Isaiah 37
1Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, скодта сӕхъис ӕмӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ бацыд. 2Йӕ галуаны бӕрнылӕг Елиакимы, нымӕрдар Шевнайы ӕмӕ хистӕр сауджынты, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй арвыста Амоцы фыртмӕ, пехуымпар Исайамӕ. 3Уыдон ын загътой: «Езекиа афтӕ зӕгъы: ацы бон нӕ Хуыцау бафхӕрдта нӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Нӕ фыдох ӕмӕ нӕ худинаджы заман ралӕууыд. Арын афон ӕрхӕццӕ ис, фӕлӕ ныййарынӕн хъару нӕй. 4Ассирийы паддзах йӕ хистӕр дзагдары ӕрбарвыста цардӕгас Хуыцауӕн фидистӕ кӕнынмӕ. Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы фехъусид, куыд ӕй фауынц, уый! Гъемӕ скув, удӕгас ма нӕ чи баззад, уыдоны тыххӕй». 5Паддзах Езекиайы дӕлдӕртӕ Исайамӕ бацыдысты ӕмӕ йын паддзахы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой. 6Исайа сын загъта: «Уӕ хицауӕн зӕгъут, Дунедарӕг дын, зӕгъ, фӕдзӕхсы, Ассирийы паддзахы дӕлдӕртӕ Мӕн цы ныхӕстӕй фаудтой, уыдонӕй ма тӕрс. 7Ӕз ын йӕ фӕнд аивын кӕндзынӕн. Ахӕм хабар фехъусдзӕн, ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн».Ассириӕгты ног ӕртхъирӕнтӕ
8Ассирийы паддзахы сӕйраг уырдыгыстӕг аздӕхти фӕстӕмӕ, ӕмӕ йӕм фӕндагыл фӕхабар чындӕуыд, Санхериб Лахишы сахар ныууагъта, зӕгъгӕ. Йӕ паддзахы баййӕфта Ливнӕйы сахары ныхмӕ хӕцгӕйӕ. 9Санхерибмӕ фӕхабар чындӕуыд, Эфиопийы паддзах Тирхака йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацыди, зӕгъгӕ. Иудейаг паддзах уый куы фехъуыста, уӕд иудейаг паддзах Езекиамӕ минӕвӕрттӕ арвыста, 10цӕмӕй йын зӕгъой: «Сайгӕ дӕ кӕны дӕ Хуыцау, дӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарыс, Уый, Йерусалим Ассирийы паддзахы къухтӕм нӕ бахаудзӕн, зӕгъгӕ дын кӕй дзуры, уымӕй. 11Ӕнӕфехъусгӕ нӕ фӕуыдаис, Ассирийы паддзӕхтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕн цытӕ бакодтой ӕмӕ сӕ куыд бабын кодтой, уый. Уӕд ма ды та куыд аирвӕздзынӕ? 12Ау, мӕ фыдӕлтӕ кӕй ныццагътой, уыцы адӕмты — Гозан, Харан, Рецеф ӕмӕ, Телассары чи ис, уыцы Едены цӕрджыты — сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой? 13Кӕм сты ныр Хамат ӕмӕ Арпады паддзӕхтӕ? Цы фесты Сефарваимы, Хенайы ӕмӕ Иввайы паддзӕхтӕ?»Езекиайы куывд
14Езекиа минӕвӕртты къухӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакаст. Уый фӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз райхӕлдта. 15Езекиа Дунедарӕгмӕ скуывта: 16«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды дӕ дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау. Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх. 17О Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Ӕркӕс нӕм ӕмӕ фехъус, Санхериб Дӕуӕн, цардӕгас Хуыцауӕн, цы фидистӕ кӕны, уый. 18Ӕцӕгдӕр, о Дунедарӕг, Ассирийы паддзӕхтӕ ныггӕныстон кодтой ӕппӕт ацы бӕстӕтӕ, 19басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон хуыцӕуттӕ нӕ уыдысты. Адӕймаг сӕ хъӕд ӕмӕ дурӕй скодта, ӕмӕ ассириӕгты бон уымӕн баци сӕ ныппырх кӕнын. 20Ды нӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕн Ассирийы паддзахӕй. Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый». 21Амоцы фырт Исайа арвыста Езекиамӕ, цӕмӕй йын рафӕзмой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, ныхӕстӕ: «Ды Мӕм ӕххуысагур скуывтай Ассирийы паддзах Санхерибы ныхмӕ, 22ӕмӕ йын Ӕз загътон:„Ӕлгъ дыл кӕндзыстыӕмӕ дыл худдзысты Сионы хохы цӕрджытӕ,
Йерусалимы адӕм.
