Isaiah 44
Хуыцауы ӕвзӕрст Израил
1Ныр Мӕм ӕрбайхъусут, Мӕ цагъартӕ —Йаковы байзӕддӕгтӕ,
Ме’взӕрстытӕ — Израилы адӕм!
2Афтӕ уын зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг,
уе Сфӕлдисӕг, мады гуыбыны уӕ
Чи равзӕрын кодта
ӕмӕ уын ӕххуыс Чи кӕндзӕни, Уый:
ма тӕрсут, Мӕ цагъартӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕ,
Ме’взӕрстытӕ — Йешурун!
3Донмӕ бӕллӕджы Ӕз донхорыг скӕндзынӕн,
ӕнӕ донӕй баруайӕджы бафсаддзынӕн донӕй.
Уӕ мыггаджы уын Мӕ Уды фарнӕй
схайджын кӕндзынӕн,
Мӕ арфӕ уын ӕруадздзынӕн
уӕ фӕстагӕттыл.
4Кӕрдӕджы ӕхсӕнты сӕ сӕртӕ сдардзысты
донбыл зайӕг гӕды бӕлӕстау.
5Сӕ иу дзурдзӕн, ӕз Дунедарӕджы дӕн,
иннӕ йӕхи схондзӕн Йаковы номӕй,
ӕртыккаг ма йӕ къухыл дӕр ныффысдзӕн,
Дунедарӕджы дӕн, зӕгъгӕ,
ӕмӕ йӕ схондзысты Израил.
6Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг,
Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг,
Уӕларвӕфсады Бардарӕг:
«Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг,
Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.
7Кӕй ис абарӕн Мемӕ?
Йӕхи Мын раргом кӕнӕд уый,
хъӕрӕй зӕгъӕд,
фӕд-фӕдыл цаутӕ радзурӕд:
Ӕз рагон адӕмы куы сфӕлдыстон,
уӕдӕй нырмӕ цытӕ ӕрцыд
ӕмӕ цытӕ ӕрцӕудзӕн фидӕны,
зӕгъӕд сӕ.
8Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут.
Уӕхӕдӕг Мын ӕвдисӕн стут —
цы хабӕрттӕ цӕуы ныртӕккӕ,
ӕппӕт уыдон уын рагагъоммӕ
исты Ӕз нӕ дзырдтон?
Мӕн йеддӕмӕ чи у Хуыцау?
Ӕндӕр Къӕдзӕх нӕ зонын Ӕз».
Гуымирытӕм кувын ӕдылы ми у
9Гуымирытӕ чи аразы, уыдон иууылдӕр ницӕйӕгтӕ сты. Афтӕ уарзон сын чи у, уыдонӕй ӕппындӕр кӕй ницы пайда ис, уымӕн сӕхӕдӕг ӕвдисӕн. Сӕ гуымирытӕ ницы уынынц ӕмӕ ницы зонынц. Уымӕ гӕсгӕ сыл худинаджы ном сбаддзӕн. 10Чи аразы йӕхицӕн хуыцау ӕмӕ, бынтондӕр пайда кӕмӕй нӕ уыдзӕн, уыцы гуымиры джиппы чи уадзы? 11Чидӕриддӕр ӕм бакува — ӕнӕмӕнг фегад уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уыцы гуымиры саразӕг адӕймаг у. Уӕдӕ уыцы адӕм иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕнт. Фӕтӕрсдзысты ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн. 12Дӕсны куырд ӕфсӕйнаджы мур райсы, зынджытыл ӕй ӕртайын кӕны ӕмӕ йӕ дзӕбугӕй хойын райдайы. Йе’ппӕт хъарутӕ йыл бахардз кӕны, бафӕллайы, бастайы, къӕбӕр ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕвӕййы, цалынмӕ уыцы ӕфсӕйнаджы мурӕй фӕрӕт саразы, уӕдмӕ. 13Хъӕддӕсны синагӕй рабары ӕмӕ цыргъагӕй ӕрхӕххытӕ кӕны хъӕды лыггагыл, стӕй йӕ сартӕй къахын райдайы, цалынмӕ дзы адӕймаджы аив сурӕт рауайы, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ йӕ кувӕн бынаты сӕвӕры. 14Уыцы сурӕт саразыны тыххӕй ракалы кедр, йе та равзары тулдз кӕнӕ ӕндӕр исты фидар бӕлас, йе та ныссадзы нӕзы бӕлас ӕмӕ банхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ йын хъӕды бӕлӕсты ӕхсӕн уарынтӕм дзӕбӕх нӕ сырӕзы, уӕдмӕ. 