Isaiah 31
Додой йӕ къона, Мысырӕй ӕххуысӕнхъӕл чи у, уымӕн
1Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы,се’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл,
сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе’ргом чи не здахы,
Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!
2Афтӕмӕй куырыхон у Уый:
фыдбылыз ӕруадздзӕн ӕмӕ Йӕ фӕнд нӕ аивдзӕн.
Уый сыстдзӕни ӕнӕхуыцӕутты,
фыдгӕнджытӕн ӕххуыс чи куры, уыдоны ныхмӕ.
3Мысырӕгтӕн нӕй Хуыцауимӕ абарӕн,
уыдон адӕмӕй уӕлдай ницы сты,
сӕ бӕхтӕ дӕр Уд нӕ, буар сты.
Дунедарӕг сӕм Йӕ къух сисдзӕн,
ӕмӕ фӕкӕлдзӕни сӕрылхӕцӕг,
кӕй сӕрыл хӕца, уый дӕр афӕлдӕхдзӕн,
ӕмӕ бабын уыдзысты иумӕ.
Дунедарӕг Йерусалимы сахар Йӕхӕдӕг фервӕзын кӕндзӕн ассириӕгтӕй
4Дунедарӕг мын загъта:«Домбай йӕ амӕттаджы сӕрмӕ куыд фӕрыхы,
суанг йӕ ныхмӕ бирӕ фыййӕуттӕ
куы’рӕмбырд вӕййынц, уӕд дӕр
сӕ хъӕрӕй ӕмӕ сӕ уынӕрӕй куыннӕ фӕтӕрсы,
афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр
тох кӕндзӕни Сионы сӕраппонд,
ацы хохы сӕрвӕлтау.
5Маргъ йӕ ахстоны сӕрмӕ
ратӕх-батӕх куыд байдайы,
йӕ лӕппынты бӕллӕхӕй бахизыны охыл,
афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр
бахиздзӕни Йерусалим,
бахъахъхъӕндзӕн ӕй, ныббардзӕн ын
ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕндзӕн».
6Израилы байзӕддӕгтӕ, уе’ргом раздахут, афтӕ тынг Кӕмӕй адард стут, Уымӕ! 7Сымах уӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ скодтат ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ сӕ уе’ппӕт дӕр аппардзыстут. 8«Ассириӕгтӕн се сӕфт ӕрцӕудзӕни кардӕй,
фӕлӕ адӕймаджы кардӕй нӕ;
карды амӕттаг фӕуыдзысты,
фӕлӕ уый адӕмы кард нӕ уыдзӕн.
Лидзӕг фӕуыдзысты кардӕй,
сӕ сахъ хӕстонтӕ суыдзысты цагъартӕ.
9Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн,
йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ —
ӕмризӕджы нырриздзысты
иудейаг тырысайы уындӕй!» —
зӕгъы Дунедарӕг,
Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы,
Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.
Copyright information for
OssIBT2022