Isaiah 48
Ног рагуац
1Ӕрбайхъусут, Йаковы байзӕддӕгтӕ,Израилы ном чи хӕссы
ӕмӕ Иудӕйы артӕй рацӕугӕ чи у, уыдон!
Сымах ард фӕхӕрут Дунедарӕгӕй,
уӕ Хуыцауыл нымайут Израилы Хуыцауы,
фӕлӕ Йыл не стут иузӕрдион,
не стут рӕстгӕнӕг.
2Дзурут, зӕгъгӕ, уаз сахарӕй рацыдыстӕм
ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Израилы Хуыцауыл.
Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
3Рагацау цы дзырдтон,
Мӕ дзыхӕй цы рацыди, уый сӕххӕст.
Ныр дӕр, цы фӕзӕгъын,
уый сӕххӕст вӕййы уайтагъд.
4Хиваст стут, уый зыдтон:
уӕ бӕрзӕйы нуӕрттӕ — ӕндон,
уӕ ных — ӕрхуы.
5Ӕмӕ уын уымӕн дзырдтон рагагъоммӕ,
цӕмӕй афтӕ ма зӕгъат,
уыцы хъуыддаг нӕ гуымирытӕ сарӕзтой,
хъӕд ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй кӕй скодтам, уыдон.
6Мӕ ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты,
уымӕн уӕхӕдӕг — ӕвдисӕн,
уӕдӕ куыннӕ сӕттут?
Ныр та Ӕз рагацау зӕгъын,
сымахӕй ӕмбӕхст чи у,
чи нӕма раргом, уыцы фидӕны тыххӕй.
7Уыцы хабар раджы дӕр
ӕмӕ ӕрӕджы дӕр не’рцыди,
фӕлӕ ӕрцӕудзӕни рӕхджы,
уымӕ гӕсгӕ йӕ сымах нӕма фехъуыстат
ӕмӕ уӕ бон зӕгъын нӕу,
нӕхӕдӕг дӕр ӕй зыдтам, зӕгъгӕ.
8Сымах ницы фехъуыстат,
ницы зыдтат уый тыххӕй.
Ӕцӕг, уӕ хъустӕ рагӕй нырмӕ дӕр ӕхгӕд сты.
Ӕз рагацау зыдтон, фӕлитой кӕй стут,
суанг уӕ мады гуыбынӕй
фыдзыкъуыр кӕй рахастат, уый.
9Фӕлӕ Мӕ ном ӕмӕ Мӕ кады сӕраппонд
урӕдтон Мӕ маст, хӕцыдтӕн Мӕхиуыл
ӕмӕ уӕ нӕ бабын кодтон.
10Ныр уӕ батайын кодтон,
фӕлӕ ӕвзисты хуызӕн нӕ —
хъизӕмӕртты куынцгомы уӕ сфӕлтӕрдтон.
11Мӕхи сӕраппонд,
ӕрмӕстдӕр Мӕхи сӕраппонд
ирвӕзын кӕнын сымах —
Мӕ ном фегад кӕнын нӕ бауадздзынӕн.
Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн.
12Ӕрбайхъусут Мӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ,
кӕмӕ фӕсидтӕн, уыцы Израил!
Уый Ӕз дӕн! Ӕз — Фыццаг,
ӕмӕ Ӕз — Фӕстаг!
13Ӕз ӕрӕвӕрдтон зӕххы бындуртӕ,
уӕлӕрвтӕ дӕр айтыгътон Мӕ къухӕй.
Фӕсиддзынӕн сӕм — ӕмӕ иумӕ
ӕрлӕудзысты Мӕ разы.
14Уе’ппӕт дӕр ӕрбамбырд ут ӕмӕ байхъусут!
Мӕн йеддӕмӕ рагацау чи фехъусын кодта,
ныр цы ӕрцӕудзӕн, уый?
Ӕз ацы лӕджы бауарзтон
ӕмӕ Мын уый сӕххӕст кӕндзӕни Мӕ фӕндон —
Вавилонӕн цы тӕрхон рахастон, уый.
Халдейӕгтӕн фенын кӕндзӕни Мӕ хъомыс.
15Ӕз Мӕхӕдӕг рагацау загътон уый тыххӕй,
фӕсидтӕн ӕм ӕмӕ йӕ скӕндзынӕн уӕлахиздзау.
16Ӕрлӕуут-ма Мӕ разы ӕмӕ байхъусут!
Райдианы дӕр Ӕз ӕргом дзырдтон.
Уыцы цауты райдианӕй фӕстӕмӕ
Ӕз уым дӕн.
Ныр мӕ Йӕ фӕдзӕхст
сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрвитынц
Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Йӕ Уд.
17Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг,
уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Израилы Уаз Хуыцау:
«Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау,
ӕмӕ уӕ размӕ хонын уӕ царды фӕндагыл,
ахуыр уӕ кӕнын,
ахъаз уын цы фӕуыдзӕн, ууыл.
18Тӕхуды ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ
куы ӕххӕст кодтаиккат!
Уӕд уӕ амонд ивылдаид фурдау,
уӕ фарн та — абухгӕ денджызау.
19Даргъ-уӕрӕх ацыдаид уӕ мыггаг,
денджызы змисау
ныббирӕ уыдаид уӕ байзӕддаг
ӕмӕ сӕфты къахыл нӕ ныллӕууыдаиккой,
никуы фесӕфтаид Мӕ разы сӕ ном».
Рацӕут Вавилонӕй!
20Рацӕут Вавилонӕй,лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй,
цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац,
хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм,
дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары,
Йаковы байзӕддаджы!»
21Дунедарӕг сӕ кӕны сыгъд быдыртыл,
фӕлӕ дойныйӕ нӕ мӕлынц —
дуры гуыбынӕй дӕр рауадзы дон,
акъӕртт сын кӕны айнӕг къӕдзӕх,
ӕмӕ дзы дон фемӕхсы!
22«Ӕнаккӕгтӕ ӕнцой нӕ фендзысты!» —
зӕгъы Дунедарӕг.
Copyright information for
OssIBT2022