‏ Isaiah 33

Фидӕны ӕдас замантӕ Сионы хохыл

1Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг,
ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци!
Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг,
ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци!
Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын
куынӕуал фӕразай,
уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты,
дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.

2Дунедарӕг, тӕригъӕд бакӕн,
мах нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм,
ӕрвылрайсом нӕ цонджы хъару басгуых,
фыд заман нӕ фервӕзын кӕн!
3Дӕ хъӕлӕсы ныннӕрдӕй
адӕмтӕ лидзӕг фесты,
Дӕ бынатӕй сыстадтӕ —
фӕйнӕрдӕм ныххӕлиу сты.
4Мӕтыхтау уын уыдон
уӕ фӕллоймӕ бырстой,
мӕтыхты ӕвзӕнау ыл сӕхи цавтой.

5Цытджын у Хуыцау, уӕлӕрвты цӕрӕг!
Сионы хохыл ӕрфидар кӕндзӕн
Йӕ раст тӕрхон.
6Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур,
фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад,
уӕлзонд ӕмӕ зонынад,
Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.

7Йерусалимы цӕрджытӕ
хъӕр кӕнынц уынгты,
фидыды минӕвӕрттӕ
сӕхи кӕуынӕй марынц.
8Фӕндӕгтӕ сафтид сты,
цӕуӕг сыл нӕй.
Фыдгулты паддзах йӕ ныхас фӕсайдта,
гадзрахатӕй ныл рацыд,
фидыды ӕвдисӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардта.
Нӕ адӕм ӕм нымады дӕр не сты.
9Зӕхх ныххус ис, хъӕрзы.
Ливан уӕнтӕхъилӕй баруад,
Шарон ӕдзӕрӕг фестад,
Башан ӕмӕ Кармелы бӕлӕстӕн
сӕ сыфтӕр азгъӕлд.

10Дунедарӕг зӕгъы:
«Ныр Ӕз растдзынӕн, слӕудзынӕн
ӕмӕ Ме’ппӕт хъомыс раргом кӕндзынӕн.
11Хосӕнхъӕлӕй хъӕмп ныййардзыстут.
Уӕхи комулӕфт уын артау уӕхи басудздзӕн.
12Адӕмтыл удӕст чъыры бон акӕндзӕн,
бынсыгъд бауыдзысты хӕмпӕлгӕрдӕгау.
13Дард Мӕм стут ӕви хӕстӕг —
иууылдӕр ӕрбайхъусут
ӕмӕ Мын Мӕ хъомыс базонут!»

14Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты,
ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой:
«Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн?
Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын
кӕй бон бауыдзӕн?»
15Ӕрмӕстдӕр уый бон,
йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты,
ӕдзух йе’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры,
мулк скӕныны охыл искӕй чи не’фхӕры,
гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны
уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы,
хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.
16Ахӕм уаг кӕмӕдӕриддӕр уа,
уыдонӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ уыдзысты бӕрзонд,
ӕдас ран — хӕхты фидӕртты.
Къӕбӕр ӕмӕ сӕ доны мӕт никуы уыдзӕн.

Дунедарӕг — нӕ Паддзах

17Уӕхи цӕстӕй фендзыстут
уӕ цытджын Паддзахы,
фендзыстут парахат бӕстӕ.
18Ӕрмӕстдӕр ма
уӕ мысинӕгты баззайдзысты
ацы ныхӕстӕ: «Мӕнӕ не’фхӕрджытӕ»,
«Мӕнӕ хъалонисджытӕ»,
«Мӕнӕ, нӕ фидӕрттыл нын
йӕ цӕст чи ӕрӕвӕрдта, уыдон».
19Никуыуал фендзыстут
уыцы къӕйных адӕмы,
нал сын фехъусдзыстут се’нахуыр,
сӕ зынӕмбарӕн ӕвзаг.

20Уӕ цӕст ахӕссут Сионыл,
нӕ бӕрӕгбӕтты сахарыл,
ӕмӕ фендзыстут Йерусалим,
йӕ фӕрнджын бынат,
йе’нӕфенкъуысгӕ Уаз цатыр.
Уымӕн йӕ цӕджындзтӕ
никуы ӕрцӕудзысты къахт,
никуы атондзӕн йӕ бӕндӕнтӕй иу дӕр.

21Уыцы сахар фыдгулӕй бахизынӕн
нал бахъӕудзӕн йӕ алыварс
цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттӕ кӕнын,
Дунедарӕг ӕй хъахъхъӕндзӕн Йӕхӕдӕг.
Фыдгулты бӕлӕгътӕ ӕмӕ наутӕй
сахармӕ иу дӕр ӕввахс не’рбацӕудзӕн.

22Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг
нӕ Тӕрхонгӕнӕг у,
нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах!
Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.

23Нӕ бӕстӕ у денджызы науау,
йӕ бӕндӕнтӕ — лӕмӕгъ,
сӕ бон нал у наухъилтӕ бауромын,
наупӕлӕзтӕ ныттынг кӕнын.
Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм заман,
ӕмӕ, фыдгултӕй цы бирӕ фӕллой баззайа,
уый дихгонд ӕрцӕудзӕн нӕ адӕмыл,
суанг ма къуылыхтӕ дӕр
райсдзысты се’фтиаджы хай.
24Бӕстӕйы цӕрджытӕй
ничиуал рахъаст кӕндзӕн,
ӕдзухъом, рынчын дӕн, зӕгъгӕ.
Се’ппӕтӕн дӕр барст ӕрцӕудзӕни сӕ азым.
Copyright information for OssIBT2022