‏ Isaiah 40

«Дунедарӕгӕн фӕндаг скӕнут»

1Уӕ Хуыцау афтӕ зӕгъы:
«Ныфс бауадзут, ныфс,
Мӕ адӕмы зӕрдӕйы!
2Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут.
Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ,
фӕцыбыр сты,
дӕ азым дын барст ӕрцыди.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй
дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»

3Хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс:
«Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг
ӕдзӕрӕг быдыры,
сӕмраст кӕнут нӕ Хуыцауӕн Йӕ цӕуӕнтӕ.
4Алы дӕлвӕз дӕр йӕхиуыл схӕцӕд,
алы хох, алы къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд,
гакъӕттӕ сӕмраст уӕнт,
къуыппытӕ, дзыхъхъытӕ слӕгъз уӕнт.
5Ӕмӕ Дунедарӕджы кад раргом уыдзӕн,
ӕмӕ Йӕ алы адӕймаг дӕр фендзӕн!
Дунедарӕг Йӕхӕдӕг загъта афтӕ».

6Цавӕрдӕр хъӕлӕс мын загъта:
«Рахабар кӕн дӕ адӕмӕн!»
Ӕз бафарстон: «Цы сын рахабар кӕнон?»
«Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у,
рӕсугъдӕй та — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс.
7Кӕрдӕг бахус вӕййы,
дидинджытӕ баруайынц,
Дунедарӕг сыл куы бафу кӕны, уӕд.
О, адӕм кӕрдӕджы хуызӕн сты.
8Кӕрдӕг бахус вӕййы,
дидинджытӕ баруайынц,
фӕлӕ нӕ Хуыцауы дзырд та
баззайдзӕн ӕнустӕм».

9Бӕрзонд хохмӕ схиз, Сионы сахар,
фарны уац хӕссӕг!
Дӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕн,
фарны уац хӕссӕг Йерусалим!
Ныхъхъӕр кӕн, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс!
Мӕнӕ — уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ,
зӕгъ Иудейы сахартӕн!
10Ӕрцӕуы Дунедарӕг Хуыцау —
Уӕлахиздзау, хъомысджын ӕлдариуӕггӕнӕг.
Йӕ хъомыс дӕр ӕмӕ Йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр
Йӕхи бар сты.
11Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни,
уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы,
йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы,
сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл
рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны,
уыцы хорз фыййауы хуызӕн.

Хуыцау стыр у, гуымирытӕ та ницы сты

12Денджыз армыдзаггай
равдӕлон кӕнын кӕй бон у?
Кӕй бон у уылынгӕй
уӕлӕрвтӕ абарын?
Зӕххы сыджыт чи бацӕуын кӕндзӕни
къӕртайы мидӕг?
Хӕхтӕ ӕмӕ къуылдымтӕ
чи сбардзӕни тӕрӕзтыл?
13Дунедарӕджы Удӕн фӕндагаразӕг чи уыд?
Чи Йын уыди уынаффӕгӕнӕг?
Ахуыр Ӕй чи кодта?
14Кӕимӕ уынаффӕ кӕны,
чи Йын амоны зонд,
раст фӕндагыл Ӕй чи аразы?
Чи Йын дӕтты зонындзинӕдтӕ,
уӕлзонды фӕндаг Ын чи амоны?
15Адӕмтӕ — доны’ртах къӕртайы,
тӕразы уӕлӕ — рыджы мур.
Миты тъыфылау фелвасдзӕни
денджызы сакъадӕхтӕ.
16Ливаны хъӕды бӕлӕстӕ фаг не сты
Дунедарӕджы аккаг нывонд басудзынӕн,
йӕ цӕрӕгойтӕ та — иууылсудзинагӕн.
17Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ницы сты Йӕ разы —
ницыдзинадӕй, афтиддзинадӕй
къаддӕрыл нымад сты Уымӕ.
18Уӕдӕ кӕимӕ абаринаг стут Хуыцауы?
Кӕм ссардзыстут Уый хуызӕн?

19Ӕрмдӕсныйы арӕзт джиппыуагъд хуыцаугонд? Зӕрингуырд ӕй скӕны сыгъзӕринӕй, сфӕлынды йӕ ӕвзист рӕхыстӕй.

20Йӕ къух кӕмӕн нӕ амоны, уый та ахӕм лӕвар бакӕнынӕн равзары, ӕмбигӕ чи нӕ кӕны, ахӕм хъӕды лыггаг, ссары арӕхстджын ӕрмдӕсны, ӕмӕ йын уыцы хъӕдӕй скӕнын кӕны хуыцаугонд, йӕ бынаты фидар чи лӕууа, ахӕм.

21Ау, ницы’мбарут? Ницы фехъуыстат?
Нӕ уын загъдӕуыди тӕккӕ райдианӕй?
Зӕхх Чи скодта, уый уын ӕнӕзонгӕ у?
22Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый.
Зӕххыл чи цӕры, уыдон
цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты.
Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй,
ӕрцарӕзта сӕ цатырау,
цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.
23Зӕххон барджынтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ
Йӕ цуры ницы сты, ӕмӕ сӕ бабын кӕндзӕн.
24Куыддӕр сӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕцой ӕмӕ зӕгъой,
мӕнӕ ныр нӕ къӕхтыл
фидар слӕууыдыстӕм, зӕгъгӕ,
афтӕ сыл Дунедарӕг
дымгӕ радымын кӕндзӕн,
ӕмӕ бахус уыдзысты.
Уаддымгӕ сӕ ахӕсдзӕни зыгуымау.

25«Уӕдӕ Мӕ кӕй халдихыл нымайут,
Мемӕ чи бары йӕхи?» — зӕгъы Стыр Хуыцау.
26Уӕ цӕстытыл схӕцут уӕлӕмӕ,
скӕсут уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут,
Чи сӕ сфӕлдыста, Ууыл.
Чи сфӕлдыста уый бӕрц стъалытӕ?
Чи сӕ базмӕлын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсадау?
Уый сӕ алкӕцымӕ дӕр дзуры йӕ номӕй.
Иумӕ дӕр сӕ нӕ фӕвӕййы ӕнӕ фӕсидгӕ.

27Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ,
куыд дзурут сымах,
Дунедарӕг Хуыцау ныл нӕ тыхсы,
ферох нӕ кодта, зӕгъгӕ?
28Ау, ницы зонут? Нӕ фехъуыстат,
ӕнӕмӕлгӕ Дунедарӕг —
Дунедарӕг Хуыцау —
фӕллайгӕ ӕмӕ фӕлмӕцгӕ кӕй нӕ кӕны, уый?
29Фӕлмӕст ӕмӕ стад лӕгӕн
Йӕхӕдӕг куы дӕтты хъомыс.
30Ӕрыгон лӕппутӕ дӕр бастайынц,
сӕдых вӕййынц, сӕ къӕхтыл нал фӕлӕууынц.
31Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл
ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ.
Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты,
уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.
Copyright information for OssIBT2022