Isaiah 47
Вавилон йӕ хъал цардӕй ӕнӕхай фӕци
1Дӕ паддзахы бадӕнӕй ӕрхиз,ӕнӕрцӕф ӕхсин Вавилон,
ӕмӕ рыджы сбад зӕххыл, Халдейы чызг.
Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты
тӕнтъихӕг ӕмӕ буцхаст.
2Ӕрмгуыроймӕ ӕрӕвнал ӕмӕ ссын райдай!
Дӕ кӕрдӕн сис,
дӕ фӕччитыл схӕц,
дӕ уӕрджытӕ байгом кӕн
ӕмӕ дӕтты сӕрты хиз!
3Уадз ӕмӕ дӕ буар разына,
ӕмӕ дын дӕ худинаг уыной.
Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн,
никӕуыл бацауӕрддзынӕн».
4Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Израилы Стыр Хуыцау,
Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
5«Ӕнӕ хъыпп-сыппӕй бад, Халдейы чызг,
аууонмӕ айс дӕхи.
Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты
паддзахӕдты ӕхсин.
6Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ,
уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон
ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ.
Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай —
зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.
7Дзырдтай, ӕнусмӕ уыдзынӕн ӕхсин,
фӕлӕ, райсом цы уыдзӕни,
ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтай.
8Уӕдӕ Мӕм ныр ӕрбайхъус,
буцахуыр, ӕнӕмӕт ӕхсин,
афтӕ чи зӕгъы: „Мӕнӕн ӕмбал нӕй,
ӕз идӕдзӕй никуы баззайдзынӕн,
мӕ цот мӕ разӕй мӕрдтӕм нӕ бацӕудзысты“.
9Уыцы бӕллӕхтӕ ӕмбойны
дӕ хай уыдзысты:
дӕ цот ӕмӕ дӕ мойы быныл баззайдзынӕ.
Дӕ бирӕ хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ дӕр дын
ницыуал баххуыс уыдзысты.
10Фыдмитӕ кодтай ӕмӕ ницӕмӕй тарстӕ,
дзырдтай, ничи мӕ уыны, зӕгъгӕ.
Дӕ куырыхон зонд ӕмӕ дӕ
дӕ зонындзинӕдтӕ фӕсайдтой,
дӕ мидзӕрдӕйы, мӕнӕн ӕмбал нӕй, зӕгъгӕ,
куы дзырдтай, уӕд.
11Фӕлӕ фыдбылызы амӕттаг бауыдзынӕ.
Зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ,
кӕцӕй дӕм фӕзындзӕн, уый.
Дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй,
ахӕм бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы.
12Гъемӕ уӕдӕ кӕлӕнтӕ кӕн
ӕмӕ дӕсны фӕрс,
де’взонгӕй нырмӕ уыцы куыстыл ахуыр дӕ.
Чи зоны ӕмӕ дын исты ахъаз фӕуой,
ӕмӕ дӕ исчи фӕтӕрса.
13Дӕ уынаффӕгӕнджытӕй пайда нӕй,
ӕмӕ ныр та, арв чи сгары, уыдон —
стъалыдӕснытӕ — ӕрбалӕууӕнт дӕ уӕлхъус
ӕмӕ дӕ хизӕнт фыдбылызӕй,
ӕрцӕуинаг дыл цы у,
уый мӕйногмӕ гӕсгӕ дзургӕйӕ.
14Фӕлӕ уыдон хъӕмпӕй уӕлдай не сты:
арты басыгъдысты,
сӕхи дӕр нӕ бахызтой артӕй.
Зынджы мур дӕр нал аззад хи ахъарм кӕнынӕн,
артӕн йӕ кой дӕр нал ис
йӕ фарсмӕ абадынӕн.
15Ахӕм пайда дын фӕуыдзысты,
де’взонгӕй фӕстӕмӕ кӕимӕ куыстай,
сӕудӕджергӕнгӕйӕ, уыдон.
Алчи сӕ къӕмдзӕстыгӕй
йӕ фӕндагыл ацӕудзӕн,
дӕ мӕт сӕ нӕ уыдзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022