‏ Isaiah 38

Езекиайы фӕрынчын ӕмӕ йе сдзӕбӕхы ӕвдисӕйнаг

1Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Амоцы фырт, пехуымпар Исайа йӕм ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».

2Езекиа къулы’рдӕм азылди ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: 3«О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон».

Ӕмӕ ныккуыдта.

4 5Уӕд Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста, Езекиамӕ бацу ӕмӕ йын Мӕ номӕй, Давиды Хуыцауы номӕй, зӕгъ: «Дӕ куывд дын фехъуыстон, федтон дын дӕ цӕстысыг дӕр ӕмӕ ма дын дӕттын фынддӕс азы цӕрӕнбон. 6Ассирийы паддзахы фыдӕхӕй фервӕзын кӕндзынӕн дӕу дӕр ӕмӕ ацы сахар дӕр. Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн Йерусалим. 7Мӕнӕ дын нысан, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй. 8Ныртӕккӕ паддзах Ахазы конд асиныл дӕс къӕпхӕны бӕрц фӕстӕмӕ ссӕуын кӕндзынӕн хуры аууон».

Ӕмӕ хур фӕстӕмӕ ссыди, цы дӕс къӕпхӕныл ӕрхызти, уыдоныл.

Езекиайы бузныджы зарӕг

9Езекиа йӕ низӕй куы сдзӕбӕх, уӕд ныффыста ацы куывд: 10«Мӕхицӕн загътон,
мӕ царды тӕккӕ ӕмбисы мӕ
мӕрдтыбӕсты къӕсӕрыл бахизын хъӕуы.
11Дзырдтон, нӕ фендзынӕн Дунедарӕджы,
нӕ фендзынӕн Дунедарӕджы а дунейыл,
нал рацӕудзынӕн адӕмы’хсӕнмӕ.
12Мӕ цӕрӕнуат мын ахӕсдзысты
йӕ бынатӕй фыййауы мусонгау.
Тынуафӕг йӕ тын куыд батухы,
афтӕ батухдзынӕн мӕ цард.
Ды мын ӕй алыг кӕндзынӕ,
тынуафӕг цӕттӕ тын куыд алыг кӕны, уыйау.
Бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ кастӕн,
кӕрон мын кӕд скӕндзынӕ, уымӕ.
13Мӕхицӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон райсоммӕ,
кӕд фӕдзӕбӕх уаин, зӕгъгӕ,
фӕлӕ мын низ домбайау ме стӕг саста.
О, бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ кастӕн,
кӕрон мын кӕд скӕндзынӕ, уымӕ.
14Мӕ хъӕлӕс уыди
зӕрватыччы цъиу-цъиуы,
бӕлоны хъуырруйы хуызӕн.
Арвы бӕрзондмӕ кастӕн ныфссастӕй
ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг! Нал фӕразын,
фӕдзӕхсын дыл Мӕхи!“
15Ӕндӕр цы загътаин?
Йӕхӕдӕг мын сарӕзта,
ныфс мын цӕмӕй бавӕрдта, уый.
Ӕмӕ ныр ӕнцад ӕрвитдзынӕн
мӕ царды бонтӕ,
мӕ уды хъизӕмар мысгӕйӕ.
16О Дунедарӕг! Афтӕ цӕрынц адӕм,
уыдӕтты мидӕг — йӕ царды мидис мӕ удӕн.
Ды мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ,
цард мын балӕвар кӕндзынӕ.
17Мӕ хъизӕмар мын хорзӕрдӕм фӕци.
Ингӕны къӕсӕрӕй мӕ раздӕхтай,
мӕ тӕригъӕдтӕ мын
Дӕ фӕсчъылдыммӕ фехстай дард.
18Мӕрдтыбӕсты Дын ничи скад кӕндзӕн,
мард чи у, уый нӕ ныззардзӕн Дӕ кадӕн.
Ингӕнмӕ чи ныххиза,
уый Дыл нӕ бафӕдзӕхсдзӕн йӕхи.
19Ӕрмӕстдӕр ӕгас чи у,
уый Дын скӕндзӕни кад мӕнӕ мӕнау абон.
Фыд дзурдзӕн йӕ цотӕн,
цӕмӕй Дыл фӕдзӕхсой сӕхи.
20Дунедарӕг мӕ фервӕзын кӕндзӕн,
ӕмӕ, цалынмӕ цӕрӕм,
уӕдмӕ хъисфӕндыртӕй цӕгъддзыстӕм
Йӕ Кувӕндоны».

Езекиайы адзӕбӕх

21Исайа загъта: «Ӕрбахӕссӕнт легъуиты хустӕ, йӕ хӕфдзастыл ын сӕ ӕрӕвӕрӕнт, ӕмӕ уӕд сдзӕбӕх уыдзӕн».

22Езекиа бафарста: «Цӕмӕй базондзынӕн, ногӕй та Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуын мӕ бон суыдзӕн, уый?»
Copyright information for OssIBT2022