‏ Isaiah 30

Мысыримӕ цӕдис аразӕн нӕй!

1«Хивӕнд цот, додой сӕ къона! —
зӕгъы Дунедарӕг. —
Фӕндтӕ, уынаффӕтӕ кӕнынц Ме’вастӕй,
цӕдисонтӕ скӕнынц сӕхицӕн,
фӕлӕ Мӕ Уды амындӕй нӕ.
Афтӕмӕй тӕригъӕд тӕригъӕдыл ӕфтауынц.
2Мӕ пехуымпары ӕвастӕй ацӕуынц Мысырмӕ,
фараон нӕ сӕрыл рахӕцдзӕн,
йӕ базыры бын нӕ бакӕндзӕн, зӕгъгӕ.
3Фӕлӕ фӕхудинаг уыдзысты ахӕм сӕрылхӕцӕгимӕ,
сӕгад уыдзысты Мысыры базыры бын.
4Сӕ паддзахы барджынтӕ
ныридӕгӕн Цоаны сахармӕ бахӕццӕ сты,
сӕ минӕвӕрттӕ та — Ханесмӕ.
5Фӕлӕ фӕхудинаг уыдзысты се’ппӕт дӕр,
уымӕн ӕмӕ уыцы бӕстӕйы адӕмӕй
нӕдӕр ӕххуыс фендзысты,
нӕдӕр — пайда;
ӕрмӕст фӕхудинаг ӕмӕ фӕфидиссаг уыдзысты».

6Рагуац Негевы цӕрӕгойты тыххӕй:
«Уӕззау ӕргъӕмтты бын тӕссаг фӕндагыл
хуссармӕ фӕцӕуынц хайуантӕ.
Сӕ размӕ ӕвиппайды фӕвӕййынц
домбӕйттӕ, маргджын кӕлмытӕ
ӕмӕ фат-кӕлмытӕ.
Адӕм хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл
ласынц хъӕздыг лӕвӕрттӕ, хӕзнатӕ —
пайда кӕмӕй нӕ фендзысты,
уыцы адӕмӕн лӕварӕн.
7Мысырмӕ бынтон дзӕгъӕлы у сӕ каст,
ницы дзы рауайдзӕн ӕппындӕр.
Уымӕ гӕсгӕ Ӕз Мысыры схуыдтон
ӕнӕзмӕлгӕ Рахав
Куыд Псаломты чиныджы (88:1), стӕй Иовы чиныджы (26:12), афтӕ ам дӕр Рахав у, Дунедарӕг кӕуыл фӕуӕлахиз, уыцы кӕфхъуындар. Ацы ран Рахав — Мысыры аллегорион фӕлгонц.
.

8Уӕдӕ цу, фӕйнӕджы гӕбаз райс
ӕмӕ йыл, цыдӕриддӕр дын загътон, уыдӕттӕ ныффыс.
Уадз ӕмӕ уыцы фыст баззайа мыггагмӕ.
9Ацы адӕм хиваст сты,
фӕлывд цот Мын сты,
Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ хъусын сӕ нӕ фӕнды.
10Уыдон зонынджынтӕн фӕзӕгъынц,
мауал, дам, дзурут рагуацтӕ,
пехуымпартӕн та — мауал, дам, нын хъусын кӕнут
рагацау рӕстдзинад,
кӕнут нын козбау ныхӕстӕ,
дзурут нын зӕрдӕхцон цӕстылуайӕнтӕ.
11Рӕстдзинады фӕндагӕй, дам,
иуварс ахизут ӕмӕ нын
Израилы Уаз Хуыцауӕн
Йӕ кой дӕр мауал кӕнут.
12Уымӕ гӕсгӕ Израилы Уаз Хуыцау афтӕ зӕгъы:
„Сымах уӕхи кӕй атигъ кодтат ацы ныхасыл,
тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадыл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут,
13уымӕ гӕсгӕ, бӕрзонд быру куы аскъуыйы
ӕмӕ йын ӕвиппайды рафӕлдӕхынӕй
тас куыд вӕййы,
уыйау уыдзӕни сымах хъуыддаг дӕр
уӕ азымы тыххӕй.
14Уӕ хъысмӕт уыдзӕн,
ӕлыгӕй конд дурын
ӕнауӕрдонӕй куыд ныппырх кӕнынц, уый хуызӕн —
дурын базгъӕлӕнтӕ вӕййы,
ӕмӕ дзы иу сӕстаг дӕр ахӕм нал баззайы,
къонайы артӕй зынг цӕмӕй райсай,
донуатӕй дон цӕмӕй сисай“».

15Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау,
Израилы Уаз Хуыцау:
«Фӕстӕмӕ куы раздӕхиккат
ӕмӕ куы ӕрӕнцаиккат,
уӕд фервӕзиккат.
Уӕ зӕрдӕ Мыл куы дариккат,
куы Мыл ӕууӕндиккат,
уӕд уаиккат хъомысджын».
Фӕлӕ сымах уый нӕ фӕнды
16ӕмӕ дзурут, зӕгъгӕ,
бӕхтыл алидздзыстӕм.
Уӕдӕ алидздзыстут ӕцӕгдӕр!
Дзурут, зӕгъгӕ, фӕтары уыдзыстӕм дугъон бӕхтыл.
Гъемӕ уӕ фӕсте чи асура,
уыдон уӕ баййафдзысты.
17Иу лӕджы тасӕй уӕ
лидзӕг фӕуыдзысты мин лӕджы,
фондз лӕджы тасӕй та афтӕ лидздзыстут,
ӕмӕ ма уӕ чи баззайа,
уый уыдзӕни хохы цъуппыл сагъд наухъилау
кӕнӕ къуылдымы сӕрыл сагъд тырысайау.

18Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны
уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи;
фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын,
фӕтӕригъӕд уын кӕнын.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг
раст тӕрхоны Хуыцау у.
Тӕхудиаг сты,
йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!

Дунедарӕг Йӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ байгас кӕндзӕн

19Сионы хохыл цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм,
бирӕ нӕ калдзыстут уӕ цӕссыг.
Хуыцау уын ныббардзӕни,
куы Йӕм сдзыназат, уӕд.
Куыддӕр уын фехъуса уӕ дзыназын,
афтӕ уын дзуапп ратдзӕни.
20Дунедарӕг уӕ бафсаддзӕни
хъыджы дзулӕй, хъизӕмары донӕй.
Фӕлӕ уӕ Зондамонӕг
Йӕхи нал ӕмбӕхсдзӕн сымахӕй,
уӕ Зондамонӕджы уӕхи цӕстӕй фендзыстут.
21Уӕ фӕндагыл галиуӕрдӕм
кӕнӕ рахизӕрдӕм куы здӕхат,
уӕд уӕ фӕсчъылдымӕй фехъусдзыстут:
«Мӕнӕ ацы фӕндагыл ацӕут!»
22Уӕд уын фенад уыдзысты
уе’взистахуырст гуымирытӕ,
стӕй зӕриндонытылд гуымирытӕ.
Ӕлгъыст фӕут, зӕгъгӕ, зӕгъдзыстут
ӕмӕ сӕ фехсдзыстут бырӕттау.
23Хуыцау уын уӕ хоры хуымтӕн ратдзӕни къӕвда,
стӕй уӕ бафсаддзӕни дзаджджын тыллӕгӕй,
ныккӕнӕн дӕр нӕ уыдзӕни уӕ хортӕн.
24Уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджытӕ —
уӕ хуымтӕ уын чи бакусы, уыдон —
хӕрдзысты, бел ӕмӕ сагойӕ
дымгӕмӕ кӕй ныддардтой,
ахӕм холлаг, хуырхӕгимӕ хӕццӕйӕ.
25Фыдгултӕ цагъды куы фӕуой,
сӕ фидӕрттӕ куы ныппырх уой,
уыцы бон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕй
азгъордзысты суадӕттӕ, къададӕттӕ.
26Мӕй сӕрттивдзӕни хурау,
хур та, цы у, уымӕй авд хатты рухсдӕрӕй,
авд боны дӕргъы цы рухс ратты,
уый йын цыма иу бонмӕ
ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыйау.
Уыцы бон Дунедарӕг
бабӕтдзӕни Йӕ адӕмы цӕфтӕ,
байгас сын кӕндзӕни сӕ хъӕдгӕмттӕ.

Хуыцау тӕрхон кӕны Ассирийӕн

27Дардӕй ӕрбаввахс кӕны Дунедарӕджы ном!
Йӕ маст судзы пиллон артау,
ничи йын бафӕраздзӕн.
Йӕ ком — йемыдзаг мастӕй,
Йе’взаг — алцы ныхъуырӕг артау.
28Йӕ раулӕфт — абухгӕ фурдау,
куы раивылы ӕмӕ дзы лӕг
йӕ къубалы онг куы аныгъуылы, уыйау.
Уый адӕмты сӕфты сасирӕй балуардзӕн;
адӕмтыл бакӕндзӕни дзылар
ӕмӕ сӕ уый рӕдыд фӕндагмӕ сараздзӕн.
29Сымахӕн та азӕлдзысты уӕ зарджытӕ,
уӕ уаз бӕрӕгӕхсӕв куыд уыдис, афтӕ.
Цинӕй райдзӕни уӕ зӕрдӕ,
Хуыцауы хохмӕ, Израилы фидармӕ,
уадындзӕй цӕгъдгӕ чи ссӕуы, уыйау.
30Уӕд ныййазӕлдзӕни
Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс;
Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй
пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.
31Ассири ӕмризӕджы нырриздзӕн
Дунедарӕджы хъӕрӕй,
Йӕ лӕдзӕджы цӕфӕй.
32Йӕ лӕдзӕджы алы цӕфимӕ дӕр
айзӕлдзӕни далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд.
Дунедарӕг Ассирийы ныхмӕ
схӕцдзӕни Йӕхӕдӕг
ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕндзӕни.

33Рагӕй цӕттӕ у,
паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат;
арф ӕмӕ уӕрӕх у уый,
бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг.
Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни,
цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау.
Copyright information for OssIBT2022