2се’хсарджын балхонты ӕмӕ сӕ хӕстонты,
тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ пехуымпарты,
зонынджынты ӕмӕ мыггӕгты хистӕрты,
3ӕфсады хицӕутты, уӕздӕтты,
уынаффӕгӕнджыты, дӕсныфӕрсджыты
ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты.
4Хъуымызбылты сын скӕндзӕни фӕтӕгтӕ,
сабитӕ сын суыдзысты хицӕуттӕ.
5Иу адӕймаг ӕфхӕрдзӕн иннӕйы,
хион — хионы;
ӕрыгӕттӕ хъаздзысты зӕрӕдтӕй,
ӕнӕрӕгъыдзыдтӕ — уӕздӕттӕй.
6Йӕ хӕдзарвӕндагӕй искӕуыл,
йе’фсымӕрыл ныххӕцдзӕни адӕймаг ӕмӕ зӕгъдзӕн:
«Уӕлӕфтау ис дӕуӕн, ӕмӕ нӕ фӕтӕг у,
ацы кӕлддзӕгтӕн сӕрфат скӕн!»
7Уый йын сомытӕ кӕндзӕни:
«Ӕз хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕхгӕнӕг нӕ дӕн!
Мӕнӕн дӕр мӕ хӕдзары
нӕ къӕбӕр ис, нӕ — дарӕс,
ахӕм фӕтӕгӕй цы кӕнут?»
8Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд,
саст ӕрцыдис Иудей,
уымӕн ӕмӕ адӕм
дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр
Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой,
йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.
9Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр;
содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц,
нӕ сӕ сусӕг кӕнынц.
Додойаг кӕндзӕни сӕ къона,
уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.
10Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у:
йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.
11Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона!
Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.
12Хъуымызбыл залымтӕ
ӕфхӕрынц мӕ адӕмы,
сылгоймӕгтӕ кӕнынц ӕлдариуӕг.
Уӕ мӕ адӕм!
Дӕ раздзӕуджытӕ дӕ рӕдийын кӕнынц,
галиу фӕндагыл дӕ ардауынц ▼
▼Ацы стих иуӕй-иу тӕлмацтӕ нымайынц Хуыцауы комкоммӕ ныхасыл.
.Дунедарӕг — Йӕ адӕмы хистӕрты ӕмӕ уӕздӕтты ныхмӕ
13Дунедарӕг райдыдта тӕрхон кӕнын,адӕмтӕн тӕрхон кӕнынмӕ сыстади.
14Дунедарӕг адӕмы хистӕрты ӕмӕ ӕлдӕртты
азымджын кӕндзӕни:
«Мӕ сӕндон Мын ныггӕныстон кодтат.
Мӕгуырты исбон бастыгътат
ӕмӕ дзы уӕ къӕбицтӕ байдзаг кодтат.
15Чи уын радта уыцы бар,
ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы ӕфхӕрат,
мӕгуырты удхарӕй марат?» —
зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
16Дунедарӕг загъта:
«Сионы чызджытӕ ӕгӕр хъал сты,
фервӕссыдысты сӕхиуыл.
Сӕ сӕртӕ бӕрзӕндты хӕсгӕйӕ,
рацӕйцӕуынц ӕмӕ сӕ цӕстӕнгасӕй
цырен кӕнынц монцтӕ.
Куы рацӕйсирынц,
уӕд сӕ къӕхты фӕлындӕнтӕ
дзыгъал-мыгъул кӕнын байдайынц.
17Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Сионы чызджытӕн
сӕ сӕртӕ ныггӕмӕх кӕндзӕн,
сӕ бецыктӕ сын адасдзӕн».
18Уыцы бон сын Дунедарӕг байсдзӕни сӕ фӕлындӕнтӕ: къахылдарӕн цӕгтӕ, хурӕнгӕс фӕрдгуытӕ, мӕйӕнгӕс фӕрдгуытӕ, 19хъусцӕджытӕ, цонгдарӕнтӕ, цӕсгомӕмбӕрзӕнтӕ, сӕрбӕттӕнтӕ ӕмӕ къахылдарӕн рӕхыстӕ, рӕттӕ, хӕрздӕфгӕнӕнты къоппытӕ, дӕсныйы чингуытӕ, 20къухдарӕнтӕ ӕмӕ фындзцӕгтӕ, 21бӕрӕгбоны дарӕстӕ, пӕлӕзтӕ, чыссӕтӕ, 22айдӕнтӕ, хӕдӕттӕ, сарыхътӕ ӕмӕ кӕлмӕрзӕнтӕ. 23Уӕд хӕрздӕфы бӕсты
сӕ хай суыдзӕни смаг,
роны бӕсты — астӕубос,
къӕбӕлдзыджы бӕсты — цӕгӕр сӕр,
бӕрӕгбоны дарӕсы бӕсты — сӕхъис;
рӕсугъддзинады бӕсты — худинаг.
24Кардылӕфтыд фӕуыдзысты хӕсты быдыры
дӕ лӕппутӕ, де’хсарджынтӕ.
25Кӕудзӕни сахарыл йӕ кулдуар,
хъарӕг ыл кӕндзӕни,
сахар та гӕныстонӕй зӕххыл ӕрбаддзӕн.
Copyright information for
OssIBT2022