‏ Isaiah 41

Дунедарӕг скӕсӕнӕй ӕрбакӕны ирвӕзынгӕнӕджы

1«Ӕдзӕмӕй Мӕм хъусут,
денджызы сакъадӕхтӕ
ӕмӕ денджызгӕрон зӕххытӕ!
Сӕ хъарутӕ ӕрбамбырд кӕнӕнт адӕмтӕ,
ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ зӕгъӕнт,
тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм иумӕ, зӕгъгӕ!

2Скӕсӕны Чи растын кодта рӕстӕвзары,
Чи йӕ рацӕуын кодта Йӕ фӕдыл?
Йӕ дӕлбар ын бакодта адӕмты,
йӕ къӕхты бын — паддзӕхты.
Уый сӕ йӕ кардӕй фӕнык фестын кодта,
йӕ фатӕй сӕ ныззыгуым кодта.
3Йӕ разӕй сӕ ӕдӕрсгӕ айста,
йӕ къӕхтӕ зӕххыл дӕр нӕ ныдзӕвынц.

4Ацы хабӕрттӕ Кӕй фӕрцы ӕрцӕуынц,
уый Чи у?
Уый у, адӕмты фӕлтӕртӕн
райдианӕй нырмӕ дунейы рухс
Чи фенын кӕны, уыцы Хуыцау.
Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Райдианы дӕр Ӕз дӕн
ӕмӕ фӕстаг заман дӕр Ӕз уыдзынӕн».

5Денджызгӕрон сахарты цӕрджытыл, ацы цаутӕ фенгӕйӕ, ризӕг бахӕцыд,
зӕххы цъары алы кӕрӕтты дӕр
адӕм базыр-зыр кодтой.
Ӕрбангом сты, иумӕ ӕрбамбырд сты.

6Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц, фидар лӕуу, зӕгъгӕ. 7Ӕрмдӕсны разӕнгард кӕны згъӕртайынгӕнӕджы, хъӕсдарӕгыл згъӕр сыф тъӕпӕнгӕнӕджы. Зӕгъы йын, хорз у, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ зӕгӕлтӕй ныффидар кӕны, куыннӕ фенкъуыса, афтӕ.

Ма тӕрс, Израил, Дунедарӕджы цагъар

8«Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ!
Ӕз уӕ равзӕрстон лӕггад кӕнынмӕ,
Мӕ хӕлар Авраамы фӕстагӕттӕ!
9Фӕсидтӕн уӕм ӕмӕ уӕ
дунейы алы кӕрӕттӕй ӕрӕмбырд кодтон,
загътон уын, Мӕ цагъартӕ стут, зӕгъгӕ.
Ӕз уӕ равзӕрстон ӕмӕ уыл Мӕхи
нӕ атигъ кӕндзынӕн.
10Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн!
Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд,
уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн!
Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс,
баххуыс уын кӕндзынӕн
ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн
Мӕ хъомысджын къухӕй.
11Лӕбургӕ уӕм чи кӕны —
иууылдӕр худинаг ӕмӕ аллайаг фӕуыдзысты.
Уемӕ чи быцӕу кӕны —
заууатмӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ бабын уыдзысты.
12Уӕ фыдгулты уӕ цӕсты кӕронӕй дӕр
нал фендзыстут.
Уӕ ныхмӕ чи хӕцы,
уыдон зыбыты ницӕмӕ ӕрцӕудзысты.
13Уымӕн ӕмӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.
Уӕ рахиз къухыл уын хӕцын ӕмӕ уын зӕгъын,
ма тӕрсут, Ӕз уе’ххуысгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ.
14Ма тӕрсут, Израилы адӕм,
Йаковы байзӕддӕгтӕ!
Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат,
уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн
ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн.
Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау —
ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.
15Ӕз уӕ сарӕзтон найгӕнӕн дзоныгъ,
цыргъдӕндагджын, ӕмӕ банай кӕндзыстут,
ныххафдзыстут хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ,
рыг сӕ фестын кӕндзыстут.
16Дымгӕмӕ сӕ ныддардзыстут,
ӕмӕ сӕ дымгӕ ахӕсдзӕн,
уаддым сӕ ныххӕлиу кӕндзӕн.
Ӕмӕ уӕд бацин кӕндзыстут Дунедарӕгыл,
стаудзыстут Израилы Стыр Хуыцауы».

