‏ Isaiah 49

Дунедарӕджы цагъары зарӕг

1Ӕрбайхъусут мӕм, денджызгӕрон сахартӕ,
лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, дардбӕстаг адӕмтӕ!
Дунедарӕг мӕм фӕсидти мӕ мады гуыбынмӕ,
дунейы рухс нӕма федтон,
афтӕ мӕм сдзырдта мӕ номӕй.
2Радта мын цыргъ ӕвзаг,
карды комы хуызӕн,
ӕмӕ мӕ Йӕ дӕлбазыр бакодта.
Сарӕзта мӕ цыргъ фат
ӕмӕ мӕ Йӕ фатдоны бафснайдта.

3Загъта мын: «Ды Мӕ цагъар дӕ, Израил,
дӕ фӕрцы скадджын кӕндзынӕн Мӕхи».
4Ӕз та ӕнхъӕлдтон,
дзӕгъӕлы тухӕнӕй марын мӕхи,
мӕ хъарутӕ ӕнӕхъуаджы хардз кӕнын.
Фӕлӕ мӕ Дунедарӕг сраст кӕндзӕни,
хорз мын ракӕндзӕни мӕ Хуыцау.

5Ныр мын, мӕ мады гуыбыны мӕ
Чи равзӕрын кодта ӕмӕ мӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ
Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕг Чи скодта,
уыцы Дунедарӕг фӕдзӕхсы,
цӕмӕй Йӕм раздахон Йаковы байзӕддаджы,
ӕрбакӕнон Ӕм Израилы адӕмы.
Ӕз кадджын дӕн Дунедарӕджы цӕсты.
Мӕ Хуыцау мӕ скодта хъомысджын.

6Загъта мын:
«Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг,
фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай,
Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ.
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн,
ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн,
цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд,
уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».

7Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг,
Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау,
Йе’фхӕрд адӕмӕн,
иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц,
ӕлгъ кӕуыл кӕнынц,
тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн:
«Паддзӕхтӕ фендзысты,
кӕй ссӕрибар стут, уый
ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты.
Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты
иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы,
сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы,
Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».

Дунедарӕг басабыр кӕндзӕн ӕмӕ батӕригъӕд кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн

8Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Йӕ цагъарӕн:
«Ӕрцӕудзӕн ахӕм фарны заман,
фервӕзыны бон,
ӕмӕ Дӕ Ӕз фехъусдзынӕн
ӕмӕ Дын баххуыс кӕндзынӕн.
Ӕз Дӕ бахиздзынӕн фыдбылызӕй,
Мӕ адӕмӕн скӕндзынӕн Мӕ фидыд.
Ды сӕ ногӕй ӕрцӕрын кӕндзынӕ
сӕ гӕныстоны зӕххыл,
байуардзынӕ сын цӕрӕнуӕттӕ, сӕ бынтӕ.
9Ахӕстытӕн зӕгъдзынӕ,
ӕддӕмӕ рацӕут, зӕгъгӕ,
тары чи бады, уыдонӕн зӕгъдзынӕ,
рухсмӕ рацӕут, зӕгъгӕ.

Сӕ фӕндагыл ницы хъуаг баййафдзысты,
суанг уӕлвӕзты дӕр ницӕуыл батыхсдзысты.
10Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ,
хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн.
Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн,
хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл
ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.
11Сӕ фӕндагыл сын
ӕмраст-ӕмлӕгъз скӕндзынӕн хӕхтӕ.
12Уыдон ӕрбацӕудзысты
дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй,
цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы’рдыгӕй
ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».

13Цин кӕн, уӕларв!
Цинӕй рай, зӕхх!
Цинхъӕр кӕнут, хӕхтӕ!
Дунедарӕг барӕвдыдта Йӕ удхайраг адӕмы,
батӕригъӕд сын кодта.

Дунедарӕгӕй рох нӕу Йерусалим!

14Ныр Сионы сахары адӕм та дзырдтой,
Дунедарӕг нӕ ныууагъта,
Нӕ Хуыцауӕй ферох стӕм, зӕгъгӕ.
15Фӕлӕ Дунедарӕг загъта:
«Мад йӕ дзидзидай хъӕбулы
куыд хъуамӕ ферох кӕна,
куыннӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕна,
цы сабийы ныййардта, уымӕн?
Чи зоны ӕмӕ уый ферох кӕна йӕ сабийы,
фӕлӕ Ӕз нӕ ферох кӕндзынӕн сымах.
16Дӕ ныв дын скодтон, Йерусалим,
Мӕ армытъӕпӕнтыл.
Дӕ систӕ ӕдзух лӕууынц Мӕ цӕстыты раз.
17Дӕ цӕрджытӕ дӕм батагъд кӕндзысты,
цӕмӕй дӕ ног саразой,
дӕ халджытӕ ӕмӕ дӕ гӕныстонгӕнджытӕ та
ацӕудзысты, сӕхи дӕ айсдзысты.
18Алырдӕм-ма афӕлгӕс!
Дӕ адӕм дӕм ӕмбырд кӕнын байдыдтой.
Цардӕгас дӕн Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг, —
фӕлындӕнтау бацин кӕндзынӕ
се’ппӕтыл дӕр,
ног чындзау сӕ сфӕлынддзынӕ дӕхи.

19Дӕ хӕлддзӕгтӕ, дӕ заууаты зӕхх
ныр фӕкъуындӕг уыдзысты уыдонӕн,
дӕ гӕныстонгӕнджытӕн та дӕ арӕнтыл
сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн.
20Ды уыдтӕ, йӕ цот кӕмӕн бабын сты,
уыцы сылгоймаджы хуызӕн.
Фӕлӕ дӕм рӕхджы дӕ ног цот — ног адӕм —
хатдзысты, ам нын къуындӕг у
ӕмӕ нын цӕрынӕн зӕххытӕ ратт, зӕгъгӕ.
21Ды дӕхинымӕр дзурдзынӕ,
адоны мын чи ныййардта,
мӕ цот куы бабын сты,
ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг куы уыдтӕн, зӕгъгӕ.
Мӕн уацары куы акодтой,
уӕд адоны чи схаста?
Ӕз зыбыты иунӕг куы уыдтӕн,
уӕд адон кӕцӕй фесты?»

22Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау:
«Ӕз Мӕ къухӕй адӕмтӕн равдисдзынӕн нысан,
ӕрсадздзынӕн Мӕ тырыса,
цӕмӕй йӕ алы адӕмтӕ уыной,
ӕмӕ дын дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджыты
сисой сӕ къухтӕм ӕмӕ се уӕхсчытӕм
ӕмӕ дын сӕ ӕрбахӕссой.
23Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй,
ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ.
Ныллӕг дын-иу акувдзысты,
сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг,
ӕмӕ уӕд базондзынӕ:
Ӕз Дунедарӕг дӕн,
ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».

24Тыхджыны ӕфтиаг чи байсдзӕни?
Хъомысджыны уацайрӕгты чи суӕгъд кӕндзӕни?
25Дунедарӕг зӕгъы:
«Хъомысджын уацары кӕй акӕна,
уыдон сӕрибаргонд ӕрцӕудзысты,
тыхджынӕн дӕр йе’фтиаг байсдзысты.
Уымӕн ӕмӕ дӕ фыдгултимӕ
Мӕхӕдӕг тох кӕндзынӕн
ӕмӕ дын фервӕзын кӕндзынӕн дӕ фыртты.
26Де’фхӕрджытӕн
бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд,
бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй,
раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ,
ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн,
Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн,
дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг,
Йаковы хъомысджын Хуыцау».
Copyright information for OssIBT2022