Isaiah 50
Адӕмы азым
1Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг:«Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон,
уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг?
Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон,
уӕд-ма Мын бацамонут,
кӕмӕй цы хӕсджын дӕн,
цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон!
Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ,
уӕ фыдракӕндты тыххӕй
уӕйгонд ӕрцыдыстут.
2Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн,
уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд?
Куы уӕм-иу бадзырдтон,
уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис?
Сымах ӕнхъӕл стут,
ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис,
Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ
сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн.
Фӕлӕ Ӕз Ме’ртхъирӕнӕй
басур кӕнын денджыз,
цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр,
ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй,
дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.
3Ӕз арв баталынг кӕнын,
сӕудары сӕхъисӕй йӕ бамбӕрзын».
Дунедарӕджы цагъары хъизӕмӕрттӕ
4Дунедарӕг Хуыцау мын радтакуырыхонты ӕвзаг,
цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй
барӕвдауон фӕллад лӕджы.
Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны,
цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон
Йӕ ахуыргӕнинагау.
5Мӕ хъустӕ мын байгом кодта,
ӕмӕ Йӕм байхъуыстон,
мӕхи нӕ фӕтылиф кодтон.
6Ме рагъ бадардтон,
нӕмгӕ мӕ чи кодта, уыдонмӕ,
мӕ роцъо та —
мӕ зачъе мын чи тыдта, уыдонмӕ.
Мӕхи нӕ аздӕхтон,
хынджылӕг мӕ чи кодта, уыдонӕй,
Мӕ цӕсгом нӕ бамбӕрзтон,
тутӕ мыл куы кодтой, уӕд.
7Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау — ме’ххуысгӕнӕг.
Ӕмӕ нӕ фӕкъӕмдзӕстыг дӕн,
мӕ цӕсгом ныхъхъӕбӕр кодтон ӕхсонау
ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн.
8Ӕрӕввахс ис мӕ Фарсхӕцӕг,
мӕ раст зӕрдӕйы Ӕвдисӕн.
Чи бахӕсдзӕн йӕ ныфс
мӕныл дау кӕнынмӕ?
Чи ӕрлӕудзӕни мемӕ тӕрхоны раз?
Рацӕуӕд-ма!
9Дунедарӕг Хуыцау — ме’ххуысгӕнӕг.
Чи мӕ рафаудзӕн?
Се’ппӕт дӕр алӕбырдзысты уӕлӕдарӕсау,
рӕмпӕг сӕ бахӕрдзӕн.
10Сымахӕй чи тӕрсы Дунедарӕгӕй, чи уӕ кӕсы Йӕ цагъары коммӕ?
Йӕ фӕндаг мӕйдары кӕмӕн у
ӕмӕ рухсы цъыртт чи нӕ уыны,
уый йӕ зӕрдӕ дарӕд Дунедарӕгыл,
ныфсхаст уӕд йӕ Хуыцауӕй!
11Уе’ппӕтӕн дӕр, артӕндзарджытӕ,
судзгӕ фаттӕй ифтонг чи у,
уыдонӕн Дунедарӕг зӕгъы:
«Бахизут уӕ арты цӕхӕрмӕ ӕмӕ,
цы фӕттӕ ссыгътат, уыдоны пиллонмӕ!
Гъе уый уын уӕ хъысмӕт — Мӕхи нывгонд.
Уӕ адзал уыдзӕни ӕвирхъау».
Copyright information for
OssIBT2022