‏ Isaiah 36

Ассириӕгтӕ бырсынц Йерусалиммӕ

1Езекиайы паддзахдзинады цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб Иудейы фидар сахарты ныхмӕ хӕцынмӕ ралӕууыд ӕмӕ сӕ бацахста. 2Ассирийы паддзах Лахишӕй Йерусалиммӕ паддзах Езекиамӕ бирӕ ӕфсадимӕ арвыста йӕ хистӕр дзагдары. Уый ӕрлӕууыди, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уый дзыхмӕ. 3Уырдӕм ӕм рацыдысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны бӕрнон, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — азфыссӕг.

4Ассирийы паддзахы хистӕр дзагдар сын афтӕ: «Езекиайӕн зӕгъут, Ассирийы цытджын паддзах дӕ фӕрсы, ахӕм ныфс дӕм кӕцӕй ис, зӕгъгӕ. 5Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ мӕ тохвӕлтӕрд ӕмӕ хъомысджын ӕфсады ныхмӕ дӕ афтид ныхӕсты фӕрцы исты сарӕхсдзынӕ? Кӕмӕй дӕ ис ахӕм ныфс, ӕмӕ мӕ ныхмӕ ралӕууай? 6Дӕ зӕрдӕ Мысырыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, уыцы хъӕзы цъӕл зӕнгыл дарыс. Уыйау у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн. 7Намӕ мын афтӕ куы зӕгъай, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй ныфсджын стӕм, уӕд Уый дӕр Чи у? Ды, Езекиа, Кӕй кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ аивтай, Уый? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн цӕй тыххӕй бафӕдзӕхстай, ӕрмӕстдӕр Йерусалимы цы нывондхӕссӕн ис, ууыл хӕссут нывӕндтӕ, зӕгъгӕ? 8Гъемӕ уӕдӕ ме’лдаримӕ, Ассирийы паддзахимӕ, бафидау, ӕмӕ дын уый ратдзӕни дыууӕ мин бӕхы, кӕд сын барджытӕ ссарай, уӕд. 9Уый зон, ӕмӕ ме’лдары ӕфсады хицӕуттӕн сӕ лӕмӕгъдӕрыл дӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, Мысыры бӕхӕфсад куы’рбакӕнай, уӕд дӕр. 10Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы ӕвастӕй ӕрбабырстон уӕ зӕхмӕ, йӕ ныддӕрӕн кӕнынмӕ? Дунедарӕг мын загъта, цӕугӕ уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ ныддӕрӕн кӕн, зӕгъгӕ».

11Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Немӕ, дӕ цагъартимӕ, арамейаг ӕвзагыл дзур, уымӕн ӕмӕ йӕ мах ӕмбарӕм. Иудейагау нӕм ма дзур, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой».

12Паддзахы дзагдар загъта: «Афтӕ’нхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ ме’лдар ӕрмӕст де’лдармӕ ӕмӕ дӕумӕ рарвыста? Уалӕ сисыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ рарвыста, уымӕн ӕмӕ рӕхджы иумӕ хӕрдзыстут уӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзыстут уӕ доныхуыпп».

13Стӕй паддзахы дзагдар дзуттагау хъӕрӕй загъта: «Ӕрбайхъусут Ассирийы цытджын паддзахы ныхасмӕ! 14Афтӕ зӕгъы паддзах. Езекиа уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд! Уымӕ сымах фервӕзын кӕныны хъару нӕй. 15Дунедарӕгӕй дӕр уын зӕрдӕ ма’вӕрӕд, ма дзурӕд, фервӕзын нӕ кӕндзӕн ӕмӕ ацы сахар Ассирийы паддзахы къухтӕм лӕвӕрд не’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ. 16Ма хъусут Езекиамӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах зӕгъы, мемӕ бафидаут ӕмӕ уӕхи раттут мӕ къухмӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕра йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуитӕй, нуаза йӕ цъайы донӕй, 17цалынмӕ уӕм не’рбацӕуон ӕмӕ уӕ нӕ акӕнон уӕ зӕххы халдих зӕхмӕ, дзул ӕмӕ сӕн, дыргътӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ кӕм ис, уыцы зӕхмӕ. 18Ӕрмӕст уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд Езекиа, ма дзурӕд, Дунедарӕг нӕ фервӕзын кӕндзӕни, зӕгъгӕ. Адӕмты хуыцӕуттӕй искӕмӕн бантыст йӕ адӕмы Ассирийы паддзахы азарӕй бахизын? 19Кӕм сты Хамат ӕмӕ Арпады хуыцӕуттӕ? Цы фесты Сефарваимы хуыцӕуттӕ? Самарийы сахар, мыййаг, бахызтой мӕ фыдӕхӕй? 20Ацы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй кӕмӕн бантыст йӕ бӕстӕ мӕ фыдӕхӕй фервӕзын кӕнын? Уӕдӕ Дунедарӕг дӕр куыд хъуамӕ бахиза мӕ азарӕй Йерусалимы сахар?»

21Иууылдӕр ӕм хъуыстой ӕнӕ хъыпп, ӕнӕ сымӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ. 22Паддзах Езекиамӕ скъуыдтӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны бӕрнон, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — азфыссӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.
Copyright information for OssIBT2022