‏ Isaiah 5

Израил — Дунедарӕджы уарзон дыргъдон

1Цӕй ӕмӕ мӕ Уарзонӕн азарон
Уарзоны зарӕг Йӕ сӕндоныл.
Сойджын бӕрзӕндыл
сӕндон скодта мӕ Уарзон,
2йӕ мӕрмӕ йын базылд,
дзӕбӕх ӕй схӕмпус кодта,
йӕ дуртӕ йын ӕруыгъта,
ӕвзаргӕ сӕнӕфсиры талатӕ дзы ныссагъта.
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта,
сӕндуцӕн дӕр скъахта.
Хӕрзад гагатӕм ӕнхъӕлмӕ касти,
фӕлӕ йӕ сӕнӕфсир хъӕддаг разынди.
3«Уӕ Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ!
Цы зӕгъдзыстут Мӕ сӕндонӕй?
4Цы кӕнгӕ йын уыд,
ӕмӕ йын Ӕз цы нӕ бакодтон?
Ӕз хорз цупӕлттӕм
ӕнхъӕлмӕ куы кастӕн,
уӕд Мӕ сӕнӕфсирыл
хъӕддаг гагатӕ цӕмӕн ӕрзад?
5Уӕдӕ уын Ӕз зӕгъдзынӕн,
Мӕ сӕндонӕн цы бакӕндзынӕн, уый.
Йӕ каутӕ йын афӕлдахдзынӕн —
уадз ӕмӕ ныггӕныстон уа,
йӕ быру йын ныппырх кӕндзынӕн —
уадз ӕмӕ фосы къӕхты бын фӕуа.
6Ныззаууат уыдзӕни,
налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты,
налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты.
Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй
зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни.
Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн,
къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».

7Израилы адӕм —
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон;
Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ.
Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй,
фӕлӕ туг ныууарыди,
рӕстдзинад сӕ домдта,
фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.

Тӕригъӕдджынтӕн сар сӕ сӕр кӕны!

8Додой уӕ къона, ӕнӕфсис тонагӕнджытӕ,
иу хӕдзар иннӕйы фӕдыл,
иу хуымзӕхх иннӕйы фӕдыл
йӕхирдӕм чи ссивы!
Иу гӕппӕл никӕмӕнуал ныууагътат,
раст цыма сымах йеддӕмӕ зӕххыл
цӕрӕг нал баззади, уыйау.
9Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта:
«Сӕ бирӕ хӕдзӕрттӕ
ныззаууат уыдзысты,
сӕ рӕсугъд галуантӕ
дзӕгъӕлӕй баззайдзысты.
10Галты цӕд иу бонмӕ кӕй бахуым кӕнид,
ахӕм сӕндон иу батӕй фылдӕр
сӕн нӕ ратдзӕни,
хоры хомер — ефӕйӕ фылдӕр тыллӕг».

11Додой сӕ къона,
сӕумӕйӕ нозты фӕдыл чи зилы,
фӕсахсӕвӕрты дӕр ӕнӕ сӕн чи нӕ лӕууы!
12Сӕ бӕрӕгбӕтты — хъисфӕндыртӕ, дыууадӕстӕнонтӕ,
далатӕ, уадындзтӕ ӕмӕ сӕн,
Дунедарӕг цы аразы,
уымӕ та нӕ кӕсынц,
Йӕ хъуыддӕгтыл Ын нӕ хъуыды кӕнынц.

13Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмы
ӕнӕнхъӕлӕджы акӕндзысты уацары;
уым сӕ уӕздӕттӕ сыдӕй мӕлдзысты,
иннӕ адӕм та — дойныйӕ.
14Уӕрӕх байгом ис мӕрдтыбӕстӕн йӕ ком —
ӕмхуызонӕй аныхъуырдзӕни
уӕздӕтты ӕмӕ сау адӕмы,
хъӕлӕба ӕмӕ цин чи кодта, ӕппӕт уыдоны.
15Уӕд дӕлдзиныггонд ӕрцӕудзысты адӕм
ӕмӕ алчидӕр сӕрныллӕг суыдзӕн,
хъалтӕ дӕр ӕруадздзысты сӕ сӕртӕ.

16Уӕларвӕфсады Бардарӕг
сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ раст тӕрхонӕй,
Уаз Хуыцау Йӕ рӕстадӕй
равдисдзӕни, уаз кӕй у, уый.
17Уӕд уӕрыччытӕ хибарӕй хиздзысты
сахары кӕлддзӕгты’хсӕн,
хӕтӕнхуаг фыййӕуттӕ та ӕрбаддзысты,
бонджынты бынтӕй ма цы баззайа, ууыл.

18Додой сӕ къона,
фӕлывды бӕндӕнтӕй
йӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ
уӕрдонау йӕ фӕдыл чи ласы, уыдонӕн.
19Уыдон зӕгъынц:
«Хуыцау тагъддӕр рахӕссӕд Йӕ тӕрхон,
цӕмӕй Йын ӕй фенӕм,
сӕххӕст кӕнӕд Йӕ фӕнд,
ӕмӕ Йын ӕй базонӕм!»

20Додой сӕ къона,
фыдракӕнд хорз чи хоны,
хорздзинад та — фыдракӕнд,
тар рухсыл чи нымайы,
рухс та — тарыл,
маст — хӕрзадыл,
хӕрзад та — мастыл!

21Додой сӕ къона,
йӕхи цӕсты куырыхон чи у
ӕмӕ йӕхи зондджын чи хоны!

22Додой сӕ къона,
йе’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у,
йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.

23Уыдон гӕртамы фӕрцы
азымджыны сраст кӕнынц,
раст лӕджы та фӕзылын кӕнынц.

24Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы,
хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц,
афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн,
сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн,
уымӕн ӕмӕ уыдон се’ргом аздӕхтой
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй,
ницӕмӕ ӕрдардтой
Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.

Ӕндӕрбӕстӕгты ӕрбабырст — Дунедарӕджы цӕф

25Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст
рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ,
Йӕ къух сӕм сисдзӕн
ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн,
ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты,
адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау
уынгты лӕзӕрдзысты.
Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст
не’рсабыр уыдзӕн,
ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.

26Дард чи цӕры, уыцы адӕмтӕм сидгӕйӕ,
сисдзӕни тохы тырыса,
зӕххы кӕрӕтты цӕрджытӕм
фехситт кӕндзӕни
ӕмӕ уыдон фӕстиат нӕ фӕкӕндзысты.
27Уыдон нӕдӕр фӕлмӕцгӕ бакӕндзысты,
нӕдӕр сӕ удтӕ рафтдзысты,
нӕдӕр сӕ хуыссӕг ӕрцахсдзӕн.
Уыдзысты ронбаст,
сӕ дзабыры бостӕ дӕр нӕ райхӕлдзысты.
28Сӕ фаттӕ уыдзысты цыргъ,
се’рдынбостӕ — ӕлвӕст.
Сӕ бӕхты сӕфтджытӕ —
ӕхсондуртау фидар,
сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ
размӕ тӕхдзысты зилгӕ уадау.
29Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау,
ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай,
ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй
никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.
30Уыцы бон сӕ рыхын уыдзӕни
денджызы рыхынау.
Зӕххыл йӕ цӕст чи ахӕсса,
уый фендзӕни саудалынг ӕмӕ фыдох,
сау мигътӕй рухсы цъыртт нал зындзӕн.
Copyright information for OssIBT2022