Isaiah 4
1Уӕд авд сылгоймаджы иу нӕлгоймагыл ныххӕцдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты:«Нӕхицӕн къӕбӕр ӕмӕ дарӕснӕхӕдӕг амал кӕндзыстӕм,
ӕрмӕст нӕ дӕхицӕн устытӕ скӕн,
худинагӕй нӕ фервӕзын кӕн».
Йерусалимы цӕрджытӕ сыгъдӕджытыл нымад ӕрцӕудзысты
2Ахӕм заман ралӕудзӕн, ӕмӕ, Израилы ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдонмӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй фӕзындзӕнис ӕвзонг тала — зӕххы гуырдз, ӕмӕ уый Дунедарӕгӕн кӕндзӕни кад ӕмӕ цыт. 3Сионы цӕрджытӕй удӕгасӕй чи баззайа, Йерусалимы сахары чи аирвӕза ӕмӕ, цӕмӕй Йерусалимы цӕрой, уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ чиныджы фыст кӕмӕн ӕрцӕуой, уыдоны схондзысты уаз адӕм. 4Афтӕмӕй Дунедарӕг се’лгъаг чъизитӕ ӕрӕхсдзӕни Сионы чызджытӕн, Йӕ арттӕрхоны фӕрцы Йерусалимы сахар йӕ тугтӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. 5Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ. 6Адӕмӕн уыдзӕни цатырау, цӕмӕй сын аууон дара боны ӕнтӕфы, бааууон-иу сӕ кӕна къӕвда ӕмӕ тыгъдызӕйы заман.
Copyright information for
OssIBT2022