Isaiah 51
Хуыцау фервӕзын кӕндзӕни Йӕ адӕмы
1«Ӕрбайхъусут-ма Мӕм,раст хъуыддӕгтӕ аразыныл йӕхи чи хъары
ӕмӕ Мӕнмӕ чи кувы, уыдон!
Скӕсут-ма,
цы къӕдзӕхӕй уӕ ӕркарстӕуыд, уымӕ!
Ныккӕсут-ма,
цы донуатӕй уӕ скъахтӕуыд, уымӕ дӕр!
2Бакӕсут-ма уӕ фыдӕл Аврааммӕ
ӕмӕ уӕ мадӕл Саррӕмӕ!
Аврааммӕ куы басидтӕн,
уӕд ӕнӕбындар уыд,
фӕлӕ Йын Ӕз раарфӕ кодтон,
ӕмӕ йӕ байзӕддаг ныббирӕ сты.
3Ныр Дунедарӕг барӕвдаудзӕни Сионы, ногӕй йын рацараздзӕни йӕ хӕлддзӕгтӕ,
ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕни дзӕнӕт,
сыгъд быдыр та — Дунедарӕджы дыргъдон.
Цинӕй дзы райдзысты адӕм,
кад кӕндзысты Хуыцауӕн
ӕмӕ Йын зардзысты.
4Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ адӕм,
Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ дзыллӕ!
Ӕз уын ӕрӕвӕрдзынӕн Ӕгъдау,
Мӕ амындтытӕ
рухсдӕттӕг суыдзысты адӕмтӕн.
5Мӕ рӕстдзинад ӕрӕввахс ис.
Ме’ххуыс уӕм фӕхӕццӕ кӕны.
Мӕ хъомыс адӕмтӕн
уыдзӕни фидауынгӕнӕг.
Денджызгӕрон сахартӕ Мыл
сӕхи бафӕдзӕхсдзысты,
Мӕ хъомысӕй уыдзысты ныфсджын.
6Афӕлгӕсут-ма уӕлӕрвтыл!
Ӕркӕсут-ма зӕхмӕ дӕр!
Уӕлӕрвтӕ ӕрбайсӕфдзысты фӕздӕгау,
зӕхх дӕр алӕбырдзӕн дарӕсау,
йӕ цӕрджытӕн сыскъуыйдзӕни сӕ мыггаг.
Ӕцӕг, Ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын,
уымӕн йӕ фарн нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ дӕр,
Мӕ рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй.
7Ӕрбайхъусут Мӕм,
Мӕ рӕстдзинад Мын чи зоны,
Ме’гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст кӕмӕн у, уыдон!
Искӕй фидистӕй ма тӕрсут,
искӕй ӕлгъыстытӕ уыл тас ма’фтауӕнт!
8Уӕ фыдгултӕ бабын уыдзысты,
рӕмпӕг дарӕс куыд бахӕры,
къуыдыргалм та — къуымбил, уый хуызӕн».
Арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг Хуыцау — Израилы ирвӕзынгӕнӕг
9Раст-ма, раст, Дунедарӕг!Равдис Дӕ хъомыс!
Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ!
Ды акъӕртт кодтай Рагавы.
Скъуыхтӕ кодтай залымы.
10Басур кодтай денджыз,
йӕ бынты йын, йе’рфыты, айгӕрстай фӕндаг,
кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмӕн.
11Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кӕна,
уыдон цингӕнгӕ ӕрбаздӕхдзысты Сионмӕ,
ӕнусон цин ӕнхъӕвздзӕни сӕ сӕрмӕ.
Цинӕй райдзысты,
мӕт ӕмӕ хъынцъымӕн та
сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.
12«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс,
уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй,
уый мӕлӕты фос куы у,
тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?
13Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы,
уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта
ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый?
Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз,
цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты?
Уадз ӕмӕ абухой!
14Рӕхджы ссӕрибар уыдзысты ахӕстытӕ,
ныггӕнды сыдӕй нӕ амӕлдзысты.
15Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн,
уӕ Хуыцау, денджыз Чи сызмӕнты,
Чи йӕ сабухын кӕны, Уый.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг — Мӕ ном.
16Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ
ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх.
Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын,
сымах Мӕ адӕм стут!
Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ
куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ.
Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн».
Уӕлӕмӕ сыст, Йерусалимы чызг!
17Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг,слӕуу дӕ къӕхтыл!
Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн.
Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ,
фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.
18Цы цот дын рацыд,
уыдонӕй ничи ӕрлӕууыд дӕ фарсмӕ,
ничи сӕ ныххӕцыд ӕнцойӕфсон дӕ къухыл.
19Ӕрцыди дыл дывӕр бӕллӕх,
ӕмӕ дын чи батӕригъӕд кӕндзӕн,
чи дын фӕфидар кӕндзӕни дӕ зӕрдӕ? —
Бӕстӕ ныггӕныстон ис,
адӕмӕй та чи сыдӕй амарди,
чи кардылӕфтыд баци.
20Дӕ цот рафтыдысты,
тигътыл ныффӕлдӕхтысты
ӕмӕ удхар кӕнынц,
сӕгуыт ахсӕн хызы куыд фӕудхар кӕны, афтӕ.
Ахӕм ӕвирхъау уавӕры сыл
сӕмбӕлди Дунедарӕджы азар,
Хуыцауы фыдӕх.
21Гъемӕ уӕдӕ ӕрбайхъусут,
сӕны хъӕстӕ чи нӕ фӕци,
афтӕмӕй расыгау цух-мухтӕ чи кӕны, уыдон!
22Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау,
Йӕ адӕмы Мастисӕг:
«Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар
ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн.
Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.
23Ратдзынӕн ӕй уе’фхӕрджыты къухмӕ,
афтӕ уын чи дзырдта,
ныддӕлгом ут зӕххыл
ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм.
О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы,
ӕмӕ-иу уыдон,
надвӕдыл цӕуӕгау,
алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».
Copyright information for
OssIBT2022