Isaiah 39
Вавилоны паддзахы минӕвӕрттӕ ӕмӕ Езекиа
1Уыцы заман Баладаны фырт Меродах-Баладан, Вавилоны паддзах, фехъуыста, Езекиа кӕй фӕрынчын ӕмӕ йӕ низӕй кӕй сдзӕбӕх ис, уыцы хабар ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ ӕрбарвыста фыстӕгимӕ. 2Езекиайӕн ӕхсызгон уыди минӕвӕртты ӕрбацыд. Равдыста сын йӕ хӕзнадоны ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтӕ, йӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, зынаргъ сой, йӕ хотыхты ӕфтауцуат ӕмӕ йе’ппӕт ӕвӕрӕнтӕ, йӕ хӕлц. Цы нӕ сын равдыста Езекиа, ахӕмӕй йӕм ницыуал баззад йӕ галуаны дӕр ӕмӕ йӕ паддзахады дӕр. 3Уӕд пехуымпар Исайа бацыди паддзах Езекиамӕ ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы дын дзырдтой уыцы адӕм? Кӕцӕй дӕм ӕрбацыдысты?» Езекиа загъта: «Дард бӕстӕй мӕм ӕрбацыдысты, Вавилонӕй». 4Исайа та йӕ ноджыдӕр фӕрсы: «Дӕ галуаны цы федтой?» Езекиа йын дзуапп радта: «Ницы сӕ басусӕг кодтон. Мӕ галуаны ӕмӕ ме’вӕрӕнты цыдӕриддӕр ис, уый сын равдыстон». 5Уӕд Исайа загъта Езекиайӕн: «Байхъус, уӕдӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕг цы зӕгъы, уымӕ! 6Ралӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ дӕ галуаны цыдӕриддӕр ис, дӕ фыдӕлтӕ ныронг цыдӕриддӕр исбон самал кодтой, уый Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзӕн, иу мисхалы бӕрц дӕр дын дзы нал ныууадздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. — 7Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл». 8Езекиа загъта: «Дунедарӕджы дзырд рӕстдзӕвин у». Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Фӕлӕ ма уӕддӕр, цалынмӕ ӕз цӕрон, уӕдмӕ ӕдас уӕд нӕ бӕстӕ, йӕ фарн ма фесӕфӕд!»
Copyright information for
OssIBT2022