Isaiah 32
Израилы фидӕны рӕстаг паддзах
1Рӕхджы уын уыдзӕни рӕстаг Паддзах,ӕмӕ уӕд паддзӕхтӕ
рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ хицауиуӕг кӕндзысты.
2Алчидӕр сӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕни,
сис дымгӕйӕ куыд бахизы,
уӕлхӕдзар — тыгъдызӕйӕ,
суадӕттӕ хус быдыры куыд бахъӕуынц,
бӕрзонд къӕдзӕхы аууон ӕдзӕрӕг ран
фӕллад лӕгӕн куыд баххуыс кӕны, уыйау.
3Уӕд адӕмӕн сӕ цӕстытӕ
райдайдзысты уынын,
хъустӕ — хъусын.
4Рӕузондты сӕры бацӕудзӕни зонд,
гуылӕвзӕгтӕ райдайдзысты раст дзурын.
5Ӕдылыдзӕфӕй, кадджын у, зӕгъгӕ, нал дзурдзысты
фӕлитойы нал хондзысты ӕууӕнкджын.
6Уымӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцау
ӕнӕхуыцау ныхӕстӕ кӕны,
фыдвӕндтӕ кӕны йӕхимидӕг,
ӕнӕхуыцау сты йӕ митӕ,
Дунедарӕджы тыххӕй тӕригъӕд дзуры,
ӕххормагӕн комдзаг хӕлӕг кӕны,
дойныйӕ мӕлӕгӕн — дон.
7Фӕлитой адӕймаг фыдбылыз аразӕг у,
тӕрхоны раз йӕ налат ӕвзаг суадзы
ӕмӕ мӕгуыр лӕджы бабын кӕны рӕстӕй.
8Ӕууӕнкджын лӕгӕн та
йӕ фӕндтӕ дӕр ӕфсармджын сты.
Алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг у йӕ цӕсгом.
Фӕдзӕхст Йерусалимы сылгоймӕгтӕн
9Ӕнӕсагъӕс сылгоймӕгтӕӕмӕ ӕнӕмӕт чызджытӕ,
ӕрбайхъусут-ма, цы уын зӕгъон, уымӕ!
10Иу афӕдз ӕмӕ къорд боны фӕстӕ
фыр тӕссӕй нырриздзыстут, ӕнӕмӕттӕ!
Уымӕн ӕмӕ нӕдӕр сӕнӕфсиртонӕнтӕ ралӕудзысты,
нӕдӕр — тыллӕгӕфснайӕнтӕ.
11Ӕмризӕджы ризут, ӕнӕмӕттӕ!
Тӕрсут, ӕнӕмӕттӕ!
Уӕ дарӕстӕ раласут
ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнут.
12Фыр адӕргӕй хойут уӕ риутӕ!
Кӕут рӕсугъд хуымтӕ
ӕмӕ сӕнӕфсиры зад талайыл!
13Кӕут Мӕ адӕмы хуымтыл:
каконтӕ ӕмӕ сындзыты бын фӕуыдзысты.
Кӕут, уымӕн ӕмӕ хӕдзӕртты
бамыр уыдзӕни цин,
сахары мидӕг хъӕлдзӕгӕн
йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн.
14Уымӕн ӕмӕ галуан дӕр сафтид,
сахар дӕр федзӕрӕг уыдзӕн.
Ныккӕлдзысты Офел ▼
▼Йерусалимы хай, Мӕскуыйы Кремлӕн цы ахадындзинад ис, уымӕн дӕр — ахӕм.
ӕмӕ хъахъхъӕнӕн мӕсыг,ӕмӕ дзы мыггагмӕ ӕрбынат кӕндзысты
хъӕддаг хӕрджытӕ,
ривӕд дзы кӕндзысты фосы дзугтӕ,
15цалынмӕ ныл Дунедарӕг бӕрзондӕй
Йӕ Уды арфӕ не’руадза, уӕдмӕ.
Ӕмӕ уӕд ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни дыргъдон,
дыргъдон та хъӕды хуызӕн суыдзӕн.
16Уӕд Хуыцауы раст тӕрхон
ӕрфидар уыдзӕн алы ран дӕр,
ӕдзӕрӕг быдыры уа ӕви дыргъдоны.
17Уӕд раст тӕрхоны фӕрцы
мыггагмӕ ӕрбынӕттон уыдзысты фарн,
ӕнцой ӕмӕ ӕдасдзинад.
18Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран,
ӕдас, ӕнӕмастӕй.
19Их-иу куы ныууара —
ӕрмӕстдӕр хъӕды бӕлӕстыл.
Сахары цӕрджытӕ-иу
дӕлвӕзмӕ ӕрхиздзысты ӕдасӕй,
ӕнӕкъуылымпыйӕ.
20Тӕхудиаг уыдзыстут:
байтаудзыстут донӕфсӕст хуымтӕ иууылдӕр,
алы ран хиздзыстут уӕ галтӕ
ӕмӕ уӕ хӕрджыты.
Copyright information for
OssIBT2022