‏ Isaiah 43

Хуыцау ирвӕзын кӕны Йӕ адӕмы

1Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм,
Йаковы байзӕддӕгтӕ,
уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы:
«Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн!
Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй,
уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!
2Доны сӕрты ахизын уӕ куы хъӕуа,
уӕд уыдзынӕн уемӕ,
цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизат,
уӕд нӕ фӕдӕлдон уыдзыстут.
Арты сӕрты хизгӕйӕ, уӕхи басудздзыстут
ӕмӕ уӕ арт нӕ ацараудзӕн.
3Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн,
уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау.
Уӕ балхӕнынӕн радтон Мысыр,
ноджы ма — Эфиопи ӕмӕ Сева.
4Ахӕм зынаргъ Мын стут,
афтӕ бирӕ уӕ уарзын,
ӕмӕ уын уӕ сӕрвӕлтау ратдзынӕн
иннӕ адӕмты, ӕнӕхъӕн дуне.
5Мацӕмӕй тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн
ӕмӕ уе’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн
скӕсӕнӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕй дӕр.
6Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕри Мын сӕ!“
Хуссарӕн та: „Мауал Мын сӕ уром!“
Дардӕй Мын ӕрбакӕнут Мӕ фыртты,
зӕххы кӕрӕттӕй — Мӕ чызджыты,
7Мӕ ном чидӕриддӕр хӕссы, уыдоны,
Мӕ кадӕн кӕй сфӕлдыстон,
кӕй рантысын кодтон,
фӕлгонц кӕмӕн радтон,
ӕппӕт уыдоны».

8Размӕ рацӕуӕнт Мӕ адӕм,
цӕстытӕ кӕмӕн ис,
фӕлӕ сӕ уынгӕ чи нӕ кӕны,
хъустӕ кӕмӕн ис,
фӕлӕ сӕ хъусгӕ чи нӕ кӕны!
9Иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт адӕмтӕ,
ӕртыгуыр уӕнт дзыллӕтӕ!
Фӕлӕ уыцы хъуыддаг кӕй ӕрцӕудзӕн,
уый сӕ рагацау чи загъта?
Ӕрбакӕнӕнт сӕхицӕн ӕвдисӕнтӕ
ӕмӕ сӕхи сраст кӕнӕнт,
цӕмӕй хъусджытӕ зӕгъой, раст сты, зӕгъгӕ!

10Дунедарӕг зӕгъы:
«Сымах Ме’вдисӕнтӕ стут.
О, сымах ӕмӕ Мӕ цагъар, Ме’взӕрст.
Мӕ хъуыддӕгтӕн стут ӕвдисӕнтӕ,
цӕмӕй Мӕ базонат, цӕмӕй баууӕндат,
Ӕз Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй дӕн
ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау
Мӕ разӕй дӕр кӕй никуы уыд
ӕмӕ Мӕ фӕстӕ дӕр кӕй никуы уыдзӕн, ууыл.
11Дунедарӕг ӕрмӕстдӕр Ӕз дӕн!
Мӕн йеддӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг ничи у!
12Ӕз рагагъоммӕ загътон,
кӕй уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уый тыххӕй
ӕмӕ уын ӕй фехъусын кодтон.
Гъеныр Мын стут ӕвдисӕнтӕ,
уымӕн ӕмӕ базыдтат,
Ӕз Хуыцау кӕй дӕн, уый.
13Ӕз райдианӕй нырмӕ дӕр
гъе уыцы Хуыцау дӕн.
Мӕ къухӕй никӕй бон бауыдзӕни байсын.
Мӕ фӕнд дӕр никӕй бон у аивын».

Хуыцау Йӕ адӕмы ракӕндзӕни Вавилонӕй

14Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг,
Израилы Стыр Хуыцау, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг:
«Сымах сӕраппонд Ӕз
Вавилонмӕ арвыстон тыхгӕнӕг
ӕмӕ фӕлидзӕг кӕндзынӕн уе’фхӕрджыты.
Удаистӕй халдейӕгтӕ лидздзысты,
ныр сӕ цины хъӕртӕ кӕцӕй хъуысынц,
уыцы наутыл.
15Ӕз Дунедарӕг дӕн, уе Стыр Хуыцау,
Израилы Сфӕлдисӕг, уӕ Паддзах!»

16Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз Мӕ адӕмӕн денджызы бынты,
бӕрзонд уылӕнты’хсӕнты,
кӕддӕр айгӕрстон фӕндаг.
17Фӕсте сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтыл
цы тыхджын ӕфсад сырдта, уый бабын ис.
Ӕрхаудысты ӕмӕ сӕ бон нал баци сыстын.
Сӕ зынг ахуыссыд, судзгӕ цырагъ
куыд ӕрмынӕг вӕййы ӕмӕ ахуыссы, уыйау.
18Фӕлӕ сымах нӕ сагъӕс кӕнут
уыцы рагон цауыл — ферох ӕй кодтат.
19Ныр уӕ сӕраппонд аразын ног хъуыддаг.
Хурау бӕрӕг куы у, кӕй ӕрцӕудзӕн, уый,
уӕд ӕй нӕ фиппайут?
Ӕдзӕрӕг быдыры уын
айгӕрддзынӕн фӕндаг,
сыгъд быдырты уын
рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ.
20Кад Мын кӕндзысты тугдзых сырдтӕ,
мӕрдтыбирӕгътӕ ӕмӕ страустӕ,
уымӕн ӕмӕ сыгъд быдыртыл
рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ,
цӕмӕй Ме’взӕрст адӕмы бафсадон донӕй.
21Уыцы адӕмы Ӕз сфӕлдыстон Мӕхицӕн,
ӕмӕ Мын дунейыл айхъуысын кӕндзысты
Мӕ кад, Мӕ ном».

Хуыцау Израилы адӕмӕн бары сӕ тӕригъӕдтӕ

22Дунедарӕг загъта
Израилы адӕмӕн, Йаковы байзӕддагӕн:
«Сымах нӕ куывтат Мӕнмӕ,
нӕ хъизӕмар кодтат Мӕн тыххӕй.
23Уӕ фыстӕй Мын нӕ хастат иууылсудзинаг,
ницы нывӕндтӕ Мын кодтат Мӕ кадӕн.
Нӕ уӕ домдтон Мӕхицӕн хойраджы хуынтӕ,
нӕ уӕ тыхсын кодтон,
буд Мын судзут, зӕгъгӕ.
24Ӕвзистӕй Мын не’лхӕдтат
хӕрздӕфгӕнӕн буд,
нӕ Мӕ’фсӕстат уӕ нывӕндты нардӕй.
Фӕлӕ Мӕ уыйхыгъд
фыдӕбоны хай кодтат уӕ тӕригъӕдтӕй,
ӕвӕрдтат Мыл уӕ азымы уӕззау уӕргътӕ.
25Фӕлӕ уын Ӕз
Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ,
уӕ тӕригъӕдтӕ уын
нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.

26Цӕй ӕмӕ иумӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм,
ӕмӕ уӕхи сраст кӕнут уӕ раныхасӕй!
27Уӕ фыдӕл Йаков дӕр ракодта тӕригъӕд,
уӕ раздзӕуджытӕ рацыдысты Мӕ ныхмӕ.
28Уымӕ гӕсгӕ уын Ӕз уӕ сауджынты
сӕгад кӕндзынӕн,
Йаковы байзӕддаджы
Мӕ азары хай бакӕндзынӕн,
Израилы ныффидиссаг кӕндзынӕн».
Copyright information for OssIBT2022