23Кӕй фаудтай ды,
Кӕмӕн фӕкодтай фидистӕ?
Кӕуыл хъӕр кодтай,
Кӕмӕ кастӕ ӕнӕввӕрсон цӕстӕй?
Израилы Стыр Хуыцаумӕ.
24Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын.
Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам,
схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм.
Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ,
йӕ хуыздӕр кипаристӕ.
Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ,
бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.
25Ме знаджы зӕххыл дам-иу мӕхицӕн
скъахтон цъайтӕ мӕ дойны сӕттынӕн.
Мысырӕн, дам, йӕ цӕугӕдӕттӕ та
байсысын кӕндзынӕн мӕ къӕхты бын.
26Фӕлӕ-ма зӕгъ,
дӕ хъустыл никуы ӕрцыдис,
Ӕз уыдӕттӕ незаманты кӕй стӕрхон кодтон, уый?
Ныр сӕ ӕххӕст кӕнын,
ды сахартӕ куыд гӕныстон кӕныс,
куыд сӕ пырх кӕныс, уыцы хуызы.
27Сӕ цӕрджытӕн сӕ уд сӕ хъуырмӕ сси,
ризӕг сыл бахӕцыд,
худинаджы гакк сыл сбадти.
Систы сыгъд быдыры кӕрдӕгау —
куыддӕр схӕцы, афтӕ бахус вӕййы.
Кӕнӕ уӕлхӕдзӕртты тыд мӕнӕуау —
бахус вӕййы, ӕфсир нӕма рафтауы, афтӕмӕй.
28Цыдӕриддӕр дӕм фӕндтӕ фӕзыны —
зонын дын сӕ рагацау.
Зонын, Мӕ разы куыд къӕйных дӕ, уый дӕр.
29Дӕ къӕйных ӕмӕ де схъӕлдзинады кой
Мӕ хъустыл кӕй ауад,
уый тыххӕй дын дӕ фындзыл
цӕг бакӕндзынӕн,
дӕ дзыхы — идоны къӕбӕлтӕ
ӕмӕ дӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ,
ууылты фӕстӕмӕ аздахдзынӕн“.
30Дӕуӕн та, Езекиа, мӕнӕ нысан:
ацы аз хӕрут,
хӕдӕвзӕрдӕй цы хор ӕрзади, уый,
иннӕ аз дӕр хӕрдзыстут,
йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый,
ӕртыккаг аз та-иу байтаут
ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ,
скӕнут сӕндӕттӕ ӕмӕ хӕрут сӕнӕфсир.
31Уӕд та, Иудӕйы байзӕддагӕй чи фервӕза,
уыдон ауадздзысты арф уидӕгтӕ
ӕмӕ ратдзысты хъӕздыг тыллӕг.
32Уыцы байзӕддаг
рацӕудзӕн Йерусалимӕй, Сионы хохӕй.
Уыцы хъуыддаг ӕрцӕудзӕн,
Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыл ӕнувыд кӕй у,
уый фӕрцы.
33Уымӕ гӕсгӕ ма дын Ӕз, Дунедарӕг, ноджыдӕр зӕгъын:Ассирийы паддзах
нӕ бафтдзӕни ацы сахармӕ,
иу фат дӕр ыл не суадздзӕн,
нӕ йӕм бацӕудзӕни кард ӕмӕ уартимӕ,
нӕ йын самайдзӕн йӕ алыварс сыджытбыру.
34Ардӕм кӕуылты ӕрбацыд,
ууылты аздӕхдзӕни фӕстӕмӕ.
Нӕ йын бантысдзӕн ацы сахармӕ бабырсын.
Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг!
35Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар,
фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи
ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».
Дунедарӕджы зӕд цӕгъды ассириӕгты
36Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй. 37Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ аздӕхт Ассирийы паддзах Санхериб ӕмӕ баззади Ниневийы. 38Йӕ хуыцау Нисрохы кувӕндоны кувгӕ куыд кодта, афтӕмӕй йӕ кардӕй амардтой йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Сарецер ӕмӕ алыгъдысты Арараты бӕстӕм. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Есар-Хаддон.
Copyright information for
OssIBT2022