‏ Isaiah 45

Кир — Хуыцауы байсӕрст

1Дунедарӕг зӕгъы Йӕ байсӕрст Кирӕн:
«Ӕз дын дӕ рахиз къухыл фидар хӕцдзынӕн.
Дӕ дӕлбар дын бакӕндзынӕн адӕмты,
паддзӕхтӕн байсдзынӕн сӕ хъомыс
ӕмӕ-иу дын байгом кӕндзынӕн алы дуар,
алы кулдуар.
2Мӕхӕдӕг цӕудзынӕн дӕ разӕй
ӕмӕ дын дӕ развӕндагыл
зӕххӕмвӕз скӕндзынӕн алы хох,
ныссӕтдзынӕн алы ӕрхуы дуар,
ныппырх сын кӕндзынӕн
се’фсӕн ӕхгӕнӕнтӕ.
3Дӕ къухмӕ ратдзынӕн дунейы мулк,
арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ.
Ӕмӕ уӕд фендзынӕ,
Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Хуыцау,
ӕмӕ дӕм дӕ номӕй кӕй дзурын, уый.
4Нӕ Мӕ зыдтай, фӕлӕ дӕм Ӕз
Мӕ цагъартӕ ӕмӕ Ме’взӕрстыты —
Йаковы байзӕддаджы, Израилы адӕмы сӕраппонд —
фӕсидтӕн дӕ номӕй
ӕмӕ дӕ скадджын кодтон.
5Ӕз Дунедарӕг дӕн,
Мӕн йеддӕмӕ Хуыцау нӕй.
Ӕмӕ дын Ӕз радтон паддзахы бартӕ,
кӕд Мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр.
6Уадз ӕмӕ
скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ иууылдӕр базоной,
Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй, уый.
Ӕз — Дунедарӕг.
7Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр.
Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр
Мӕнӕй рацӕуынц.
Ӕз Дунедарӕг дӕн,
ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый.

8Уӕлейӕ дӕлӕмӕ
арвӕй зӕхмӕ ӕркӕлӕд раст тӕрхон!
Ӕрцӕуӕд сӕрибары дуг!
Иумӕ суадзӕнт тау
раст тӕрхон ӕмӕ сӕрибар!
Уыдӕттӕ фӕлдисын Мӕхӕдӕг — Дунедарӕг!»

Хуыцау цы аразы, уый иууылдӕр Йӕхи бар у

9Додой йӕ къона,
йе Скӕнӕджы ныхмӕ чи рацӕуы,
домгӕ Йӕ чи кӕны!
Уый ницы у, дурыны саст
ӕмӕ зӕххы рыджы йеддӕмӕ.

Ӕлыджы мур
куыд хъуамӕ бафауа дурынгӕнӕджы,
уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ?
Дурын дӕр йӕ саразӕгӕн
куыд хъуамӕ бафидис кӕна,
къухтӕ дын нӕй, ӕви, зӕгъгӕ?
10Додой йӕ къона,
йӕ фыдӕн афтӕ чи зӕгъы,
дунейы рухс мын цӕмӕн фенын кодтай,
йӕ мадӕн та —
цӕмӕн мӕ ныййардтай, зӕгъгӕ!

11Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг,
Израилы Стыр Хуыцау, йе Сфӕлдисӕг:
«Мӕ адӕм цы бауыдзысты,
уый тыххӕй Мӕ цы фӕрсут
ӕмӕ Мын цы амонут,
Мӕхи сфӕлдыстӕн цы кӕнон, уый?
12Ӕз сарӕзтон зӕхх,
сфӕлдыстон ыл адӕймаджы.
Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ
ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон
Ме’гъдау ӕххӕст кӕнын.

13Ӕз басидтӕн Кирмӕ,
сразӕнгард ӕй кодтон
Мӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ
ӕмӕ йын йӕ развӕндаг слӕгъз кӕндзынӕн.
Уый Мын ногӕй сараздзӕни Мӕ сахар,
уацарӕй ссӕрибар кӕндзӕни Мӕ адӕмы,
мызд ӕмӕ лӕвӕрттӕ
нӕ бацагурдзӕн, афтӕмӕй», —
зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

Хуыцау ауды Йӕ адӕмыл

14Дунедарӕг загъта:
«Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр,
стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы
цы мулк бафтыд, уыдон дӕр
сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм,
ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм,
уӕ цагъартӕ суыдзысты,
ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй
ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты.
Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты
ӕмӕ зӕгъдзысты,
ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау
ӕмӕ Уый йеддӕмӕ
ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».

15Ды ӕцӕгдӕр Хуыцау дӕ,
цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, Уый,
Израилы Хуыцау, Ирвӕзынгӕнӕг.
16Ӕмӕ, гуымирытӕ чи аразы,
уыдоныл се’ппӕтыл дӕр худинаджы гакк сбаддзӕн,
аллайаг фӕуыдзысты
ӕмӕ ӕрӕджиау сӕхиуыл ӕрхуддзысты,
афтӕмӕй бабын уыдзысты.
17Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ
фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы.
Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад
ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.

Хуыцау сиды ӕппӕт адӕмтӕм

18Дунедарӕг Хуыцау
сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх.
Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау.
Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта,
фӕлӕ йын сныв кодта,
цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм.
Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы:
«Ӕз Дунедарӕг дӕн,
Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг.
19Сусӕгӕй кӕнӕ талынг рӕтты
никуы дзырдтон.
Йаковы хӕдзарвӕндагӕн нӕ дзырдтон,
дзӕгъӕлы Мӕ агурут, зӕгъгӕ.
Ӕз Дунедарӕг дӕн, рӕстдзинад Чи дзуры
ӕмӕ ӕцӕгдзинад Чи ӕргом кӕны, Уый.

20Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр,
адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон!
Ӕнӕфенд сты,
йӕ хъӕдын хуыцаугонды
йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны
ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын
цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.
21Уӕ кӕрӕдзийы афӕрсут,
баныхас кӕнут ӕмӕ Мын зӕгъут,
абон цытӕ цӕуы,
уый тыххӕй незаманты рагацау чи загъта,
Уый Ӕз — Дунедарӕг — нӕ уыдтӕн, ӕви?
Мӕн йеддӕмӕ ничи у Хуыцау —
рӕстӕвзар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау.
22Уе’ргом Мӕм раздахут, ӕппӕт дзыллӕтӕ,
ӕмӕ фервӕзат, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Хуыцау,
Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.
23Мӕхицӕй сомы кӕнын,
Мӕ дзыхӕй рӕстдзинад кӕй цӕуы
ӕмӕ Мӕ дзырдӕн аивӕн кӕй нӕй,
уый тыххӕй:
Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн алы адӕймаг,
алы ӕвзаг сомы кӕндзӕни Мӕнӕй.
24Мӕн тыххӕй дзурдзысты,
ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад
ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ».

Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст,
уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл
ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.
25Уый сраст ӕмӕ скадджын кӕндзӕн
Израилы байзӕддӕгты се’ппӕты дӕр.
Copyright information for OssIBT2022