‏ Isaiah 35

Фидӕны фарн

1Райӕд фыр цинӕй ӕдзӕрӕг быдыр
ӕмӕ хус зӕхх,
ӕрнӕг тыгъдад цинхъӕр кӕнӕд ӕмӕ
дидинфӕз фестӕд!
2Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд,
ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон!
Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад,
фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд!

Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной
не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!

3Хъару та бауадзут уӕ лӕмӕгъ ӕмӕ ӕдых цӕнгты,
ӕндон фестӕнт уӕ ризгӕ уӕрджытӕ!
4Ныфссаст чи у, дзурут сын: фидар лӕуут,
мацӕмӕй тӕрсут, уӕ Хуыцау ӕрцӕуы,
фыдгултӕй райсдзӕн уӕ маст,
ӕрцӕуы — сӕрибар уын ратдзӕн.

5Уӕд куырмытӕн
байгом уыдзысты сӕ цӕстытӕ,
байгом уыдзысты къуырматӕн сӕ хъустӕ;
6асӕррӕтт кӕндзӕни сагау къуылых,
гоби чи уыди, уый цины хъӕр сисдзӕн.

Фестдзӕни суадӕтты гуырӕн сыгъд быдыр,
тыгъд быдыр — цӕугӕдӕтты бӕстӕ.
7Тӕвд змис кӕм уыди, уым фестдзӕни цад,
хуыскъ зӕххы та суадӕттӕ кӕлдзӕн.
Мӕрдтыбирӕгътӕн сӕ цӕрӕн кӕм уыд —
цъӕх-цъӕхид фӕз фестдзӕн,
уым зайдзӕн цъӕнут ӕмӕ хъӕз.
8Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым,
Уазвӕндаг — йӕ ном.
Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не’рӕвӕрдзӕн,
уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн,
ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн,
фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.
9Никуы фендӕуыдзӕн уыцы фӕндагыл
домбай кӕнӕ’ндӕр тугдзых сырд.
Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта,
уыцы адӕм ыл цӕудзысты ӕрмӕстдӕр.

10Дунедарӕг сӕрибар кӕмӕн радта, уыдон
здӕхдзысты уыцы фӕндагыл Сионмӕ.
Азӕлдзӕн дардыл сӕ цинхъӕр,
мыггагмӕ сӕ цӕстытӕй ивылдзӕн цин.
Алцӕмӕй уыдон уыдзысты райгонд,
ферох кӕндзысты сӕ хъыг ӕмӕ маст.
Copyright information for OssIBT2022