Isaiah 42
Хуыцауы цагъар — адӕмтӕн рухсхӕссӕг
1Дунедарӕг загъта:«Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз,
Ме’взӕрст, Мӕ ахсджиаг.
Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн,
ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни
Мӕ раст тӕрхон.
2Быцӕу ӕмӕ хъӕр нӕ кӕндзӕн,
уынгты Йын Йӕ хъӕлӕс нӕ фехъусдзысты.
3Хъӕзы фаст зӕнг не’рбасӕтдзӕн
ӕмӕ ахуыссынӕввонг цырагъ
нӕ бамынӕг кӕндзӕн.
Ӕцӕг, Уый раст тӕрхон рахӕсдзӕн.
4Не сӕдых уыдзӕни, нӕ бастайдзӕни,
цалынмӕ зӕххыл раст тӕрхон ӕрфидар кӕна, уӕдмӕ.
Йӕ амындтытӕм Ын ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты
денджызгӕрон зӕххытӕ».
5Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта,
зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг,
зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты,
чидӕриддӕр зӕххыл цӕры,
уыдонӕн царды комулӕфт
Чи балӕвар кӕны, Уый:
6«Ӕз, Дунедарӕг, фӕсидтӕн Дӕумӕ,
Дӕ къухыл Дын хӕцдзынӕн
ӕмӕ Дӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй.
Ды — Мӕ Фидыд адӕмимӕ —
ӕппӕт адӕмтӕн рухс дӕ.
7Куырмытӕн байгом кӕндзынӕ сӕ цӕстытӕ,
ахӕстыты ракӕндзынӕ сӕ талынг ахӕстӕттӕй.
8Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Уый Мӕ ном у,
ӕмӕ Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн,
Мӕ намыс гуымирытӕн нӕ балӕвар кӕндзынӕн.
9Раздӕр цы загътон, уый сӕххӕст ис.
Ныр та зӕгъдзынӕн ног ныхас,
зӕгъдзынӕн ӕй рагагъоммӕ,
цалынмӕ нӕма сӕххӕст ис, уӕдмӕ».
Ног зарӕг скӕнут Хуыцауы кадӕн
10Дунедарӕджы кадӕн ныззарут ног зарӕг!Стаут Ӕй, денджыздзаутӕ,
денджызы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕтӕ,
зӕххы алы кӕрӕтты!
11Зарӕнт Ын ӕдзӕрӕг быдыры сахартӕ,
Кедары байзӕддаджы хъӕутӕ,
хӕхбӕсты адӕм хӕхты цъуппытӕй!
12Кад скӕнӕнт Дунедарӕгӕн,
стауӕнт ӕй алы бӕстӕты!
Хуыцау нал уромы Йӕ маст
13Дунедарӕг рацӕудзӕни гуыппырсарау,разӕнгард уыдзӕни хӕцынмӕ.
Уӕлахизы хъӕр ныккӕндзӕн
ӕмӕ Йӕ хъомысӕй
ныффалгӕрон кӕндзӕни Йе знӕгты.
14Дунедарӕг зӕгъы:
«Дзӕвгар фӕурӕдтон Мӕхи, ницы дзырдтон.
Фӕлӕ ныр арӕг сылгоймагау
хъӕрахст кӕнын, тыхулӕфтгӕнгӕ.
15Сафтид кӕндзынӕн
хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ,
сӕ зайӕгхал сын бахус кӕндзынӕн,
байсысын кӕндзынӕн цӕугӕдӕттӕ,
басур кӕндзынӕн цадтӕ.
16Куырмыты акӕндзынӕн,
нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл,
ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн.
Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн,
сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн.
Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн,
нӕ сӕ ныууадздзынӕн.
17Уӕд, йӕ зӕрдӕ гуымирытыл чи дардта,
сымах нӕ хуыцӕуттӕ стут, зӕгъгӕ, сын
табу чи кодта,
уыдон худинаджы бын фӕуыдзысты
ӕмӕ алидздзысты».
Израил, Дунедарӕджы цагъар, куырм ӕмӕ къуырма у
18Уӕ хъустӕ байгом кӕнут, къуырматӕ,уӕ цӕстытӕ байгом кӕнут, куырмытӕ,
цӕмӕй уынат!
19Афтӕ’нхъӕл стут,
ӕмӕ Дунедарӕг куырм ӕмӕ къуырма у?
Уый, Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕгӕн кӕй равзӕрста
ӕмӕ Йӕ минӕвар кӕй скодта,
уыдон сты куырм ӕмӕ къуырма.
20Сымах бирӕ бӕргӕ федтат,
фӕлӕ фиппайгӕ ницы кодтат,
уӕ хъустӕ гом бӕргӕ уыдысты,
фӕлӕ сӕ хъусгӕ нӕ кодтат.
21Дунедарӕджы бафӕндыди
Йӕ рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын —
Йӕ бӕрзонд, Йӕ кадджын Ӕгъдау,
сымах бафхӕргӕйӕ, равдисын.
22Уымӕн уӕ ныггӕныстон кодтой ӕмӕ бастыгътой,
бадут ахӕстӕтты ӕмӕ хъоргъыты,
уӕ фыдгулты амӕттаг баистут,
ахастой уӕ, ӕмӕ уӕ ничи ссӕрибар кӕны,
ничи домы фыдгултӕй,
ацы адӕмы фӕстӕмӕ рауадзут, зӕгъгӕ.
23Уыдӕттӕм уӕ йӕ хъус куыд ничи ӕрдардта,
йӕ фидӕныл уӕ куыд ничи ахъуыды кодта?
24Стигъджыты ӕмӕ абырджыты амӕттаг
чи бакодта Израилы адӕмы,
Йаковы байзӕддаджы?
Уый Дунедарӕг уыд! —
Йӕ разы кодтам тӕригъӕдджын митӕ.
Йӕ амынд фӕндӕгтыл нӕ цыдыстӕм,
Йе’гъдау Ын не’ххӕст кодтам.
25Уӕд уыл Йӕ маст акалдта,
ӕвирхъау хӕсты амӕттаг уӕ бакодта.
Йӕ судзгӕ-уыраугӕ арт уыл
алырдыгӕй ӕртыхсти,
ӕмӕ йӕ нӕ фиппайдтат,
арыдта уӕ, ӕмӕ йӕ нӕ хатыдыстут.
Copyright information for
OssIBT2022