Isaiah 46
Израилы Хуыцау ӕмӕ вавилойнаг гуымирытӕ
1Йӕ уӕрджытыл ӕрхауд Бел,афӕлдӕхти Нево.
Хуыцаугӕндты хайуантыл сӕвӕрдтой
ӕмӕ сӕ аластой.
Раздӕр уӕхӕдӕг кӕй хастат,
уыдон ӕгӕр уӕззау разындысты
фӕллад хайуантӕн.
2Афӕлдӕхтысты мӕнг хуыцӕуттӕ,
сӕхи нал фӕрӕзтой ӕмӕ сӕ уӕрджытыл
ӕрхаудысты дыууӕйӕ дӕр,
ӕмӕ афтӕмӕй уацармӕ ласт ӕрцыдысты.
3Дунедарӕг зӕгъы:
«Ӕрбайхъусут-ма, Йаковы хӕдзарвӕндаг,
Израилы адӕмӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади,
уыдон иууылдӕр!
Гуыргӕ-гуырын Мӕ къухтӕм кӕй райстон,
сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ
Мӕ къухтыл кӕй хӕссын, уыдон.
4Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр
Ӕз уыцы Хуыцау уыдзынӕн,
уӕ сӕрыхил куы сурс уа,
уӕд дӕр уыл Ӕз ауддзынӕн.
Ӕз уӕ сфӕлдыстон,
ӕмӕ уыл Ӕз Мӕ арм дардзынӕн,
ауддзынӕн уыл ӕмӕ уӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй.
5Кӕй халдих Мӕ схондзыстут?
Кӕимӕ Мӕ абардзыстут,
мӕнӕ уый ӕнгӕс у, зӕгъгӕ?
6Сӕ чыссӕтӕй скалынц сӕ сыгъзӕринтӕ, тӕразыл абарынц ӕвзист ӕмӕ баххуырсынц згъӕртайынгӕнӕджы, цӕмӕй сын сӕ скӕна хуыцау. Сӕ хуыцау куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йӕм бакувынц. 7Уый фӕстӕ йӕ сӕ уӕхсчытыл ахӕссынц ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрынц, рагацау ын цы бынат ӕрцӕттӕ кӕнынц, уым. Уый фӕлӕууы ӕнцад, йӕ бынатӕй ӕнкъуысгӕ дӕр нӕ кӕны, адон ӕм хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын уый ницы дзуапп ратты, фыдбылызӕй сӕ нӕ фервӕзын кӕны. 8Ӕмӕ уыдӕттӕ ма рох кӕнут, хивастытӕ,
уӕ зӕрдыл сӕ дарут!
9Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, тӕккӕ райдианы, незаманты,
цытӕ сарӕзтон, уый.
Ӕз Хуыцау дӕн,
Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау,
Мӕн хуызӕн никуы ис ӕндӕр.
10Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй
дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын,
ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ.
Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд,
Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.
11Скӕсӕнӕй, дард бӕстӕй,
фӕсидтӕн цӕргӕсмӕ,
Мӕ фӕнд Мын чи сӕххӕст кӕндзӕн,
уыцы лӕгмӕ.
Ӕз, рагагъоммӕ цы загътон,
уый сӕххӕст кӕндзынӕн,
цы скарстон, уымӕн ӕнӕ’рцӕугӕ нӕй.
12Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, хивастытӕ,
йӕ амондӕй дардмӕ чи лидзы, уыдон:
13уӕ сӕрибары дуг уын ӕрбаввахс кодтон,
дард нал у.
Рӕхджы рахӕцдзынӕн
Сионы хохы сӕраппонд,
Израил суыдзӕни Мӕ фӕлындӕн.
Copyright information for
OssIBT2022