Isaiah 34
Едомы сӕфт
1Ӕввахс ӕрбалӕуут,алы адӕмтӕ, алы знӕмтӕ!
Лӕмбынӕг ӕрбайхъусут!
Ӕрбайхъусӕд ӕгас дуне,
ӕппӕт зӕхх йӕ цӕрджытимӕ!
2Дунедарӕджы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм,
ӕппӕт дзыллӕтӕм.
Йӕ азары амӕттаг сӕ бакодта,
мӕлӕты тӕрхон сын рахаста.
3Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты уӕлӕуыл
ӕмӕ сысмаг уыдзысты,
хӕхтӕ ныуудӕсдзысты сӕ туджы.
4Стъалытӕ бастъӕлдзысты,
уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты
тухгӕ чиныгау,
сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис,
уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты,
сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау.
5Уӕлӕрвты кардӕлвӕстӕй
лӕууы Дунедарӕг,
тӕрхон кӕнынмӕ ӕрхиздзӕн Едоммӕ,
Йӕ азары амӕттаг бакӕнинаг кӕй у,
уыцы адӕммӕ.
6Туг ӕмӕ сой лӕдӕрсдзысты
Дунедарӕджы кардӕй,
фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ’ргӕвдгӕйӕ
куыд вӕййы, афтӕ.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг
кусарт кӕндзӕни Боцрайы сахары,
бирӕ ӕргӕвстытӕ уыдзӕн Едомы зӕххыл.
7Семӕ афӕлдӕхдзысты хъӕддаг галтӕ дӕр,
родтӕ ӕмӕ хъомылтӕ.
Зӕхх ныддымсдзӕни сӕ тугӕй,
ныттыппыр уыдзӕни сӕ фиуӕй.
8Уый уыдзӕни Дунедарӕджы мастисӕн бон,
Сионы фыдгултӕн се сӕфты заман.
9Едомӕн йӕ дӕттӕ фестдзысты писи,
йӕ мӕр — сондон.
Афтӕмӕй йӕ зӕхх иууылдӕр
фестдзӕни судзгӕ писи,
10судздзӕн ӕппынӕдзух,
бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр.
Йӕ фӕздӕг калдзӕн ӕнусты,
мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни ӕдзӕрӕг,
лӕджы къах ыл никуыуал ауайдзӕн.
11Фестдзӕни зымтӕ ӕмӕ уызынты бӕстӕ,
сидахъхъытӕ ӕмӕ сынтыты цӕрӕн.
Дунедарӕг ӕй абардзӕни бӕндӕнӕй
ӕмӕ йын йӕ арӕнтыл алырдыгӕй
ӕрӕвӕрдзӕн арӕндуртӕ,
цӕмӕй мыггагмӕ уа гӕныстон ӕмӕ ӕдзӕрӕг.
12Иу дӕр нал баззайдзӕн Едомы уӕздӕттӕй,
йе’лдӕрттӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.
13Каконтӕ, сындзкъутӕр
ӕмӕ ичъийы бын фӕуыдзысты
сӕ галуантӕ, сӕ фидӕрттӕ.
Фестдзысты мӕрдтыбирӕгъты цӕрӕнтӕ,
страусты бадӕнтӕ.
14Уым кӕрӕдзиуыл ӕмбӕлдзысты
хъӕддаг гӕдытӕ ӕмӕ гиенӕтӕ,
хъӕддаг сӕгътӕ уым кӕрӕдзимӕ сиддзысты.
Ӕхсӕвдзу ӕндӕргтӕ дзы
уадздзысты сӕ фӕллад.
15Ахстон дзы скӕндзӕни калм,
ӕйчытӕ дзы ӕрӕфтаудзӕн
ӕмӕ-иу сыл ӕрбаддзӕн.
Цъиусуртӕ дзы ӕмбырд кӕндзысты.
16Дунедарӕджы чиныгмӕ ӕркӕсут
ӕмӕ базонат: уыдон иууылдӕр
къайгай уыдзысты уым.
Уымӕн ӕмӕ сын уый
Дунедарӕгӕн Йӕхи фӕдзӕхст у,
ӕрӕмбырд сӕ кӕндзӕн Йӕ Уды фӕрцы.
17Алкӕй тыххӕй дӕр дзы хал сӕппардзӕн
ӕмӕ бӕндӕнӕй абардзӕн Едомы зӕххӕй.
Ӕмӕ уыцы хӕйттӕ ӕнусты уыдзысты сӕ бар,
цӕрдзысты дзы мыггагӕй-мыггагмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022