17Дунедарӕг загъта:
«Мӕ мӕгуыр, Мӕ гӕвзыкк адӕм
дойныйӕ мӕлынц ӕмӕ дон нӕ арынц,
донмондагӕй се’взаг сӕ комы ныххус ис.
Фӕлӕ сӕ Ӕз — Дунедарӕг,
Израилы Хуыцау — фехъусдзынӕн,
сӕ тыхсты сӕ нӕ ныууадздзынӕн.
18Хӕхтыл сын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ,
дӕлвӕзты сын фестын кӕндзынӕн суадӕттӕ,
ӕдзӕрӕг быдыры сын айтындздзынӕн цад,
сыгъд зӕххы азгъордзысты къададӕттӕ.
19Ӕдзӕрӕг быдыры
ныссадздзынӕн кедртӕ,
акъацитӕ, миртытӕ, оливӕ бӕлӕстӕ,
тыгъд быдыры — кипаристӕ, цымтӕ
ӕмӕ тӕрс бӕлӕстӕ,
20цӕмӕй феной ӕмӕ базоной,
ӕркӕсой ӕмӕ бамбарой:
Дунедарӕджы,
Израилы Стыр Хуыцауы, конд сты».

Мӕнгхуыцӕуттӕ ницы сты

21«Уӕ хъаст ӕрбахӕссут, —
зӕгъы Дунедарӕг. —
Бӕлвырдгӕнӕнтӕ равдисут», —
зӕгъы Йаковы Паддзах. —
22Уӕ хуыцӕуттӕ нын ӕрхӕссӕнт
бӕлвырд ӕвдисӕйнӕгтӕ,
рагацау фехъусын кӕнӕнт,
фидӕны цы ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕ.
Сӕ ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уой,
уӕд сыл баууӕнддзыстӕм.
23Зӕгъут нын, фидӕны цы ӕрцӕудзӕни
хорзӕй дӕр ӕмӕ фыдӕй дӕр, уый,
ӕмӕ уӕд базондзыстӕм,
сымах ӕцӕгдӕр хуыцӕуттӕ кӕй стут,
ӕмӕ уын аргъуыц кӕндзыстӕм.
24Фӕлӕ сымах уӕхӕдӕг дӕр ницы стут,
ӕмӕ уӕ митӕ дӕр ницы сты.
Чи уӕ нымайы, уый та ӕлгъаг у.

25Ӕз рӕстӕвзары ракодтон цӕгатӕй,
ӕмӕ ӕрбацӕуы. Скӕсӕнӕй Мӕм кувы.
Цъыфау йӕ къӕхты бын ссӕнды барджынты,
дурынгӕнӕг ӕлыг куыд фӕнӕмы, афтӕ.
26Сымахӕрдыгӕй рагацау чи загъта
уыцы рӕстӕвзары тыххӕй,
цӕмӕй мах дзӕвгар фӕстӕдӕр
балхынцъ кӕнӕм, раст загъта, зӕгъгӕ?
Ничи загъта, ничи фехъусын кодта.
Уӕ ныхӕстӕ уын хъусгӕ дӕр ничи фӕкодта.
27Иунӕг Ӕз загътон Сионы сахарӕн,
Йерусалимы цӕрджытӕн, мӕнӕ уӕм
фарны уац хӕссӕджы ӕрвитын, зӕгъгӕ.

28Афтӕмӕй Ӕз адӕмтыл афӕлгӕсыдтӕн,
ӕмӕ се’хсӕн иу хуыцау дӕр нӕ разынд,
зондӕй кӕй бафӕрсой, ахӕм.
Никӕй сӕм федтон,
кӕй бафӕрсон, ахӕм хуыцау.
29Афтӕмӕй, сӕхӕдӕг дӕр — ницы,
сӕ митӕ дӕр — ницӕйаг;
сӕ гуымирытӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, ницы сты.
Copyright information for OssIBT2022