15Адӕймаг уыцы бӕлӕстӕн сӕ сугӕй арт скӕны йӕхи батавын ӕмӕ дзул сфыцынӕн, иннахӕм — уыцы бӕлӕстӕн сӕ хъӕдӕй скӕны хуыцауы сурӕт, цӕмӕй ӕрзоныг кӕна йӕ разы ӕмӕ гуымирымӕ кува. 16Афтӕмӕй бӕласӕн йӕ иу хай ӕрцӕуы арты сыгъд, ӕмӕ адӕймаг уыцы артыл йӕхицӕн сфыцы дзидза, скӕны физонӕг. Йӕ фаг куы бахӕры ӕмӕ куы бахъарм вӕййы, уӕд фӕзӕгъы, куыд дзӕбӕх бахъарм дӕн арты фарсмӕ, зӕгъгӕ. 17Хъӕдӕрмӕгӕй ма цы баззайы, уымӕй та адӕймаг йӕхицӕн скӕны гуымиры ӕмӕ йӕм йӕ уӕрджытыл бакувы, ды мӕ хуыцау дӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн, зӕгъгӕ. 18Ахӕмтӕ ӕппындӕр ницы зонынц ӕмӕ ӕмбарынц: Уый сын сӕхгӕдта сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, сӕ зӕрдӕтӕ — цӕмӕй ма хатой. 19Ахӕм адӕймагӕн йӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, нӕ зоны ӕмӕ не’мбары, науӕд зӕгъид: «Уый цы ми кӕнын? Бӕласӕн йе’мбис арты басыгътон, зынгыл сфыхтон дзул, скодтон физонӕг ӕмӕ бахордтон. Цы ма дзы баззади, уымӕй та ацы ӕлгъаг дзаума куыд аразын? Куыд хъуамӕ бакувон хъӕды лыггагмӕ?» 20Раст цыма, дымгӕ цы рыг систа, уый фӕсте суры ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Йе’дылы зондӕй йӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл ис. Куыд фервӕза, уый нӕ зоны, ӕмӕ йӕ бон нӕу зӕгъын: «Уый мӕ къухы ӕцӕгдзинадӕй куы ницы ис!»Кир — Дунедарӕджы ӕрвыст фыййау
21Дунедарӕг зӕгъы:«Уӕ зӕрдыл ӕй бадарут, Йаковы байзӕддӕгтӕ,
Израилы адӕм, Мӕ цагъартӕ кӕй стут,
уый уӕ рох ма уӕд.
Ӕз уӕ сфӕлдыстон, Мӕ цагъартӕ стут.
Мӕнӕй рох никуы уыдзынӕ, Израил.
22Мигъау уын ӕрбайсӕфтон уӕ азымтӕ,
ӕврагъау — уӕ тӕригъӕдтӕ.
Раздӕхут Мӕм — Ӕз уӕ Ирвӕзынгӕнӕг дӕн».
23Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ!
Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ,
фӕзмӕнт уӕ, заргӕ,
хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ!
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг
ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы,
Израилы руаджы
Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.
24Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг,
уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый,
уӕ Ирвӕзынгӕнӕг:
«Ӕз Дунедарӕг дӕн,
ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый.
Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон,
Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.
25Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын,
дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын,
куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.
26Мӕ цагъарӕн сфидар кӕнын
йӕ пехуымпар ныхас,
сӕххӕст кӕнын Ме’рвыст лӕгты дзырд.
Ныр Йерусалимӕн зӕгъын,
дӕ мидӕг та ӕрцӕрӕнт адӕм, зӕгъгӕ.
Иудейы сахартӕн дӕр зӕгъын,
ногӕй та арӕзт ӕрцӕудзыстут,
уӕ кӕлддзӕгты бынаты
ног хӕдзӕрттӕ сараздзынӕн, зӕгъгӕ.
27Ӕнӕбын денджызӕн зӕгъын: „Басур у,
дӕ уылӕнтӕ дын байсысын кӕндзынӕн“.
28Кирӕн зӕгъын:
„Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“.
Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни
Ме’ппӕт фӕндтӕ дӕр.
Йерусалимӕн зӕгъдзӕни:
„Ногӕй дӕ рацараздзысты!“
Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни:
„Амад ӕрцӕудзынӕ!“»
Copyright information for
OssIBT2022