Isaiah 52
1Раст-ма, раст, Сион,ӕмӕ равдис дӕ кӕддӕры хъомыс!
Ӕрбакӕн дӕ уӕлӕ дӕ кады фӕлыстытӕ,
уаз сахар Йерусалим!
Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуарӕй мидӕмӕ
нал бахиздзӕн иунӕг ӕнӕсунӕтгонд
ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, уый дӕр.
2Дӕ рыгтӕ’рцӕгъд
ӕмӕ дӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕц, Йерусалим!
Дӕ рӕхыстӕ де уӕнгтӕй раппар,
Сионы уацайраг чызг!
3Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:
«Уӕйгӕнӕггаг уӕ сӕрмӕ ницы райстон
ӕмӕ ӕлхӕнӕггаг дӕр
уӕ сӕрыл ницы ратдзынӕн,
афтӕмӕй уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн».
4Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы:
«Кӕддӕр Мӕ адӕм ацыдысты Мысырмӕ,
цардысты дзы ӕрцӕуӕггӕгты цардӕй.
Фӕстӕдӕр сын ассириӕгтӕ дӕр
сӕ уд сӕ хъуырмӕ скодтой, ӕфхӕрдтой сӕ.
5Ӕмӕ Мын цы кӕнгӕ у ныр?
Мӕ адӕмы Мын акодтой лӕвар,
сӕ хицӕуттӕ дзыназынц, — зӕгъы Дунедарӕг, —
ӕмӕ Мын ӕппынӕдзух, ӕрвылбон
фауынц Мӕ ном.
6Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм бон,
ӕмӕ Мӕ адӕм бамбардзысты,
Ӕз Чи дӕн, уый.
Базондзысты, кӕддӕр Йӕ ном „Ӕз дӕн“
Чи схуыдта, Уый Ӕз кӕй дӕн!»
Цины хабар: хаст адӕмы ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ
7Куыд рӕсугъд, куыд аив стыйӕ къахдзӕфтӕ,
хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац, цины уац
ӕмӕ сӕрибары уац чи хӕссы, уымӕн!
Сионӕн зӕгъы: «Дӕ Хуыцау дӕ Паддзах у!»
8Дӕ хъахъхъӕнджытӕ сӕ хъӕлӕсы дзаг
цинхъӕр кӕнынц,
уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй уынынц,
Дунедарӕг Сионмӕ куыд ӕрбаздӕхы, уый.
9Уӕлахизы хъӕр, цины хъӕр кӕнут иумӕ,
Йерусалимы хӕлддзӕгтӕ!
Дунедарӕг батӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн,
ссӕрибар кодта Йерусалим.
10Дунедарӕг Йӕ уаз хъомыс равдыста
адӕмтӕн се’ппӕтӕн.
Дунейӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ
иууылдӕр уыдзысты ӕвдисӕн,
нӕ Хуыцау нӕ куыд фервӕзын кодта, уымӕн.
11Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй!
Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу,
ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй!
Ӕцӕгӕлон адӕмы’хсӕнӕй рацӕут
ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн
йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!
12Сындӕг-иу рацӕут,
тындзгӕ цыдӕй нӕ, фӕлӕ.
Ма-иу разгъорут, уымӕн ӕмӕ уыл разӕй дӕр
ӕмӕ фӕсте дӕр
ауддзӕни
Дунедарӕг,
Израилы Хуыцау.
Дунедарӕджы цагъары хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ кад
13Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъарсуыдзӕни куырыхон хъуыддӕгтӕ аразӕг.
Скадджын уыдзӕн, схиздзӕн уӕлӕмӕ,
сбӕрзонд уыдзӕн.
14Бирӕтӕ Йӕм кастысты дисгӕнгӕйӕ:
адӕймаджы хуызӕн дӕр нал уыди,
Йӕ буар Ын афтӕ ныггуылмызтӕ кодтой.
15Фӕлӕ Уый стыр дисы бафтаудзӕни
бирӕ адӕмты.
Паддзӕхтӕ багомыг уыдзысты Йӕ разы,
уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты,
цӕй тыххӕй сын никуыма загъдӕуыд, уый,
бамбардзысты,
цы никуыма фехъуыстой, уый».
Copyright information for
OssIBT2022